Дыууӕ азы размæ Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы бæстыхайы уæвынад кæны сывӕллӕтты рӕвдауӕндон. Ацы цау тынг ӕхсызгон уыд ныййарджытӕн, уымӕн ӕмӕ тыхстысты, сӕ чысыл хуртӕ скъолайы агъоммӕ ахӕм уагдонӕй цух кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Ныр сабитӕ ӕрвылбон дӕр хъазгӕ ӕмӕ худгӕйӕ фервитынц сӕ рӕстӕг. Рӕвдауӕндоны ӕдӕппӕт ис 29 сывӕллоны ӕмӕ дих сты кӕстӕр ӕмӕ хистӕр къордтыл. Хъомылгӕнджытӕ Хуыбиаты Регинӕ, Ходты Светланӕ, Хуыбецты Светланӕ ӕмӕ Багаты Зӕринӕ архайынц,цӕмӕй сабитӕ ӕппӕтфарсонӕй дӕр рӕзой ӕмӕ хъомыл кӕной.Аст сабийы хӕрзбон зӕгъдзысты рӕвдауӕндон æнӕмӕ сын ног ахуыры азы та йӕ дуӕрттӕ байгом кӕндзӕн астӕуккаг скъола, суыдзысты фыццагкъласонтӕ.

Бон сын ӕртӕ хатты хъарм ӕмӕ хӕрзад хӕринӕгтӕ та фӕцӕттӕ кӕны Бестауты Рая.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.