Цхинвалы Алина Кабаевайы спортивон комплексы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй легендарон хъæбысæйхæцæг, дыууæ хатты Олимпион призер æмæ цыппар хатты та дунейы чемпион Къудухты Бесикы номарæн турнир.

Ерысты хайад райстой 180 æвзонг богалæй фылдæр. Уыдон сты Цæгат Ирыстон-Алани, Кæсæг-Балхъар, Дагъыстан, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Турнир стыр æмвæзадыл уагъд кæй æрцыд, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ турнирмæ кæй æрцыдысты цалдæр командæйы. Уыдон уыдысты куыд Дзæуджыхъæуæй, афтæ ацы республикæйы æндæр районтæй дæр.  Дыууæ командæ æрцыд Дагъыстанæй дæр. Къудухты Бесикы номарæн турнир фыццаг хатт уагъд æрцыд ивгъуыд аз. Уæд та уагъд æрцыд йæ райгуырæн хъæу кæм ис, уым – Ленингоры районы.

Ныр дæр та ерыстæм æрцыдысты æмæ турнирмæ кастысты Бесикы мад Джиоты Лейлæ, йе’мкъай Кристинæ æмæ йæ хъæбултæ Георги æмæ Евæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ чысыл Георги йæхи кæй æппæрста гауызмæ. Уымæ гæсгæ дзы тренертæ уынынц сомбоны стыр хъæбысæйхæцæджы миниуджытæ.

Йæ хъæбулы ном ын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй бузныгæй баззад Бесикы мад Джиоты Лейлæ.

«Стыр бузныг зæгъын, мæ хъæбулы мын кæй нæ рох кæнынц æмæ йын йæ номыл ацы турнир чи ауагъта, уыдонæн. Бесик йæхæдæг цардæй цы фæцух, уыдон бафтæд æмæ стыр æнтыстытæ уæт ацы чысыл хуртæн», – загъта йæ цæссыгтæ тыххæй уромгæйæ Лейлæ.

Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы хæдразмæ экраныл æвдыст æрцыд Къудухты Бесикы номыл документалон фильм «Улыбка чемпиона», зæгъгæ.  Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Бесикы рухс ном кæй никуы ферох уыдзæн йæ радтæг адæмæй æмæ бахæс кодта, цæмæй Бесикы бинонтæн йæ райгуырæн хъæуы арæзт æрцæуа хæдзар.

Ерысты хайадисджытæн ма раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Уый стыр бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн, зæгъгæ, куыд æндæр ерысты, афтæ та сын ныр дæр турнир ауадзынæн алыварсон æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй.

Ерысты организатортæ ма бузныгæй баззадысты, спонсорон æххуыс сын чи бакодта, уыдонæй. Уыдон та сты: Гусаты Мурат, Битарты Зелимхан, Хуыбиаты Алан, Гаглойты Степан, тамож-нæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат æмæ мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар.

Музыкалон хайы зарджытæ сæххæст кодтой Гатыгкоты Нинæ æмæ Сиукъаты Иринæ. Ансамбль «Хуры тын» та сæххæст кодта «Лирикон кафт».  Йæ аивадон къухдариуæггæнæг у Асаты Никъо.

Турнирмæ сæрмагондæй æрцыдысты зындгонд спортсментæ. Уыдон ‘хсæн уыдысты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Олимпион чемпион Хуыгаты Алан, уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпион Æлдаттаты Ибрагим, фæсивæды ‘хсæн РЦИ-Аланийы æм-бырдгонд командæйы тренер Лалыты Вадим, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Лохты Алан æмæ спорты ахæм хуыз, куыд греплингæй дунейы чемпион Чысиаты Рустам.

«Уый хорз хъуыддаг у, турнир Хуссар Ирыстоны уагъд кæй цæуы, уый. Махæй алчи дæр зоны, уый хуссарирыстойнаг лæппу кæй уыд æмæ тынг бирæ кæй уарзта йæ райгуырæн бæстæйы, – банысан кодта Чысиаты Рустам.

Турнир цыд дыууæ боны дæргъы. Спортуарзджытæ бакастысты бирæ цымыдисон тохтæм.  Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ фæуæлахиз сты: Загалаев Руслан (32 кг, Дагъыстан), Булацты Давид (35 кг, РЦИ-Алани), Багаты Руслан (38 кг, РЦИ-Алани), Магомед Халакаев (42 кг, Дагъыстан), Келиты Александр (46 кг, РХИ), Кантимир Кафаев (50 кг, Кæсæг-Балхъар), Цхуырбаты Батрадз (54 кг, РЦИ-Алани), Шаврухан Магомедов (58 кг, Дагъыстан), Абдар-Рахман Кумыков (63 кг, Кæсæг-Балхъар), Хъарданты Магомед (69 кг, РЦИ-Алани), Рамадан Тинамагомедов(76 кг, Дагъыстан), Бестауты Андрей (85 кг, РХИ) æмæ Багаты Владик (+85 кг, РЦИ-Алани).

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдыс-ты майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ кубоктæй. Афтæ ма сын лæвæрд æрцыдысты æхцайы премитæ дæр.

«Хуыздæр техникæйы тыххæй» призæй хорзæхджын æрцыд Бестауты Андрей. «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы приз та лæвæрд æрцыд Келеты Азæмæтæн.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.