Туризмы рæзт нæ республикæйы у иууыл перспективондæр къабæзтæй сæ иу æмæ ахъаз кæндзæн паддзахадон бюджет баххæст кæнынæн. Уый зонгæйæ республикæйы разамынад, гæнæн уæвгæйæ, исы мадзæлттæ, цæмæй райрæза ацы къабаз. Уымæн хорз фадæттæ кæй ис, уый раджы бафиппайдтой не `мбæстæгтæ Бететы Юри æмæ Карсанты Гурам, æмæ ныр цалдæр азы архайынц, цæмæй æрцæуæг туристты хъусдард аздахой нæ республикæйы фенддаг æрдз æмæ нæ фыдæлты æгъдæуттæм. Уымæ гæсгæ Бетейы фыртæн бантыст рагон ирон хæдзар æмæ бинонты цардуаг саразын. Уым фенæн ис хæдзарон мигæнæнтæ æмæ кусæнгæрзтæ дæр.

Туризмы рæзт нын ахсджиаг кæй у, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ ацы фарстыл уынаффæ кæй цыдис Президент Гаглойты Алан æмæ Владимр Путинимæ фембæлды рæстæджы дæр.

Ацы бонты та Президент фембæлд туризмы къабазы архайæг минæвæрттæ Бететы Юри æмæ Карсанты Гурамимæ. Фембæлды ма хайад райстой президенты æххуысгæнджытæ Плиты Алан æмæ Гаглойты Никъала, президенты Администрацийы управленийы хистæр Цоциты Сæрмæт æмæ экономикон рæзты министры хæдивæг Тъехты Альберт. Президент Гурам æмæ Юрийæн загъта бузныджы ныхæстæ, ацы хъуыддагмæ сæ æмбаргæ ахаст æмæ архайды тыххæй, æрцæугæ уазджыты кæй зонгæ кæнынц нæ алæмæттаджы æрдз, нæ рагон истори æмæ культурон цыртдзæвæнтимæ.

Туризм райтынг кæныны фæдыл нæ республикæйы разамынадæн ис йæхи пълæнттæ, фæлæ уал Президент байхъуыста, уыдоны фæндæттæм. Юри æмæ Гурам радзырдтой республикæйы территорийыл ахсджиагдæр туристон маршруттæ популяризаци кæныны фæдыл сæ хъуыдытæ. Карсанты Гурам куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрбахизæны хъæуы сæвæрын арт-объекттæ национ атрибутикæимæ. Сæвæрын дзы хъæуы сæйрагдæр туристон маршруттыл дæр. Афтæ ма фенддагдæр бынæтты саразын хъæуы фæлгæсæн фæзуæттæ. «2016 азæй фæстæмæ, зæгъæн ис, æмæ æрзылдтæн нæ бæстæйы æппæт къуымты дæр. Нæ зæххыл цас историон цыртдзæвæнтæ ис, уыйас иу бæстæйы дæр нæй. Нæ территорийыл сты алайнаг рæстæджы арæзт уникалон фидæрттæ. Уыдонмæ хъæуы фæндæгтæ фæхуыздæр кæнын. Ахæмтæ сты Монастъер, Хеит, Дзагъина, Циркол, Морæх, Къуайсайы лæгæттæ, Цхинвалы цæгаты `рдыгæй алайнаг фидар æмæ æндæр бынæттæм фæндæгтæ», — загъта уый.

Бететы Юри ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Транскамы, Знауыр, Дзау æмæ Къуайсамæ фæндæгтыл хъæуы æхсæнадон санузелтæ саразын. Æнæмæнг ма сæвæрын хъæуы информацион æмæ культурон объектты амонæнтæ, байгом хъæуы фæндаггæрон хæрæндæттæ, чысыл уазæгдæттæ, цæмæй туристтæн сæ бон уа æрлæууын æмæ аулæфын.

«Республикæйы ныртæккæ уæвы 6 уазæгдоны. Мах бахъæуы туристон къордты æндæр æмæ æндæр уазæгдæтты æрцæрын кæнын, стæй сæ ногæй æрæмбырд кæнын æмæ уый та исы бирæ рæстæг. Туристты нымæц афæдзмæ 30 мины бæрц кæй фылдæр кæндзæн, уымæ гæсгæ уазæгдæтты бынæтты бæрц дæр хъæудзæн фæфылдæр кæнын. Уыдæттæ гæнæн ис саразæн бюджетон хостелтæ байгом кæныны руаджы. Афтæ ма Чеселт, Ерман, Борджнис æмæ Къозы хъæуты уæвæг хисæрмагонд уазæг-дæтты фадæттæ рауæрæх кæнынæн баххуыс кæныны руаджы дæр.

Нæ республикæмæ туристты æрцыд дæтдзæн хорз æфтиаг æмæ ацы къабаз цас тынгдæр популяризаци цæуа, уыйбæрц хуыздæр фадæттæ уыдзæн фылдæр уазджытæ æрбакæнынæн. Уый нын фадат ратдзæн нæ бæстæйы тыххæй объективон информаци дæттынæн, нæ истори нæ зыгъуыммæ кæнынæн. Мах фæстейæ зайæм профессионалон кадртæ æмæ логистикæйæ дæр. Дыууæ мæйон курсытæ дæс адæймагæн сорганизаци кæныныл мах уынаффæ кодтам ХИПУ-йы ректоримæ æмæ сын лæвæрд æрцæудзæн сертификаттæ,» — загъта Бететы Юри.

