Хуссар Ирыстоны фæстаг азты туризмы фадыджы фæзынд æнтыстытæ. Æрмæст Уæрæсейы æмбæстæгтæ нæм нæ цæуынц Ирыстонмæ балцы, фæлæ ма дунейы æндæр бæстæтæй дæр. Уый тыххæй нын лæмбынæгдæр радзырдта Экономикæйы министрады туризмы хайады хистæр Плиты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ фæстаг дыууæ азы уæрæсейаг туристтæн æхгæд уыд сæ фæндаг бирæ бæстæтæм, цы коронавирусы инфекци апарахат, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ агуырдтой кæм баулæфой, ахæм бынæттæ. Уыцы варианттæй иу разынд Хуссар Ирыстон. Ацы цау махæн æрхаста æхсызгондзинад. Туризмы хайады сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй нæ бæстæмæ уыдон фылдæр цымыдис кæнынц этнотуризммæ. Туристты фылдæр хай æрцæуынц уалдзæг æмæ сæрд. Ныртæккæ нæм цы популярон туристон фирмæ ис «Карсан-тур», уый гид Карсанты Гурам куыд зæгъы, афтæмæй нырма нæй фаг уазæгдæттæ, хъæуы цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæнын, бакусын хъæуы курортон нывæзтыл, этно-хъæутæ саразыныл, цыран уазджытæн ацаходыны фадат уа национ къæбицы хæринæгтæй. Хуссар Иры кæд нырма æппæт уыцы сервистæ нæй, уæддæр æрцæуæг туристмæ нæ хъæуы «æхцадоны» цæстæнгасæй кæсын. Фембæлын ыл хъæуы цытджын, ирон уазæгуарзондзинад равдисгæйæ. Туристтæ арæх æрцæуыц зымæджы дæр, уыдон фылдæр цымыдис кæны хæххон æрдз. Зæгъæм зымæджы «Карсан-тур» райста уазджытæ, æхсæннационалон къорд – Латви, Швеци æмæ Славакийы минæвæрттæй. Экскурсовод туристтæн сарæзта балц цымыдисондæр бынæттæм. Фæлæ лæггæдтæ хъуамæ уой комплексон. Хатт бахъæуынц тæлмацгæнæджы лæггæдтæ дæр. Нæ уазæгдæтты тарифтæ дæр бæрзонд вæййынц æмæ туристтæ хуыздæрыл банымайынц сæрмагонд хæдзæртты цæрджыты лæггад.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.