Нæ мысынад æмæ нæ рис – Ереды трагеди. Уый у нæ историйы иууыл æнæадæймагадон цаутæй сæ иу. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы бирæнымæц æмбæс-тагон æмæ æфсæддон фыдракæндты ‘хсæн Ереды трагедийæн ис сæрмагонд бынат. Уый æрцыд Ереды хъæумæ хæстæг 1991 азы 18 марты. Гуырдзиаг неофашисттæ æрурæдтой, 25 сабырцæрæг ирон бæлццæтты чи ласта, уыцы машинæ. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты ра-уагътой, фæлæ се ‘хсæн цы 12 нæлгоймаджы уыд, уыдон акодтой æбæрæг бынатмæ.

Дæргъвæтин рæстæг ахст ирон æмбæстæгты хъысмæт бæрæг нæ уыд. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ йæ тæвдыл кæд архайдтой исты сбæрæг кæнын, базонын, уæддæр фæдагурæн мадзæлттæн нæ уыд фæстиуæг. Æрмæстдæр 1993 азы сентябры мæйы куыддæртæй сбæрæгчындæуыд, сырдон æгъдауæй кæй фæлвæрдтой æмæ афтæмæй кæй амардтой, уыдон иумиаг ингæн.

Уыцы æнæадæймагадон цаутæн æвдисæн чи уыд, уый ныхæстæм гæсгæ бирæ рæстæг уыцы ингæны зæхх змæлыд, хъуыст дзы, фыдудæй кæй амардтой, уыдоны хъæрзын…

Æрвылаз дæр ацы бон махæн, иннæ уæззау трагедиты ‘хсæн свæййы уыцы æдзард удтæ мысæн бон, уымæн æмæ нæ нæ рис нæ къуырма кæны, кæд азтæ цæуынц, уæддæр.

Ацы æбуалгъ трагедийы  амæттæгты мысынæн Згъудеры уæлмæрды сæ иумæйаг цырты размæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламент æмæ Хицауады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ æмæ трагедийы амæттæгты би-нонтæ æмæ хиуæттæ.

Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул Тыбылты Леониды номæй цырты раз сæ-вæрдта венок. Æмырæй, сæркъулæй цырты размæ дидинджытæ хастой мадзалы иннæ хайадисджытæ.

Хæстон архайдтыты рæстæджы «Фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонд»-ы сæргълæууæг Плиты Мадинæ ацы трагедийы амæттæгты хъысмæт сбæрæг кæныныл бирæ куыста æмæ архайдта. Уæззау у уæды хабæрттæ мысын, фæлæ та нын нæ бавгъау кодта йæ мысинæгтæ:

– Ацы цауыл тынг зын у дзурын. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр ын ферохгæнæн нæй. Хæст мæнгард у, куыдфæндыйæ дæр  ныууадзы уæззау фæд.

Ацы колоннæ куы æрурæдтой, уæд се ‘хсæн цы сылгоймæгтæ уыд, уыдон фехъусын кодтой, кæй акодтой æбæрæг здæхты нæлгоймæгты. Сæ бинонтæ-иу æрæмбырд сты, æмæ иумæ агуырдтам ацы лæппуты. Куы сæ Душеты рахуыдтой, куы – кæм æмæ уымæ гæсгæ рарвит-барвит кодтам, ам ма цы гуырдзиаг цæрджытæ баззад, уыдоны. Фæлæ нæ къухты ницы æфтыд.

Трагедийы амæттæгты хиуæттæ  Дыгъуызты Никъала, Толик, æндæртæ дæр активон куыст кодтой уыдон хъысмæт сбæрæг кæныныл. Дыууæ азы фæстæ Ереды хъæуæй хæрзгæнæг фæци æмæ сын бацамыдта сæ ингæн.

Уыцы бынатмæ ссыдыстæм фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытимæ, фæлæ ницы уадиссаг бæрæг базыдтам. Дыккаг хатт ссыдыстæм, уæд дзы къахвæндагыл былгæрон æхсæры къæцæлтæй арæзт дзуарыл нæ цæст схæцыд. Сапертæ бабæрæг кодтой уыцы бынат, æмæ къахын куы райдыдтой, уæд дзы разынд фæдтæ. Иу амондæн, æмæ къуымбил сыджыты бын нæ æвзæр кæны. Сæ бинонтæ сæ базыдтой, кæй йæ ныййарæг мады быд цъындатæй, кæй – къуымбилæй быд æндæр уæлæдæрæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.