2008 азы августы хӕст йӕ дӕрзӕг фӕд Хуссар Ирыстоны бирӕ хъӕутыл ныууагъта, йӕ цӕрджытӕ дзӕвгар мӕстытӕ бавзӕрстой, нӕ адӕмы судзгӕ цӕссыгтӕ абон дӕр нӕма басур сты. Хӕсты ӕбуалгъдзинады риссагдӕр цӕфтӕй абоны бон дӕр чи хъӕрзы, уыдоны нымӕцмӕ хауы Цхинвалы районы Къостайыхъӕу дӕр. Раст у, хъӕуы хӕстхъом адӕм ныфсджынӕй ӕрлӕууыдысты сӕ райгуырӕн хъӕу, сӕ уарзон Ирыстон знагӕй бахъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ йын ныхкъуырд дӕр лӕвӕрдтой. Хъыгагӕн, знаджы судзгӕ нæмыгæй уӕддӕр ӕвыдӕй нӕ баззадысты. 2008-ӕм азы августы хӕсты цаутӕн ӕвдисӕн уыд бынӕттон цӕрӕг, нӕ республикӕйы адӕмон нывгӕнӕг Гӕбӕраты Барис дӕр ӕмӕ зӕрдӕ ӕнкъуыст, уыдон ногӕй нӕ цӕстыты раз куы сыстадысты, уӕд.

– Нӕ хъӕу гуырдзиаг хъӕутæм хæстæг кæй у, кӕй арӕн кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕппутӕ ноджы тынгдӕр сӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтой знагӕй хи бахъахъхъӕнынмӕ. Хъӕуы алы цӕрӕг дӕр тыхст йӕ уӕзӕг знагӕй бахизыныл ӕмӕ сӕ бон цы уыд, уымӕй ӕхсӕв бонӕй нӕ хицӕн кодтой. Уавæр уыд тынг ӕндыгъд, кӕд ныггуыпп кӕндзӕн, уый бӕрӕг нӕ уыд. 5 августы ирон лӕппутӕй цалдӕр фыдгулы къухӕй мард фесты Аунеу ӕмӕ Нулы хъӕуты. Уӕд хъӕуы лӕппутӕ тынгдӕр ӕрфидар кодтой сӕ позицитӕ Гъуертеу ӕмӕ Аунеумӕ хӕстӕг. Хъуыддаг фӕкарздӕр уый фӕстӕ бонты, фӕлӕ 7 августы нӕ цӕрджытӕ бӕстон бамбӕрстой, знаг нӕ бынтон цӕгъдынмӕ кӕй ӕрхъавыд, уый. Ӕхсын нӕ райдыдтой ӕртӕрдыгӕй, систой нӕ милмӕ. Уыцы бон сæ  адзал ссардтой дыууӕ сыхаг адӕймаджы. Сӕ иу уыд сабыртӕ ӕмӕ уӕздан сылгоймаг, дзӕвгар рӕстӕджы нӕ «хорз» сыхӕгтӕн ӕппӕт йӕ зонындзинӕдтӕ чи не ‘вгъау кодта, уый – Мамиты Тамарӕ, иннӕ та хъӕубӕсты уарзон ӕмӕ куыстуарзаг нӕлгоймаг Мамиты Петр. Уыцы изӕр ссыгъдысты сӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕ дӕр. Изӕры, постӕй ӕрбаз-дӕхгӕйӕ,- дарддӕр дзуры Гӕбӕрайы фырт, – тынг бафӕлладтӕн, мӕ цӕстытӕ ныррӕсыдысты хуыссӕгхъӕлдзӕгӕй. Канд цӕрджыты тыхст уавæрæй нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ уынгӕг кодта фосы богъ-богъӕй дæр.

