Президент Тыбылты Леонид Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы  Арæнгæрон управленийы хистæр Валери Меркурьевы.

Ныхасы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг стыр аргъ скодта, Валери Меркурьев Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн цы  архайы, уымæн æмæ банысан кодта, йæ лæмбынæг хъусдарды фæрцы хъахъхъæд кæй сты æмæ сабырæй кæй цæрынц адæм.

«Бузныг дæ куысты тыххæй, бузныг зæгъын Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы æппæт скондæн æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы дарддæр дæр æнцон службæ.  Уæ куысты дæр æмæ уын уæ царды дæр уæнт æнтыстытæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма банысан кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты æдзухон æмæ гъæдджын æмархайд сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ – Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты службæгæнджытимæ, уый ма бафиппайдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинад æрлæууыд Стыр Уæрæсейы руаджы æмæ ам сабырдзинад æмæ æнцойдзинад бахъахъхъæныны тыххæй Æдасдзинады Федералон  советы управлени бирæ сарæзта.

«Уый тыххæй стыр бузныг Стыр Уæрæсейæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт хъысмæтскъуыддзаггæнæн фарстатæ скъуыддзаг кæныны хайад чи исы, æппæт уыдонæн», – загъта Президент.

Йæ рады Валери Меркурьев бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмæн се ‘ууæнчы тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управле-нийы æппæт тыхтæ дæр здæхт сты æрмæстдæр республикæйы сабырдзинад æмæ æнцойад сифтонг кæнынмæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн схæрзарæзт кæныны тыххæй серьезон куыст бакондæуыд. Бар мын радтут, æппæт сæрмагонд сконды номæй фехъусын кæнын, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ хæс кæрон-мæ кæй æххæст кæнынц, уый. Мæнæн стыр цыт у Ирыстоны уаз зæххыл службæ кæнын», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.