Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад æмæ цæгатирыстойнаг национ спорты хуызты, мас-рестлинг æмæ культурæйы федераци сфидар кодтой бадзырд ирон анимацион сериалтæ парахат кæныны фæдыл, – фехъусын кодтой министрады пресс-службæйы.

Цæгат Ирыстоны уæрæсейаг мультфильмтæ ирон æвзагмæ ивын райдыдтой 2017 азы æхсæнадон организаци “Федерация национальных видов спорта, масрестлинга и культуры”-йы хъæппæрисæй.

“Бадзырды фæлгæтты æвдисдзысты популярон мультфильмтæ, кæцытæ тæлмац æрцыдысты ирон æвзагмæ. Видеоæрмæджытæ æрвыст æрцæудзысты скъолайы агъоммæ уагдæттæм”, – банысан кодта Ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Янæ.

Ирон æвзагмæ сæ ратæлмац кæныны тыххæй фæрæзтæ æрæмбырд кæнынæн организаци ауагъта цалдæр акцийы. Уыцы фæрæзтæй бантыст ратæлмац кæнын “Маша и медведь”-ы фыц-цаг сезон, æдæппæт – 26 серийы æмæ “Фиксики”-йы фондз серийы.

Ӕрæджы телекомпани “Осетия-Ирыстон” фехъусын кодта, уыдон кæй райстой мультфильм “Маша и Медведь”-ы ирон æвзагыл рав-дисыны бар.

Гыццыл фыдуаг чызг Маша æмæ тæнзæрдæ арсы иууылдæр зонынц. Мультипликацион киноны-вы сæйраг хъайтарты бауарзтой   фæсарæнты дæр. Æвдисынц æй 100 бæстæйы. Ратæлмац æй кодтой 25 æвзагмæ. Фæлæ ууыл дæр хъуыддаг нæ лæууы – парахатдæр кæны æмæ фылдæр адæмы зæрдæтæ æлхæны. Анимацийæн æрцыд иронау сдзурыны рад дæр. Ахæм хъуыды фæзынд культурæ æмæ спорты фæдерацийы кусджытæм. Уый стыр ахъаз уыдзæн ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн.

Проект аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, цæмæй зындгонд мультикты хъайтартæ иронау сдзурой, ууыл дарддæр кусдзысты. Тагъд рæстæг ма нæ мадæлон æвзагыл хъуамæ дзурын райдайой сывæллæтты уарзондæр мультипликацион киноныв – «Смешарики»-йы хъайтартæ. Сæйраг хъуыды –  ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтыл бацархайын.

Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, ацы проект кæстæр фæлтæрæн пайда кæй хæсдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Хуссарирыстойнаг фыссӕг Джыгкайты Бэллæйы аргъау “Хетӕджы мӕсыг”-мӕ гӕсгӕ мультипликацион фильмӕн мыхуыр ӕрцыд йӕ тизер.

Мультфильм исы мӕскуыйаг студи “Движение”.

“Премьерӕ фӕнд кодтам авгус-ты бӕрӕгбонтӕм, фӕлӕ коронавирусы фӕдыл уавӕр фӕстиат кӕны йæ финансон фарст. Стӕй ма мах бафӕндыд, цӕмӕй йӕ равдисой кинотеатрты дӕр. Ӕрмӕгӕн рацыд йӕ тизер уырыссаг ӕвзагыл, цӕттӕ цӕуы мадӕлон ӕвзагыл вариант дæр”, – загъта фыссӕг.

Уый банысан кодта, мультфильмӕн йӕ кусӕгон вариант кæй у цӕттӕ.

Мультфильмы сӕйраг хъайтар у ирон паддзахы фырт Хетӕг. Мультфильмы аразджыты фӕндыд равдисын уый ӕрмӕст бӕгъатырӕй нӕ, фӕлӕ ма адӕймагӕй, кӕцы хӕссы уарзондзинад ӕмӕ хорздзинад.

Сценари уырыссаг ӕвзагӕй иронмӕ тӕлмац кӕны публицист ӕмӕ фыссӕг Плиты Инал, националон мелодитӕ та фыссы зарӕггӕнӕг Ӕлборты Ланæ. Мультфильм саразынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.