Иван Тургеневы кой куы фехъусæм, уæд цæстытыл ауайынц йæ бирæ мидисджын уацмыстæ, ахæм адæймаг нæ разындзæн, æхсызгонæй сæ чи нæ бакæса.

XX ӕнусы 40-50 азты Тургенев ирон литературӕмӕ куы ӕрбацыд, уӕдӕй нырмӕ йын фидар бынат ис ирон адӕмы поэтикон ӕмӕ сфӕлдыстадон дунейы, йӕ литературӕйы. Уӕлдай стырдӕр ӕргом аздахын хъӕуы стыр фыссӕг, публицист, литературӕиртасӕг, педагог, курдиатджын тӕлмацгӕнӕг Нигеры «Прозӕйы ӕмдзӕвгӕты» тӕлмацмӕ. Йӕ мадӕлон ӕвзаджы аивадон фӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ уый тынг хорз равдыста авторы зондахаст. Тургеневы сфӕлдыстад бацыд Нигеры дунемӕ ӕмӕ фӕахъаз Ирыстоны уырыссаг классикон литературӕ парахат кӕнынӕн. «Прозӕйы ӕмдзӕвгӕты» тӕлмацты ирон фыссӕг схызт авторы аивадон, эмоционалон ӕнкъарӕнты онг, уымӕн ӕмӕ сӕ халдих фӕлгонцтӕ агуырдта йӕхи мадӕлон ӕвзаджы.

Ирон чиныгкæсæгæн фадат фæцис, цæмæй йæ уарзон фыссæджы уацмыстæ кæса йæ мадæлон æвзагыл. Нæ тӕлмацгӕнджытӕ бӕрнонӕй лӕггад кӕнынц ӕрмӕст адӕмы иудзинадӕн нӕ, фӕлӕ ма рауӕрӕх вӕййы сӕ кӕсӕджы миддуне дӕ, фадӕттӕ аразынц национ ӕвзаджы рӕзтӕн, литературӕтӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хъӕздыг кӕной, уымӕн. Ноджы ма сӕ уд хъарынц ууыл, цӕмӕй уырыссаг, дунеон литературӕйы хӕзнатӕ сӕ тӕлмацты руаджы фӕхъӕздыгдӕр кӕной, уымӕн, æмæ цӕмӕй уырыссаг дунеон литературӕйы хӕзнатӕ бахӕццӕ уой ирон чиныгкӕсӕгмӕ, фӕхъӕздыгдӕр ын кӕной йӕ миддуне.

Ирыстоны поэттæ æмæ фысджытæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодтой уырыссаг литературæйы классикы уацмыстæ. Сæ тæлмацтæ сын æрæмбырд кодта æмæ сæ хицæн чиныгæй мыхуыры рауагъта ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Тедтойты Зинаидæ. Уацмыстæ ирон æвзагмæ раивтой Бекуызарты Валентинæ, Дойаты Сергей, Гуытъиаты Хъазыбег, Дзанайты Иван, Ардасенты Хадзыбатыр, Дзасохты Музафер, Къибирты Амурхан æмæ Хохойты Энвер.

Чиныг райдыдта ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты, поэтты раныхæстæй классикы тыххæй, нымайынц æй хъуыдыгæнæгыл, зæгъынц, зæгъгæ, бахаста егъау бавæрæн уырыссаг æмæ дунеон литературæ æмæ культурæйы къæбицмæ.

Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты ахæм уацмыстæ, куыд: «Хорь и Калиныч» (Дойаты Сергейы тæлмац); «Бурмистр» (Беккуызарты Валентинæйы тæлмац); «Бирюк» (Саламты Алиханы тæлмац); «Русский язык» (Гуытъиаты Хъазыбеджы тæлмац); «Воробей», «Природа» (Дзанайты Иваны тæлмац); «Бежин луг» (Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац); «Ася» (Дзасохты Музаферы тæлмац); «Муму» (Къибирты Амурханы тæлмац); «Старуха», «Собака», «Старик» (Хохойты Энверы тæлмац) æмæ æнд. Чиныг бирæтæн фæпайда уыдзæн: ирон æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, студенттæн, аспиранттæн, литературæ иртасджытæн, стæй ма Иван Тургеневы сфæлдыстад уарзджытæн. Ног чиныджы тираж у 300 экземпляры.

Тедтойты Зинаидæйы куыст у ахадгæ. Уый уырыссаг æмæ дунейы литературæйы классикты уацмыстæ фæтæлмац кæны ирон æвзагмæ. Ныридæгæн ирон æвзагыл рухс федтой Лев Толстойы, Антон Чеховы, Николай Гоголы, Николай Некрасовы, Михаил Лермонтовы, Максим Горькийы уацмысты æмбырдгæндтæ.

Æргом зӕгъын хъӕуы, И. С. Тургеневы уацмысы тӕлмацтӕ абон дӕр ахадынц Ирыстоны литературон процессыл, ахъаз сты национ аивадон культурӕмӕ ног хъуыдытӕ ӕмӕ фӕлгонцтӕ хӕссынӕн.

Æрмæгыл бакуыста

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.