Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæйыл 15 азы сæххæсты цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын мадзал. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын мадзал байгом республикæйы Паддзахадон гимны зæлтæй. Сценæйы экраныл æвдыст æрцыд Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы фæдыл видеофильм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг, инæлар-майор Гуыцмæзты Мурат цытджын мадзалы йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы лидерты æдасдзинад хъахъхъæныны професси уæвынад кæны адæймагады уæвынадæй фæстæмæ.

«Историйы цыд фехалын, курс фæивынæн арæзт цæуынц паддзахадон архайджыты – фыццаг цæсгæмтты амарыны бафæлвæрдтытæ. Нæ республикæйы рæзты райдианты бæрзонд бæрнон адæймæгты цард хъахъхъæнынмæ æмбæлон ахаст нæ уыд. Уымæй пайда кодтой Гуырдзыстоны диверсион къордтæ, арæзтой провокацион архайдтытæ. Уымæ гæсгæ, республикæйы сæрмагонд службæты кусджытæ фидар æрцыдысты паддзахады разамонджытæм. Фæлæ уæддæр нæ къаддæр кодтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй террористон акттæ. Уыдонæй цалдæр æргом æрцыдысты нæ спецслужбæты æххуысæй. Уый фæстиуæгæн бахъуыд хицæн структурæ саразыны æнæмæнгхъæуындзинад. 2001 азы 21 декабры арæзт æрцыд Паддзахадон хъахъхъæныны службæ, кæцыйы хæс уыд паддзахады разамонджыты –  Президент, Хицауады Сæрдар æмæ Парламенты Сæрдары хъахъхъæнын.

Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы сæрмагонд сконд æмбæлонæй кæй æххæст кæнынц сæ ра-зылæууæг хæстæ, бæрндзинад æмæ иузæр-диондзинад æвдисгæйæ.

2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы вазыгджындæр уыд сæ разылæууæг хæстæ æх-хæст кæнын. Хæстон уавæрты хъахъхъæныны объектты æдасдзинады фæдыл службæйон хæстæ æххæст кæнын хуымæтæг нæу. Ацы службæйы лæппутæ сарæхстысты, аккагæй сæххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ æмæ лæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй æвдыстой, уый тыххæй уыдонæй бирæтæ хор-зæхджын æрцыдысты Республикæйы бæрзонд паддзахадон хорзæхтæй.

Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы кусджытæ сты ахуыргонд, физикон æгъдауæй цæттæ æмæ моралонæй хиуылхæцгæ лæппутæ. Фæлæ уый фаг нæу, хъуамæ размæдзыд уой, сæйраг хæстæ æххæст кæныны нырыккон методтæй ифтонг хъуамæ уой, уæлдайдæр, ин-формацион æдасдзинады хъуыддаджы.

Уый фæдыл УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн Бадзырды фæлгæтты Уæрæсейы Федералон хъахъхъæныны службæимæ бакуыстам æмæ къухтæ æрфыстам, «Паддзахадон  æмвæзадыл хъахъхъæнын цы адæймæгты хъæуы, уыдон æдасдзинады æмархайды фæдыл» бадзырдыл. Уыцы бадзырды бындурыл Уæрæсейы Федералон хъахъхъæныны службæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынц хуссарирыстойнаг æхсæз студенты. Уыдон райсдзысты иттæг хорз профессионалон ахуырад. Уымæй дарддæр 2017 азы план кæнæм нæ кусджыты уæлæмхас профессионалон ахуырад райсынмæ Уæрæсемæ арвитын.

Ныртæккæ Паддзахадон хъахъхъæныны службæ у хъомысджын, æнгом коллектив. Мæнæн мæ бон у ныфсджынæй зæгъон уый, æмæ цæттæ стæм цыфæнды æвирхъау цаутæм дæр. Уавæрæй пайдагæнгæйæ ма бузныг зæгъын, æнгом архайд цы коллективтимæ кæнæм хъахъхъæныны объектты æдасдзинады фæдыл, уыдонæн. Уыдон сты республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæ. Бузныг стæм Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварадæй, сæрмагондæй Къарджиаты Эльбрусæй фæсарæйнаг бæстæты сæргълæуджыты æдасдзинад ифтонг кæныны æмархайды тыххæй.

Арфæ кæнын ноджыдæр, ацы юбилейон бон службæ чи кæны æмæ, чи кодта, æппæт уыдонæн», – дзырдта Гуыцмæзты Мурат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы сырæзты бон банымадта нысаниуæгджын боныл. Республикæйы къухдариуæгад, адæм æмæ сæрмагондæй йæхи номæй бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта коллективæн. Бузныджы ныхæстæ сын загъта сæ куысты тыххæй, кæцы здæхт у нæ бæстæйы рухс фидæн фидар кæнынмæ.

Банысан кодта, зæгъгæ, Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ цы æвзонг паддзахадтæ сырæзт, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстон дæр, уыдон æмбæлдысты бирæнымæц проблемæтыл. Уыдон бæстон кæнынæн арæзт цыд æмбæлон службæтæ – сæ иу Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæ.

«Йæ сырæзтæй рацыд 15 азы. Ныртæккæ республикæйы къухдариуæгад архайы, цæмæй æмбæлон хъусдард здæхт цæуа æнæмæнгхъæуæг уавæртæ аразынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бирæ аразын хъæуы. Ныртæккæ ацы службæйы кусджытæ цы уавæрты кусынц, уыдон æххæст дзуапп нæ дæттынц нырыккон домæнтæн. Уымæ гæсгæ бæстон цæудзысты уыцы фарстытæ, уымæн æмæ сын аргъæвæн нæй», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид банысан кодта, ныртæккæ дзырд кæй цæуы службæйы бæстыхай капиталон цалцæг кæныныл. Уыимæ иумæ ма бæстæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ сæвзæргæ фарстыты фæдыл ацы службæ оперативонæй кæй æндавы. Æмæ уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у, ацы службæйы хæрдзты фæдыл хицæн фарстыл бакусын.

Паддзахады сæргълæууæг ацы коллектив банымадта æнгом æмæ æмзондыл. Æмæ, зæгъгæ, афтæмæй иумæ размæдзыд æмæ уæлахиздзинæдтæм тырнын къухы æфтгæ дæр кæны.

Ныртæккæ стæм Ног азы къæсæрыл. Президент ма уый фæдыл дæр уæлдай арфæ ракодта службæйæн.

Уый фæстæ Президенты Барамындмæ гæс-гæ паддзахадон хорзæхтæ æмæ Кады нысæнт-тæй хорзæхджын æрцыдысты Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къорд кусæджы.

Цытджын мадзал адарддæр бæрæгбонон концертæй республикæйы эстрадон артисттæ æмæ æндæр коллективты хайадистæй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.