Æнудæс азы фæстæ та ногæй ацы аз Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конд æрцыдис актерон факультет. Факультет ногæй бакæнын æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый тыххæй  дзырд цыдис ивгъуыд аз. Ног факультетмæ бацæуæн фæлварæнтæ райдыдтой 15 июлæй конкурсы бындурыл. Актеры дæсныйадыл сахуыр кæнынмæ ацы факультетмæ сæ документтæ æрбахастой дыууын абитуриенты, кæцытæн сæ фылдæр сты чызджытæ. Бацæуæн фæлварæнты къамисы уæнгтæ сты, куыд университеты ахуыргæнджытæ, афтæ театры минæвæрттæ дæр.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ актерон факультет бакæныны хъуыддаджы тыххæй фæндон бахастой театры къухдариуæгад æмæ йæ æвæрццагæй ас-къуыддзаг кодтой университеты ректор Тедеты Вадимимæ. «Ацы фæндон бахастой нæ театры къух-дариуæгад, уымæн æмæ нын ис проблемæтæ кадртимæ, фæсивæд нæм сты тынг цъус æмæ афтæмæй кусын зын у. Уый размæ азты-иу нæ фæсивæдæй арвыстам ахуырмæ Уæрæсейы Федерацимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрæн фылдæрбæрцæй кадртæ цæттæ кодтой Мæскуыйы. Владимир Немирович-Данченкойы номыл МХАТ-ы скъола-студийы Тбилисы Шота Руставелийы номыл паддзахадон академион театры аивадон факультеты, М. Щепкин æмæ Б. Щукины номыл театралон институты. 2009-æм азы ма фæстаг хатт ахуырмæ арвыстам иу фæлтæр. 2009 азы Мæскуымæ ахуырмæ кæй арвыстам, уыдонæй, хъыгагæн, æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ абон нæ театры кусы æрмæстдæр дыууæ адæймаджы – Мамиты Григори æмæ Мæргъиты Ингæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ театры репертуары ис ахæм спектакльтæ, кæцытæ домынц æвзонг артистты архайд. Зæгъæм, нæй нæм ахæм æвзонг артисттæ, кæцытæ сæххæст кæной Ромео æмæ Джульеттæйы рольтæ. Чи дзы ис, уыцы артисттæ та ахызтысты уыцы карæй. Ацы фарст у ахсджиаг æмæ йыл бæстонæй сдзырдтам. Бирæ рæстæджы катай кодтам ацы проблемæйы тыххæй, зæгъгæ, куыд бакæнæм æмæ цы бакæнæм. Уæд æрцыдыстæм уыцы хъуыдымæ, цæмæй нæхи тыхтæй, ома, нæ республикæйы æмвæзадыл бакусæм сæвзæргæ проблемæйыл. Махæн нæ хъуыдыйыл сразы ис ХИПУ-йы ректор дæр æмæ аскъуыддзаг кодтой факультет бакæныны хъуыддаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзырд цыдис уæлæмхас финансон хæрдзтыл дæр, фæлæ уыдон дæр ссардтой», – банысан кодта пресс-службæйы минæвар. Уым ма нын куыд радзырдтой, афтæмæй актерон факультетмæ ист нал цæудзысты иннæ азты, цалынмæ ацы курс кæронмæ акæной, уæдмæ. «Абоны онг фарст æвæрд цæуы афтæ, зæгъгæ уал ацы курсмæ бакæсæм, кæд сæ хорз кадртæ рацæуа нæ театрæн, уæд дарддæр дæр дзурдзыстæм фарстыл, ома, факультет ныууадзыныл.

Бацæуæн фæлварæнты къамисы уæнгтæй сæ иу, нæ республикæйы адæмон артист Бибылты Сосланимæ куы ныхас кодтам конкурсы фæстæ, уæд загъта, зæгъгæ, иумиагæй сисгæйæ, абитуриентты æмвæзадæй йæ зæрдæ барухс. Бацæуæн фæлварæнты къамисы сконды ма уыдысты нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуц-цаты Тамерлан, театры директор Уалыты Мадинæ æмæ РХИ-йы адæмон артисткæ Гугкаты Эвели-нæ.

Сæ ахуырыл дзырд куы цæуа, уæд сын арæзт цæуы æппæт уавæртæ дæр. Актерон факультеты ацы курсæн сæ аивадон къухдариуæггæнæг уыдзæнис Дзуццаты Тамерлан. Спецдисциплинæтæ ма сын кæсдзысты РХИ-йы адæмон артисттæ Тъехты Васили æмæ Бибылты Сослан, афтæ ма РХИ-йы сгуыхт артист Харебаты Жан-Жак. Лекцитæ та кæсдзысты бадзырды бындурыл. Уымæй дарддæр ма сæ фæнды ис рæстæгæй рæстæгмæ нæ университеты ректоры æххуысæй Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ дæсны специалистты æрхонын, цæмæй сын сæ зонындзинæдтæ дих кæной бынаты. Уæрæсейаг специалисттæ цы  ‘гъдауæй уаддзысты сæ лекцитæ, уый нырма бæлвырд нæу. Чизоны, æрцæуой цыбыр рæстæгмæ æмæ бакусой мастер-кълассты фæлгæтты кæнæ та-иу дæргъвæтин рæстæгмæ бакæсой сæ курс. Студенттæн сæйраг у практикæ æмæ уый тыххæй та Дзуццаты Тамерлан фæнд кæны, цæмæй-иу фидæны артистты акæна Мæскуымæ æмæ Цæгат Ирыстонмæ. Ацы хъуыддаг стыр ахъаз уыдзæнис сæ практикон фæлтæрддзинадæн. Иудзырдæй сын æвзæр перспективæтæ нæй. Фыццаг курсы лекцитæн сæ иу хай уагъд цæудзысты театры, ома, спецдисциплинæтæ. Чизоны сын лæвæрд цæуой æндæр æмæ æндæр рольтæ дæр æмæ хъазой спектакльты. Иннæ дисциплинæтæй та сын лекцитæ кæсдзысты университеты», – зæгъынц пресс-службæйы.

Пресс-службæйы ма нын куыд загътой, уымæ гæсгæ ног факультеты байгомимæ нырма ницы проблемæтыл æмбæлынц. Абон нæ театры фидыцтæй сæ иутæ сты, 2002-æм азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет кæй рауагъта, уыцы актерон факультеты рауагъдонтæ. Уыдоны ‘хсæн сты сгуыхт артисттæ: Хуыгаты Альбинæ, Чохели Натия, Куымæридтаты Батрадз, Цоциты Николай, Сагирова Милена æмæ æндæртæ. Факультет бакæныны тыххæй уæд дæр фæндон бахастой театры къухдариуæгад æмæ сын сæ фæндыл æхсызгонæй сразы ис университеты уæды ректор, дзæнæттаг Джиоты Георги. Студенттæн спецдисциплинæтæ кастысты Гугкаты Эвелинæ, дзæнæттаг Зæгъойты Ростик æмæ æндæртæ. Ныр дæр та ацы факультеты бакондимæ театры къухдариуæгад стыр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц, сценæмæкæсджыты раз  профессионалон архайд чи æвдиса, уыцы хъæуæг артисттæм.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.