Республикон комплексон спортивон скъолайы уагъд æрцыд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад дзы райстой 2007-2008 азты гуырд спортсментæ. Дыууæ боны дæргъы майдантыл тох кодтой 140 æвзонг богалæй фылдæр. Уыдон уыдысты Цхинвал, Дзау æмæ Къуайсайæ. Ерыстæ бацæттæ кодта Цхинвалы администраци.

«Коронавирусимæ баст карантинон мадзæлтты аххосæй нæм ерыстæ рагæй уагъд нал æрцыд. Ныр уавæр бæрæг фæхуыздæр. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтам ацы турнир ауадзын. Куыд федтам, афтæмæй сывæллæттæ æрымысыдысты ерыстæ. Иууылдæр æвди-сынц уæлахизмæ стыр тырнындзинад», – загъта Цхинвалы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Битеты Гурам.

Ерыстæ байгом кæныны церемонийы президенты номæй æрæмбырдуæвджытæн  раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

«Президенты номæй уын арфæ кæнын ацы спортивон бæрæгбоны цытæн. Сывæллæттæ æвдисынц хорз цæттæдзинад. Уый тыххæй бузныг зæгъын тренертæн, афтæ ма турниры организатортæн дæр», – банысан кодта Джиоты Руфин.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ кады грамотæтæй.

 

НЫСАН ÆРЦЫД КЛУБЫ ДИРЕКТОРÆЙ

Мæскуыйы областы футболон клуб «Химки»-йы генералон директорæй нысан æрцыд Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг Гæбулты Владимир.

«Тынг æхсызгон мын у футболон клуб «Химки»-йы кусын райдайын. Ацы аз клубы раз лæууы серьезон хæс, цæмæй баззайа пре-мьеркъорды. Бузныг дæн раздæры къухдариуæгадæй сæ бакæнгæ куысты тыххæй. Базонгæ дæн клубы кусджытимæ, сæйраг тренерти-мæ, афтæ ма мын уыд цалдæр фембæлды, цыран æрныхас кодтам сезоны дыккаг хайы сæйраг хæсты тыххæй», – ныффыста социалон хызæгты йæ фарсы Гæбулты Владимир.

«Химки» 18 туры фæстæ æрæмбырд кодта 14 очкойы æмæ турни-рон таблицæйы ахсы фæстаг, 16-æм бынат.

 

ДЗЮДО

Дзюдоисткæ Таймæзты Мадинæйæн лæвæрд æрцыд спорты сгуыхт дæсныйы кадджын ном, афтæ ма кады нысан «Лучший в спор-те Санкт-Петербурга». Олимпиаг æмæ паралимпиаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæхджын кодта Санкт-Петербурджы губернатор Александр Беглов.

«Уæ бон у æмæ мын раарфæ кæнат. Абон мæнæн у асхджиаг бон», – ныффыста Инстаграммы йæ фарсы Таймæзты Мадинæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм Токиойы Олимпиаг хъæзтыты Мадинæ кæй бацахста æртыккаг бынат. Уый хъахъхъæны петербургаг «Клуб Дзюдо Турбостроитель»-ы спортивон кад.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.