Хуссарирыстойнаг теннисист Бекъойты Эдвард ссис Дагъыстаны уагъдцæуæг æппæуæрæсейон турниры уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты афгайнаг хæстонтæ-интернационалистты номыл. Æдæппæт призтыл тох кодтой 60 спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты Дагъыстан, Стъараполы край, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, РЦИ-Алани æмæ Хуссар Ирыстонæй. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы æмбырдгонд командæйы тренер Джиоты Мириан.

Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ теннисисттæ дихгонд æрцыдысты 8 дæл-къордыл. Ерысты ацы этапы Эдвард акодта 6 фембæлды æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз æмæ ахызт финалон хаймæ. Финалы та фембæлд цæгатирыстойнаг спортсмен Сергей Мусаиловимæ. Ацы спортсменимæ Эдвард фыццаг хатт нæ хъазыд æмæ-иу æй алыхатт дæр рам-былдта. Афтæ та рауад ныр дæр – фæцис 3:1 хыгъдæй Эдварды пайдайæн.

Турниры ма Эдвард архайдта къæйтты ‘хсæн ерысты дæр. Уым дæр бацахста фыццаг бынат. Хъазыд дагъыстайнаг Багаудин Кадырбе-ковимæ иумæ.

«Дæргъвæтин рæстæджы Эдвард нал хъазыд йæ астæу кæй рыст, уый аххосæй. Рагæй йын хос кодта, фæлæ уæддæр кæронмæ не сдзæбæх. Уымæ гæсгæ ныр хъазыд хъавгæйæ, фæлæ уæддæр фæуæлахиз. Баззадтæн дзы тынг райгондæй», – банысан кодта Джиоты Мириан.

Мириан ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныр Эдвард йæхи цæттæ кæндзæн Цхинвалы уагъдцæуæг РХИ-йы хæдбардзинады акт райсыны боны цытæн дунеон турнирмæ, кæцы уагъд фæцæуы майы  кæрон.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.