Алы  æрыгон лæппу æмæ чызг дæр æвзонгады дуджы уарзты æхцон æнкъарæнты цæхæры бахаугæйæ, фæбæллынц уарзон адæймагимæ сæ цард баиу кæнынмæ. Кæд æмæ сæ бæллицтæ сæххæст вæййынц, уæд уыдоны бындурыл равзæры ног бинонтæ, фæзынынц ноггуырдтæ. Уый амондджын цардыл дзурæг у.  О, фæлæ ма уыимæ баст вæййынц иуæй-иу проблемæтæ дæр. Фыды бындартæ, бæласы уидæгтау, фæйнæрдæм куы апырх вæййынц æмæ сæ алчи дæр йæхи къуымы йæ цард амондджынæй куы фæкæны, уæд ныййарæджы зæрдæ  вæййы æдыхст, йæ кæстæрты хорздзинадæй райгæйæ. Цы ма уа уымæй амондджындæр, ныййарæджы зæрдæ йæ хъæбулты хурæй æфсæст куы уа!

Амондджын бинонтыл нымадтой сæхи дзæнæттаг Зæгъойты Геннади æмæ Остъаты Мæдинæ дæр. Геннади райгуырд æмæ схъомыл Дампъалеты хъæуы, Мæдинæ та – Дзауы районы Хъемултайы хъæуы, фæлæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ сæ цардвæндæгтæ баиу сты Цхинвалы. Æрыгон цардбæллон чызг æмæ лæппу банкъардтой, хъысмæт сæ кæрæдзийæн кæй сфæлдыста æмæ баиу кодтой сæ цард. Уыдысты кæрæдзийыл æнувыд æмкъæйттæ, рацыд сын зæнæг – æртæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы. Бирæсывæллонджын бинонтæ уæвгæйæ цы сыхбæсты цардысты, уым сын сæ хъæрныхас никуы ничи фехъуыста, кæстæрæй – хистæрмæ уыдысты æгъдауджын æмæ хæларзæрдæ.

Авдæн кæм вæййы, уым вæййы табæт дæр, фæзæгъынц, фæлæ, хъыгагæн, хатт адæймаджы цард æнæрæстæджы аскъуыйы. Цалдæр азы размæ Зæгъойты æнгом бинонтæм бауасыд сау халон… иу райсом Геннади йæ дард балцы, Уæрæсемæ ацæугæйæ, бахауд аварийы æмæ  сæрæгасæй нал сæмбæлд йæ бинонтыл. Мæдинæ баззад йе ‘хсæз хъæбулимæ  иунæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд æрыгон сылгоймагæн ахæм уæззау уаргъ хæссын, фæлæ разынд фидар удыхъæды хицау, йæ сабиты раз сæххæст кодта мады æмæ фыды хæстæ дæр, се ‘ппæты дæр слæууын кодта сæ къахыл, радта сын ахуырдзинад. Хистæртæ Сергей æмæ Зæринæ ныр дæсгай азтæй фылдæр цæсгомджынæй кусынц нæ республикæйы дæндæгты поликлиникæйы. Радик æмæ Адинæ дæр фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, Данил ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы, æмæ кæстæр Динæ та у нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг.

Фыды фарн нæ мæлы, – загъдæуы, Гена æмæ Мæдинæйы хъæбултæ дæр разындысты сæхиау хъæбулуарзаг. Мæдинæ ныридæгæн у дæс хъæбулы хъæбулы амондджын нана. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ кæд хъысмæт фæхъыг кодта йе ‘мкъайы ‘рдыгæй, уæддæр ын балæвар кодта амондджын кæстæртæ æмæ уыдо-нæй йæхи хоны амондджын.