8 август. Ахӕм сӕрдыгон ирд ӕмӕ сабыр райсомыл хъӕууон фӕллойгӕнӕг хъуамӕ цин кодтаид, йӕ бакӕнинаг куыстытӕм тындзыдтаид. Бӕргӕ, афтӕ хъуамӕ уыдаид, фӕлӕ знаджы техникӕ ӕмӕ бирӕнымӕц ӕфсад Аунеуы хъӕуӕй сӕ фӕндаг скодтой Цъунармӕ, апырх сты хъӕуыл ӕмӕ стонг куыйтау сӕ ӕнахуыр богъ-богъ цыд алырдыгӕй. Дыууӕ суткӕйы, посты лӕугӕйӕ, фӕдӕн ӕгъуыссӕг, фӕлӕ уӕддӕр 6 сахатыл сӕ хъӕлӕбамӕ рахызтӕн кӕртмӕ. Сӕ иу къорд ӕнахуыр хъӕлæба кӕнынц, кӕйдӕр ратон-батон кӕнынц. Цӕвиттон, нӕ лӕп-путимӕ посты лӕууыд Дампъалеты хъӕуккаг Къӕбысты М., ныр цыд йӕ хойы хӕдзармӕ аулӕфыны тыххӕй. Ӕваст ыл бамбӕлдысты хотыхджынтӕ, иугӕр сын куынӕ куымдта, уӕд ын фехстой йӕ зӕрдӕ ӕмӕ цардбӕллон лӕппу ахицӕн йӕ цардӕй. Уӕдмӕ цъӕх ракетӕтӕ суагътой, дзырдтой, зӕгъгӕ, цӕуӕм Цхинвалмӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ бацахсӕм. Сыхӕгтӕ Къӕбысты Владимир, Саулохты Нодар, стӕй, дӕрддзӕфдӕр чи цард, уый  Джиоты Гайоз ӕмӕ цалдӕр сылгоймаджы бацыдыстӕм мардмӕ ӕмӕ йӕ схастам йӕ хойы хӕдзармӕ. Фӕлӕ знаг ӕнцад кӕм бадт ӕмӕ та гуырдзиаг хӕдтӕхджытӕ арвмӕ стахтысты, калынц бомбӕтӕ ӕмӕ та фехӕлд сабыруарзаг адӕмы ӕнцойад. Гуырдзиаг хæстонтæ та бацахстой кӕройнаг хӕдзӕрттӕ, рахастой ӕддӕмӕ хуыссӕнгӕрзтӕ, айтыгътой сӕ цӕхӕрадӕтты ӕмӕ сыл сфӕлдӕх-тысты. Цӕрджытӕ ӕмбӕхст уыдысты нык-кӕндты ӕмӕ ӕдасдӕр бынӕтты ,тынг тыхстысты, телефонон бастдзинад кӕй нал уыд, уымӕй дӕр. Иурӕстӕджы горӕтӕй хъӕумӕ ӕрбацӕйцыдысты Мӕл-дзыгаты Джемал ӕмӕ Томайты Ӕхсар, бӕргӕ федтой хъӕумӕ ӕрбахизӕны ӕфсады ӕд хо-тыхтӕ, фӕлӕ сӕ нӕхиуӕттӕ фенхъӕлдтой. Нӕ фӕтӕригъӕд кодта знаг цардбӕллон лӕппутӕн ӕмӕ сыл суагътой сӕ хотыхтӕ. 9 августы цалдæр лӕппуимӕ бабырыдыстӕм мӕрдтӕм, нал дӕр сын базыдтам сӕ мæрдон хуыз. Знаг бынтон ӕввахс уыд ӕмӕ тынг тӕссаг уыд нӕхицӕн дӕр, уымӕ гæсгӕ Джемалы уæлмæрды бавӕрын нал баци нӕ бон, фӕлӕ йӕ 10 августы рӕстӕгмæ бавӕрдтам æндæр ран. Фыдгулӕй тынг тӕссаг кӕй уыд, уымæ гæсгæ цӕрджыты хъуыд ӕдасдӕр бынатмӕ   фӕхӕццӕ кӕнын. Ацӕргӕ уатон сылгоймаг Зассеты Машӕ дӕр лигъдӕтты нымӕцмӕ бахауд. Лӕгъстӕ кодтам Советон Ӕфсады отставкӕйы хистӕр лейтенант Хуыбиаты Лаврентӕн дӕр, фӕлӕ уый не сразы йӕ хæдзар ныууадзыныл. Ӕхсӕвы схӕццӕ стӕм Галуанты хъӕумӕ, фӕлӕ уым дӕр нӕ уыд хуыздӕр уавӕр – Козаты Яшайы фырт знаджы амӕттаг баци. Гуырдзиаг лӕгхортӕ ӕрмӕст нӕ хъӕуӕн цы ӕгӕрон фыдбылызтӕ бакодтой, уыдон иу бон дӕр нӕ фӕуиккой дзырд. Удызиӕнттӕй уӕлдай ма уацары дзӕвгар лӕппуты акодтой, уыдон надтой, мардтой сӕ фыдудӕй ӕмӕ сӕ иутӕн абоны бон тынг фӕцудыдта се ‘нӕниз-дзинад. Машинӕтӕ та акодтой 18, зӕгъӕн ис, ӕмӕ стӕмтӕй дарддӕр алы цӕрӕн хӕдзар дӕр бахъыгдард.

Хӕстӕн йӕ кӕрон ӕрцыд, иугӕр нӕм Уӕрӕсейы ӕфсад куы фӕзындысты, уӕд. Адӕмы цинӕн нал уыд кӕрон. Ноджы тынгдӕр циндзинад банкъардтой, 26 августы хӕдбар паддзахад куы систӕм, уӕд. Уый у тугӕй ӕлхӕд хӕдбардзинад ӕмӕ нын зынаргъ дӕр уымӕн у.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.