Æрæджы Сочийы уагъд æрцыд Советон Цæдисы спорты дæсны Алексей Барабанщиковы номыл 50-æм æппæтуæрæсейон турнир стъолы теннисæй. Уым хайад райстой Уæрæсейы тыхджындæр спортсментæ. Семæ хъазыд хуссарирыстойнаг теннисисткæ Елбачиты Иринæ. Уый тыххæй хъусын кæны «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йы президент Джиоты Мириан. 

«Сочийы уагъд æрцæудзæн Уæрæсейы Кубок стъолы теннисæй. Уый хынцгæйæ Уæрæсейы тыхджындæр теннисисттæ æрцыдысты уырдæм, цæмæй Уæрæсейы Кубокы размæ сæ цæттæдзинад бафæлварой ацы турниры. Уымæ гæсгæ Иринæйæн хорз уавæр уыд уæлдæр æмвæзадыл йæхи бафæлварын æмæ фæлтæрдзинад райсынæн. Уымæн бантыст фыццаг финалмæ рахизын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у хорз æнтыст», – банысан кодта Джиоты Мириан. Уый ма куыд загъта, афтæмæй турниры размæ та ацы горæты уагъд æрцыд тæрхонгæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл семинартæ. Уыдоны хайад райстой Джиоты Мириан, Елбачиты Иринæ æмæ Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик. Семинарты кæрон уыдон радтой фæлварæнтæ, кæцыты фæстиуджытæм гæсгæ сын лæвæрд æрцыд æндæр æмæ æндæр категориты сертификаттæ.

«РХИ-йы стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан ма фембæлд «Уæрæсейы стъолы теннисы федераци»-йы генералон директор Олег Завалюевимæ. Дзырд цыд æмгуыстады фарстаты фæдыл.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ махæн тынг пайда уыд ахæм мадзæлтты хайад райсын. Бузныг мæ фæнды зæгъын Президент Бибылты Анатолийæн, афтæ ма Национ бангы сæрдар Джиоты Жаннæйæн Сочимæ ацæуынæн нын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй», – банысан кодта Джиоты Мириан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.