Æрæджы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй ауагъдæуыд рабадт. Боны фæткы уыд ахæм фарстатæ, куыд Хъалонты фæдыл кодексы 2-аг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссын, Ветеринарийы тыххæй закъон»-мæ уæлæмхас пункт бахæссын, кредиттæй амалиуæггæнджытæ нысанмæздæхтæй пайда кæнынц æви нæ, скъолатæ æмæ сабидæттæ ног ахуыры азы райдианмæ зынгсивæрзты ныхмæ  мадзæлттæй куыд ифтонг æрцыдысты æмæ æндæртæ.

  Рабадты райдиан Хицауады Сæрдар æмæ йæ уæнгтæ байхъуыстой Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Левмæ. Уый куыд загъта, афтæмæй: «Ветеринарийы тыххæй закъон»-мæ хъæуы ивындзинæдтæ бахæссын. Æрвылаз дæр специалисттæ сæ квалифи-каци бæрзонддæр кæныны тыххæй хъуамæ ахуырдзинад исой нæ республикæйы хъæууон хæ-дзарады бындурыл арæзт цы бирæпрофилон колледж арæзт æрцыд, уым. Специалисттæ та хъуамæ хуынд цæуой Цæгат Ирыстонæй, уый фæстæ сын лæ-вæрд æрцæуа æмбæлон бæлвырдгæнæнтæ».

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой хъæууон хæдзарады министры хъуыды.

Паддзахадон таможнæйон ко-митеты хистæры хæдивæг Къудухты Алексей хицауады уæнгты размæ рахаста, комитет республикæмæ ластцæуæг автотранспортон фæрæзтæн паспорттæ сфидар кæныны фарст, цæмæй  фæтк æвæрд æрцæуа ахæм автотранспорт эксплуатаци кæныны. Хицауады уæнгтæ йæ хорзыл банымадтой.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса хицауадмæ бахатыд, цæмæй ног азы ахуыры азмæ Паддзахадон бюджетæй Колыты Аксойы номыл лицейы рог цалцæг кæнынæн рахицæн кæной 1 милуан æмæ 400 мин сомы.

Рабадты хайадисджытæ байхъуыстой Геологи, экологи æмæ æрдзон ресурстæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Аланмæ. Уый хицауады уæнгтæм бахатыд, цæмæй Бесланы трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты ном сæнусон кæныны тыххæй Хъелы æфцæджы цадæй сæ иуæн – «Мады цæссыг»-ы ном радтой. «Хъелы цадæй уæлдæр цы æнæном цад ис, уырдæм 2005 азы хуынд æрцыдысты Бесланы трагедийы фæмардуæвджыты мæдтæ. Уый размæ уал уыцы бынаты æвæрд æрцыд фæмардуæвæг сывæллæтты номыл фæйнæг, цы-рæгътæ кæм сыгътаиккой, ахæм бынат. Уыцы цад хуымæтæджы æвзæрст не ‘рцыд. Уый никуы басур вæййы æмæ цæстысыгау у сыгъдæг. Цад йæ формæйæ та у цæссыджы хуызæн».

Хицауады уæнгтæ æмхъæ-лæсæй сразы сты цадæн «Мады цæссыг»-ы ном радтыныл.

Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади йæ раныхасы  куыд загъта, афтæмæй 2019 азы нæ республикæйы чысыл амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ радтыны тыххæй лæвæрд æрцыд 20 милуан æмæ 692 мин сомы. Уыцы хатырон кредиттæ райстой 49 адæймаджы, кæцытæ проекттæн сæ фылдæр  уы-дысты хъæууон хæдзарады  рæзтмæ здæхт. Фæлæ, зæгъгæ, иуæй-иу амалиуæггæнджытæ бизнес-плæнттæ цы æрбавдыс-той, уымæй дарддæр аразгæ дæр ницы скодтой.

Хатырон кредиттæ чысыл амалиуæггæнджытæн радтыны фонды директор Бибылты Ноннæ куыд загъта, афтæмæй уыцы 49 адæймагæй 8 адæймаджы кæд кредитон фæрæзтæй сæ нысаниуæгмæ гæсгæ нæ пайда кæнынц,   уæддæр æрвылмæй хæссынц, бангмæ графикмæ гæсгæ сæм цы суммæ æмбæлы, уый.

Уый фæдыл Хицауады Сæр-дары хъуыды ахæм уыд: «Нæ хæс у амалиуæгады фæдыл цы закъон райстам, уый æххæст кæнын. Алы æмбæстаг дæр хъуамæ æмбара, хицауады раз цы бæрндзинад хæссы, уый. Кредит райстай, уæд цæсгомджынæй хъуамæ сæххæст кæнай дæ хæс æмæ де ‘ууæнк ма сафай».

Рабадты дзырд цыд ноджыдæр къорд фарстатыл. Уыцы ны-мæцы æнæзмæлгæ исады паддзахадон  регистраци,  йемæ баст хъуыддæгтæ æмæ кадастрон хыгъды тыххæй, лицензийы архайды тых-хæй, экологион фарстатæ. 2011 азы цы хъæууонхæдзарадон товарон кредиттæ лæвæрд æрцыд, уыдоны тыххæй фермертæй цы куырдиæттæ цæуы, Пухаты Эрик уыдонимæ дæр базонгæ кодта хицауады уæнгты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.