Зæгъойты бинонты тыххæй дзургæйæ, нæй æнæ ракæнгæ сæ царды уавæрты кой. Ацы бинонтæн сæ нымæц у бирæ, сты бирæсывæллонджын, фæлæ ныры онг дæр сты æрмæстдæр БАМ-ы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй сæ иуы æртæхатæнон фа-теры хицау. Ам Мæдинæ æмæ Гена бахъомыл кодтой се ‘хсæз хъæбулы, ныр та дзы къуындæг уавæрты, фæлæ æнгомæй, рæзынц сæ хъæбулы хъæбултæ дæр. Хистæр фырт Сергейæн ныртæккæ ис цыппар хъæбулы, йæхæдæг у бирæсывæл-лонджын бинонты хицау. Йе ‘мкъай Аннæ нын цыбыртæй радзырдта сæ царды уавæрты тыххæй: «Æвæццæгæн, алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, уыйбæрц бинонтæ иу хатæны цæргæйæ, цы зындзинæдтæ фев-зарынц. Ам цардыстæм æртæ бинонтæй.  Авд азы размæ æз æмæ ме ‘мкъай рацыдыстæм æххуырст фатермæ, хуыздæр уавæртæ нын кæй нæ уыд, уый тыххæй. Уый ныл бандæвта финансон фарсæрдыгæй. 2011 азы бахастам нæ куырдиат нæ республикæйы æмбæлон инстанцитæм, цæмæй нын радтой цæрæн фæзуат, фæлæ нырма номхыгъды стæм 130 номыр. Æрæджы та радон хатт куы бабæрæг кодтон, уæд мын загътой, зæгъгæ, æн-хъæлмæ кæсут къамисмæ. Уый дæр уыд ныфсы ныхас, уымæн æмæ уал азы дæргъы, мах кæд рады лæууæм, уæддæр нæм иунæг хатт дæр къамис нæ уыд».

Мæдинæ нын йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй ма йе ‘мкъай сæрæгас куы уыд, уæд бахаста йæ куырдиат йæ цæрæн фæзуат фæуæрæхдæр кæныны тыххæй. «Мæнæн зын бамбарæн у, бæрнон бынаты кусæг йæ куыстмæ куы фæдары куыдфæндыйы ахаст. Æртæ хатты райстам дзуапп, зæгъгæ, фесæфтысты нæ гæххæттытæ. Афтæмæй цыд рæстæг æмæ ме ‘мкъай мæрдтыбæстæм дæр йæ сабиты уавæрты тыххæй ацыд зæрдæдзургæйæ. Архайдтам нæхи тыхтæй исты самал кæныныл, фæлæ уыд хæстон дуг, куысты фадæттæ фаг нæ уыд æмæ бирæ бинонты та хъуыд дарын. Ныр та мæ бинонтæ бæрæг фæфылдæр сты, фæлæ, хъыгагæн, нырма нæ уавæр ницæмæй фæхуыздæр. Кæд Сергей æмæ Радик сæ бинонтимæ ацыдысты æххуырст фатертæм, уæддæр нырма мемæ сты Данил æмæ Динæ. Æртæхатæнон фатеры та нæй æндæр уавæртæ».

Знаджы артдзæст ма бадыууæ уæд, загъдæуы, – Гена æмæ Мæдинæйы бындартæ кæд фæйнæрдæм апырх сты, уæддæр сæ хъæбултæ нырма не ссардтой сæхи артдзæстытæ. Сты канд бирæсывæллонджын бинонтæ нæ, фæлæ æхсæнады аккаг æмæ уарзон хъæбултæ. Сæ бон куыд у, афтæ сæ алчи дæр лæггад кæны йе ‘мбæстæгтæн, сты ирон кад æмæ фарнæн аргъгæнæг, Ирыстоны аккаг хъæбултæ.

«Мах райгонд стæм, нæ республикæйы къухдариуæгад не ‘мбæстаг бирæсывæллонджын бинонтæм йе ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кæны, уымæй. Уый тыххæй мæ се ‘ппæтæн дæр фæнды бузныг зæгъын. Уырны мæ, нæ республикæйы къухдариуæгад æввахс рæстæджы нæ проблемæмæ дæр йæ хъус лæмбынæгдæр кæй æрдардзæн, æмæ кæд бирæ нæ, уæддæр уал мæ фырттæй сæ иуы къухты уæддæр бафтдзæн йæхи къуым», – зæгъы Остъаты Мæдинæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.