Мӕскуыйы фӕцис проект «Здравствуй, Россия»-йы программӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрдты хайадистӕй.

Райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй радзурынӕн сын баххуыс кодта, радиойы директор Цхуырбаты Алан развӕлгъау цы презентаци бацӕттӕ кодта, уый.

Командæ «Нартский эдельвейс», кӕцы баиу кодта Хуссар Ирыстоны 18 минӕвары 14 азӕй 19 азы кармæ, ӕвзӕрст ӕрцыдысты уырыссаг хӕдзары алыгъуызон сфӕлдыстадон конкурсты уӕлахиздзауты фӕрцы, афтӕ ма уӕрӕсейаг истори, культурӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг зоныны викторинӕтӕ ӕмӕ олимпиадæты бындурыл.

Уӕрӕсейы Федерацийы историон бынӕттӕм иумӕйаг ахуырадон балцтӕ организаци кӕны Федералон агентад «Россотрудничество» 2014 азӕй. Программæйы нысан у фæсарæнты æмзæххонты æвзонг фæлтæры бирӕнацион уӕрӕсейаг культурӕ ахуыр кӕнынӕн.

Ацы аз проект «Здравствуй, Россия!»-йы хайад райстой скъоладзаутӕ дунейы 50 бӕстӕйӕ фылдӕр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.