Дзауы поселочы уагъд æрцыд сывæллæтты сфæлдыстады галуан байгом кæныны цытджын церемони.

Ног  бæстыхайы арæзт æрцыд хæрзвадат куыст æмæ уæлæмхас ахуырад райсыны æппæт уавæртæ дæр. Скъоладзаутæн сæ бон у равзарой сæхи фæндиаг архайды фадыг. Ахуырадон лæггæдтæ æвдыст сты 4 хуызы: аивадон-эстетикон, культурон, æрдзонзонадон æмæ экологион-биологион. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ма кусдзæнис музыкалон скъола æмæ библиотекæ.

Районы цæрджытæн ахæм нысаниуæгджын хабары цытæн раарфæ кæнын-мæ бацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр,  Культурæйы министр Зассеты Жаннæ,  Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ æндæр официалон гоймæгтæ.

«Бонæй-бонмæ Дзауы район рæсугъддæр кæны, арæзт цæуынц ног ахуырадон бæстыхæйттæ. Фæсивæдæн фæзынд бирæ фадæттæ, цæмæй сæ курдиат рæзын кæной», – загъта Президент, æрæмбырдуæвджытимæ ныхас кæнгæйæ.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта культурæйы объекты арæзтадыл чи куыста, æппæт уыдонæн. Афтæ ма уый сывæллæтты сфæлдыстады галуанæн балæвар кодта телевизор æмæ ноутбук.

«Сывæллæтты сфæлдыстады галуан у аивад, фантази, удцырын, фæллойад æмæ æнтыстыты æнæхъæн дуне. Уый у сфæлдыстады æгæрон къуым, цыран алчидæр йæхи фæхатдзæн ирд æмæ фæрныг цард аразæгæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны бæстыхай пырх æрцыд 1991 азы апрелы зæххæнкъуысты рæстæджы. Бирæ рæстæджы дæргъы йæ коллектив куыстой чысыл агъуысты, къуындæг уавæрты. Ног бæстыхай аразынмæ æрæвнæлдтой 2017 азы ноябры мæйы. Уый арæзт æрцыд Дзауы районы Администрацийы æхцайы фæрæзтæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.