Нæ республикæйы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл министрады дæлбар Агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы сырæзтыл знон сæххæст дæс азы. Уый цытæн министрады бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын æмбырд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хайадистæй. Хайад ма дзы райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь.

Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, Агурæн-ирвæзынгæнæн отряд Цæгат Кавказы æнгæс отрядтæй кæд фыццаг нæу, уæддæр у хуыздæртæй сæ иу.

«Дæс азы бирæ рæстæг нæу, фæлæ сæ куыст æмæ архайды фæстиуæгæн ацы отрядæн æрцыд æмбæлон аргъ. Уымæн æмæ йæ службæгæнджытæ сты цæттæ цыфæнды æнамонд цауты рæстæджы – фæнды зынгсирвæзт, фæнды зæйтæ аиуварс кæнынмæ, хæххон æмæ донивылдтыты уавæрты ирвæзын кæнынмæ.

Бæрæгбонон æмæ ногазон арфæтæ ракæныны фæстæ министр ныфс бавæрдта профес-сионалон æнтыстытæй, дисциплинæ æмæ куыстыл æнувыд кæй уыдзысты, уымæй. Сымах, зæгъгæ, уыдзыстут хуыздæртæй хуыздæр, æххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ нæ базивæг кæндзыстут цыфæнды зын уавæрты дæр, суанг нæ республикæйæн æддейæ дæр.

Министрады ацы дæлхай сырæзт уæды министр, ныр бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы архайды руаджы.

Уый бæрæгбоны бон æмткæй министрады службæгæнджытæн фехъусын кодта æхсызгон хабар, 2022 азы январы мæйæ кæй фылдæр кæнынц сæ куыстмыздмæ. Уымæн æмæ сæ куыст æмæ архайдмæ гæсгæ къаннæг сты сæ мыздтæ. Къорд сразыдзинæдты фæстиуæгæн æрмæст Уæлвæткон уавæрты нæ, фæлæ республикæйы æндæр æфсæддон фадыджы службæгæнджытæн фылдæр кæндзысты сæ куыстмыздтæ. Уыцы здæхты цæуы стыр куыст, æмбаргæ ахаст ис Уæрæсейы коллегæты ‘рдыгæй дæр æмæ æввахс рæстæджы, бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сæ кухты бафтдзæн хорз фæстиуджытæ.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, кæд фæфылдæргонд куыстмыздтæ азы фыццаг мæйы нæ райсой, уæддæр æй райсдзысты уæлхыгъдæй январы мæйæ.

Уый райгондæй банысан кодта, Уæлвæткон министрады ирвæзынгæнджыты дæлхай профессионалон æгъдауæй цæттæ специалисттæ кæй сты. Уымæн фæахъаз, Уæрæсейы ахуырадон центрты иттæг хорз цæттæдзинад кæй райстой сæ дæсныйæдтæм гæсгæ, уый дæр. Уымæ гæсгæ цыфæнды техногенон уа æви æрдзон æнамонддзинад, уæззау уавæры бахауæг адæймæгтæм æххуыс кæнынмæ рæстæгыл фæзынынц, афтæ ма цæрæгойты фервæзын кæнынмæ æмæ æндæр уавæрты рæстæджы.

Агурæг-ирвæзынгæнæг хæрзиуæгон службæ у, сæ сæйраг мисси у адæймагæн æххуыс кæнын. Бибылты Анатоли банысан кодта, уыцы хъуыддаг кæй фенын кодтой, æрæджы зæйы бынæй уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты куы ирвæзын кодтой, уыцы хъуыддаг дæр. Уæззау уавæрты архайдæй уыдонæй æртæйæ, хъыгагæн, сæрæгасæй нал бафтыдысты къухты.

«Æз сæрыстыр дæн, кæддæр кæй уыдтæн уе ‘хсæн, иумæ кæй цыдыстæм алыгъуызон опе-рацитæм, кæй ирвæзын кодтам адæмы цард – республикæ æнæ электроны рухсæй куы аззад, фæндаг айгæрдын куы хъуыд – уым сымахæй алчи дæр уыд бæрнон æмæ нæ ауæрста йæ тых æмæ хъарутыл.

Техникон ифтонгады фæдыл дæр ныфс бавæрдта, æнæмæнгхъæуæг техникон фæрæзтæ æрмæст ирвæзынгæнæг службæйæн нæ, фæлæ æмткæй министрадæн амал кæй æрцæудзæн.

«Хорз æмæ рæсугъд бæрæгбонтæ уыл цæуæт алы аз дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы, къаддæр фыдбылыз æмæ æнамонд цаутæм цæуыны сæр. Ныфс мæ ис, нæ разы цы æвæджиаг хæстæ ис, уыдон цæсгомджын æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзыстæм», – банысан кодта Президент.

Сæрмагонд бузныджы ныхæстæ ма загъта ацы службæйы ветеранты номыл сæ иузæрдион æмæ æнæауæрдон уæззау службæйы тыххæй.

Йæ ныхасы кæрон æрхаста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министр Сергей Шойгуйы ныхæстæ:

«За мир, за службу и за спасательную службу».

Йæ коллегæтæн ма зæрдиаг арфæтæ ракодта Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Уый дæр сæрыстырæй банысан кодта, йæ рæстæджы йын ацы отряд саразыны йæ бавæрд дæр кæй уыд, уый тыххæй.

«Уæдæй фæстæмæ уæ службæйон хæстæ æххæст кæнут цæсгомджынæй. Рацыдыстут профессионалон скъола, стут уæ хъуыддаджы дæснытæ алы здæхты. Сæрыстыр дæн, нæ республикæйы ахæм службæ кæй ис, кæцы никуы акæсы куыдфæндыйы цæстæй тыхст уавæры бахауæг адæймаджы хъысмæтмæ», – банысан кодта Алан.

Бæрæгбоны цытæн адæймаджы цард ирвæзын кæныны рæстæджы æмæ сæ службæйы архайды æнтыстыты фæдыл ма мадзалы рæстæджы Агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы къорд кусджытæ райстой ведомствæйон хорзæхтæ.

Къæбулты Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.