Нæ горæты Кимы уынгыл æмызмæлд кæнынц кусджытæ. Ам уал фыццаграды куыстытæ цæсгомджынæй бакодтой «Водоканал»-ы кусджытæ. Коммуникацион хæххытæ кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ сæ ногтæй баивтой. Хæдзæрттæм уагъд æрцыдысты канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ дæр æмæ цæрджытæ баззадысты тынг райгондæй. Цалынмæ сæ нæ баивтой, уæдмæ æвзæрстой зындзинæдтæ, хæтæлтæ сæ домæнтæн дзуапп кæй нал лæвæрдтой, уый аххосæй. Куы-иу кæм аскъуыдысты, куы – кæм æмæ-иу фæндæгтыл лæдæрстис дон. Ныр сулæфыдысты. Æппæт куыстытæ дæр баконд æрцыдысты бæстонæй.

Ныр та дарддæр фæндаджы хæрзарæзтадон куыстытæм æрæвнæлдтой «Дорэкспострой»-йы кусджытæ. Фæндагæн уал систой йæ уæлцъар, стæй дзы ныккалдтой хуыр, ныннадтой йæ æмæ йæ цæттæ кæнынц асфальт скæнынмæ. Кусджытæ æрывнæлдтой тротуарты арæзтадмæ саразын. Уымæ гæсгæ ныртæккæ фæндаджы дыууæ фарсы дæр æвæрд цæуынц бордюртæ, калынц дзы хуыр æмæ сæ цæттæ кæнынц тротуарон  плиткæтæ сыл сæвæрынмæ. Фæндаджы  тротуарты фарсмæ алы ран нæ, фæлæ кæм рæхсы, уым арæзт цæуынц газонтæ дæр.

Арæзтады прораб Санахъоты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй сын ноджы фылдæр бантыстаид саразын, фæлæ фæндаг у тынг проблемон. Уымæн æмæ хæдзæрттæ æндæр уынгты куыд арæзт сты иу рæнхъыл, афтæ не сты ам. «Горæтæн йæ ацы квартал рагон кæй у, уымæ гæсгæ цæрджытæ сæ хæдзæрттæ арæзтой, кæмæн куыд рæхстис, кæннод та кæй куыд фæндыд, афтæ. Уымæ гæсгæ ныр кусджытæ лыг кæнынц бордюртæ æмæ сын куыд рæхсынц, афтæ сæ æвæрынц, кæм къæлæтау кæм та растæй. Уый та домы рæстæг. Фæндаг Тугъанты Махарбеджы уынгæй бынмæ æрцæугæйæ кæд æрбауынгæг, уæддæр ын æндæр гæнæн нæй, уымæн æмæ йæ дыууæ фарс æнæмæнгхъæуæг у тротуарты сырæзт æмæ ма уыимæ, галиуæрдыгæй фарс уыдзæн канализацион къанау дæр. Уый у цæрджытæн сæхи домæн дæр, уымæн æмæ къæвдабонты дæттæ комкоммæ фæцæуынц Кимы уынгыл, афтæмæй къæвдадон бакæлы ныккæндтæм, схуылыдз вæййынц хæдзæртты систæ дæр æмæ згъæлынц сæ сæрс-тытæ», – банысан кодта Санахъоты лæппу.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ Санахъоты Сергей кæй у йæ куысты дæсны. Йæ хъус лæмбынæг дары куыстытæм æмæ кæд йæ зæрдæ фехсайы исты згъуыд æруадзынæй, уæд æй ногæй бæстон саразын кæны. Ам цырд кусынц, цы 6 кусæджы дзы ис, канд уыдон нæ, фæлæ æмызмæлд кæнынц 2 уæзласæн машинæйы æмæ дзы цы трактор ис, уый дæр. Уыдонæй иутæ æрбаласынц хуыр, иннæтæ та цæрдæг февналынц, алæгъз æй кæнынц æмæ йæ ныннæмынц, афтæмæй кæнынц асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Сергей куыд зæгъы, афтæмæй фæндаг арæзт хъуамæ æрцæуа августы мæйы кæронмæ, кæд сæ боныгъæдтæ амоной, уæд.

Афтæ, уæдæ, рæхджы сырæздзæн Кимы уынг æмæ та нæ горæты хæрзарæзт уынгтæм ноджыдæр бафтдзæнис иу.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.