АРÆНЫЛ БАРЫ ГÆХХÆТТ РАЙСЫН, БЛОГЕРТÆ, ТУРИСТОН САЙТТЫ РÆЗТ

Фембæлды уынаффæ цыдис бæрзонд-хæххон маршуттæ организаци кæныныл æмæ арæныл бары гæххæтт æнцондæрæй райсыны фарстыл дæр. Банысан кодтой, стыр потенциал кæй ис мидæггагон туризмæн. Фæлæ ам дæр ис йæхи зындзинæдтæ. Карсанты Гурамы ныхæстæм гæсгæ адæм æбæрн цæстæй кæсынц æрдзмæ, чъизи кæнынц суадæтты алфæмблай, фенддаг бынæтты æмæ æндæр объектты территоритæ дæр. Уымæй дарддæр ма Юри æмæ Гурам радзырдтой блогертæ æрбахонын æмæ Хуссар Ирыстоны химæлвасдзинады тыххæй сайт рæзын кæныны фæдыл. Афтæ ма, цæмæй музейтæ кусой улæфтбонты дæр.

Гаглойты Алан æппæт фæндæттæм байхъусгæйæ, экономикон рæзты министрæн бахæс кодта, цæмæй сæ базонгæ кæна, ведомство кæй бацæттæ кодта туризмы рæзты фæдыл, уыцы программæимæ.

«Ацы программæйы сæйраг здæхтыты фæдыл дæр куыст цæуы: арт-объекттæ, афтæ ма туристон портал саразыны фæдыл дæр, цыран æвæрд æрцæудзысты нæ республикæйы фенддаг бынæтты профессионалон къамтæ æмæ видеороликтæ. Афтæ ма уынаффæ цыдис национ стилы табличкæтæ сæвæрыныл дæр. Программæ хуыздæр цæуы æмæ йæ реализаци райдайын пълангонд у ацы азмæ. Ныфс мæ ис, алцыдæр нæ къухты кæй бафтдзæн. Афтæ куы уа, уæд уæзгæ уыдзысты Хуссар Ирыстоны туризмы рæзты фыццаг къахдзæфтæ,» — загъта Тъехты Альберт.

АРЕНДÆЙЫ ЗÆХХЫТЫ РЕВИЗИ АУАДЗЫН, ИНВЕСТОРТÆ ÆРБАХОНЫН

Президент банысан кодта, Уæрæсейы ныхмæ райсгæ санкцитæ хынцгæйæ, фæстаг рæстæджы мидæггагон туризм, уæддæр кæй рæзы. «Мах иууылдæр æмбарæм, æмбæлон инфраструктурæ æмæ комфортон уавæртæ саразынæн кæй хъæуы серьезон æхцайы фæрæзтæ. Уыимæ иумæ мах æмбарæм, туризмы рæзт кæй у приоритетондæр здæхтытæй сæ иу. Фæлæ ма ис æндæр характерон проблемæ дæр. Цæвиттон, ис инвестортæ, ис бизнес-проекттæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фæлгæтты. Райсæм, зæгъæм, Цъон. Ардæм инвестор куы æрцæуа æмæ йæ куы бафæнда уазæгдон саразын, инфраструктурæ рæзын кæнын, уæд ын махæн нæ бон нæ бауыдзæн зæхх раттын. Уымæн нæ, æмæ нæм зæхх нæй, фæлæ кæуылдæр фидар у æмæ дзæгъæлы лæууы,» — загъта Гаглойты Алан. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы цы æмбырд уыд, уым районы цæрджытæн кæй бахæс кодта арендæйы лæвæрд зæххыты ревизи ауадзын, цæмæй сæрибар зæххы фадгуытæ бæрæг æрцæуой æввахс рæстæджы.

«Туризмы рæзт иу боны хъуыддаг нæу. Уый домы серьезон ахъуыдыгонд къахдзæфтæ æмæ фæрæзтæ. Фæлæ мах сараздзыстæм, нæ бон цы уа, уый. Цæвиттон, зын нæу фæндæгтæ алæгъз кæнын æмæ сæ былгæрæтты амонæнтæ сæвæрын. Уый æнæмæнг арæзт æрцæудзæн. Республикæйы разамынад уын гæнæнуæвæн æххуыс кæндзæн, фæлæ æз сымахмæ дæр сидын, цæмæй нын æххуыс кæнат программæ реализаци кæнынæн. Туризм республикæйы бюджет кæй фылдæр кæндзæн, уый иу хъуыддаг у, фæлæ-ма уый хорз фадæттæ дæтты, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ бон суа мызд исын, сæхи æмæ сæ бинонты дарын. Туристон къабазы рæзт ахъаз кæндзæн ног кусæгон бынæттæ фæзынынæн. Мах хъуамæ исæм æндæр бæстæты хуыздæр фæлтæрддзинад æмæ нæ адæмæн аразæм царды хæрзвадат уавæртæ,» — загъта Президент.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.