17-æм марты киноконцертон зал «Чермен»-ы цытджын æгъдауæй байгом ис Кубæйаг нывгæнæг Омар Годинес Ласойы сæрмагонд равдыст, кæцы уагъд æрцыд аивæдты дунеон фестиваль «Взоимопроникновение»-йы фæлгæтты.

Равдыстмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, афтæ ма интеллигенцийы æндæр минæвæрттæ æмæ нæ горæты цæрджытæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан. Уый æрæмбыруæвджыты базонгæ кодта Омар Годинесы аивадон царды фæндагмæ: Загъта ма, зæгъгæ, нæм Кубæйæ æрцыдис стыр курдиаты хицау чи у ахæм нывгæнæг. Уымæн йæ конд нывтæм кæсгæйæ сæ мидыс сæхæдæг æнцонæй раргом кæнынц, уымæ гæсгæ сын сæ хъуыды халын æмæ æмбарын кæнын нæ фæхъæуы. Йæ нывтæ сты ассоциативон æмæ эмоционалон, ацы автор кусы авангардон-символикон стилы, – загъта Цхуырбаты Тамерлан.

Нывгæнджыты сæрдары ныхæстæм гæсгæ Омар Годинесы конд нывтæ æвдыст æрцыдысты бирæ бæстæты. Йæ куыстытæ ма сты Италийы бирæ музейты дæр æмæ сæрмагонд коллекциты дæр. Уый та ууыл дзурæг у нымад нывгæнæг кæй у æмæ йын йæ куыстытæн кæнынц стыр аргъ, – загъта ма йæ раныхасы Цхуырбаты Тамерлан.

Нывгæнæгæн ма бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид, уазæгуаты нæм кæй æрцыд, уый тыххæй.

– Куыд æй зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Кубæ сæ географион равæрдмæ гæсгæ кæрæдзиимæ дард сты, фæлæ мах абон цы къахдзæф аразæм, уый дзурæг у ууыл, цæмæй нын дардмæ дæр хæларадон ахастытæ уа. Абон Хуссар Ирыстоны ацы равдыст кæй байгом ис, уый нысан кæны, мах кубæйаг уазджытыл кæддæриддæр райзæрдæйæ кæй æмбæлæм, аргъ кæнæм нæ хæларадон ахастытæн æмæ кæддæриддæр цæттæ стæм сымахимæ æмгуыст кæнынмæ.

Мæнмæ афтæ кæсы, ахæм къахдзæфты руаджы нын нæ ахастытæ нæ нывгæнджыты цæдистæ ноджы кæй фенгомдæр кæндзысты. Куыд æй зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны историйы бирæ цæвиттонтæ ис Кубæмæ-иу кæрæдзийы фарсмæ куы æрбалæууыдыстæм, ахæмтæ. Зæгъæм Карибаг кризисы рæстæджы не ‘мзæххон Плиты Иссæ Кубæйы командæ кодта сæрибардзинады сæрыл тохгæнджыты советон æфсады иу къордæн.. Зæгъдзынæн ма уый æмæ бирæ бæстæйы къухдариуæггæнджытæ цæвиттон истой Фидель Кастройæ.

Кубæйаг нывгæнæгæн ма бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат. Уый сæйраджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы Федерацийæн. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ма загъта, зæгъгæ, йæ кары адæмæн Кубæ сæ царды мысинæгты бирæ нысан кæны. Æз мæхæдæг дæр уыдтæн Кубæйы æмæ мын мæ зæрдæйы уыцы балц ныууагъта иууыл хуыздæр тæлмæнтæ», – дзырдта Джиоты Мурат.

Нæ горæты нывгæнæн скъолайы директор Æлборты Æхсæртæг дæр бузныджы ныхæсты фæстæ бæстон æрдзырдта Омар Годинесы конд нывты тыххæй.

Кубæйаг нывгæнæг Омар Годинес Ласо йæхæдæг дæр бузныджы æмæ зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн, ахæм стыр аргъ ын кæй кæнынц, уый тыххæй. «Мæнæн тынг æхсызгон у, абон æз ам уæ фарсмæ Хуссар Ирыстоны кæй дæн, уый æмæ кæй зонгæ кæныны нæ чысыл сæрибаруарзаг сакъадах – Кубæйы культурæимæ», – загъта нывгæнæг. Уый ма бузныг загъта равдысты организатортæн, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауырæн. Кубæйаг нывгæнæг ма загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон у тынг рæсугъд бæстæ, Кубæмæ сын бирæ ис иумæйаг ахастытæ æмæ йæ бафæндыд, цæмæй ноджы дарддæр дæр кæной.

Омар Годинес Ласойы экспозицимæ хаст æрцыдысты хуызфыссынады куыстыты ахæм серитæ, кæцыты æвдыст цæуынц рагон Калумбы агъоммæйы æмæ афро-кубæйаг мифты аивадон анализ, фæлгондзты символикон æгъдауæй æмбарын кæнын. Адæймаджы хъуыдытыл æфтауынц цардуаджы æнусон сусæгдзинæдтæ, кæцытæ æвдыст æрцыдысты нырыккон пластикон æвзагæй.

Кубæйаг нывгæнæг Омар Годинес райгуырд Гаванайы. Каст фæци Гаванайы аивæдты ахуыргæнæндон, стæй та ахуыр кодта Мæскуыйы Суриковы номыл аивæдты институты.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.