СТЪОЛЫ ТЕННИС

Хуссар Ирыстоны спорты историйы фыццаг хатт Паддзахад Аланийы минæвар столы теннисæй ссис Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ахæм æнтыст бафтыд Бекъойты Эдварды къухты. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан. Ерыстæ уагъд цыдысты Налцыччы. Эдвард фæуæлахиз къæйтты ‘хсæн ерысты. Уый хъазыд Стъараполы крайы минæвар Владислав Чимбарцевимæ иумæ. Æрдæгфиналы уыдон партитæм гæсгæ 2:0 хыгъдæй æмбылды кодтой Кæсæг-Балхъары минæвæрттæн, фæлæ уæддæр сæ бон ссис рамбулын 3:2 хыгъдæй. Финалы та тыхджындæр уыдысты Стъавраполы крайы минæвæрттæй.

Бекъойты Эдвард ма 3-аг бынат бацахста командон хыгъды. Хисæрмагонд хыгъды та ацыд 6-æм бынатыл. Джиоты Мирианы ныхæстæм гæсгæ  2016 азы Эдвард къæйтты ‘хсæн ерысты ссис бронзæйон призер, 2017 азы бацахста 2-аг бынат æмæ ныр ацы аз та сæххæст кодта йæ разы æвæрд хæс æмæ рамбылдта сыгъзæрин майдан. Джиоты Мириан ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ерысты Кæсæг-Балхъары стъолы теннисы федераци Хуссар Ирыстонæн балæвар кодта стъолы теннисы профессионалон стол.

 

ФУТБОЛ

РЦИ-Аланийы футболы федерацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы фæнд кæнынц стыр футбол сæндидзын кæнын. Уый тыххæй уынаффæ цæуы бынæттон хицауады, цæмæй Дзæуджыхъæуы «Спартак»-æн хицæнгонд æрцæуой уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ. Ныр уал бадзырдтæ уагъд цæуынц зындгонд ирон тренер Гæззаты Юриимæ. Клуб ныртæккæ хъазы Уæрæсейы Профессионалон футболон къорды (ПФЛ). Фыццаг рады командæйы раз æвæрд æрцæудзæн Национ футболон къордмæ  схизыны хæс.

 

БОКС

Ирон боксер Тадтаты Сæрмæт профессионалон рингыл акодта йæ дыккаг тох. Ныр уый 72 кг уæзы категорийы Китайы 4-раундон тох акодта бынæттон 23-аздзыд спортсменимæ, кæцы уыд Китайы чемпионаты æвзист призер. Сæрмæт архайдта хуыздæр æмæ фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл. Тадтаты Сæрмæты тренер у РХИ-йы æмæ УФ-йы          сгуыхт тренер Сланты Витали.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.