Парламенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Евразиаг таможнæйон цæдисы территорийæ æддæмæ, бæлвырддæрæй та  – Уæрæсейы Федерацийæ æрласгæ товарты таможнæйон фиддонтæ кæй фæфылдæр сты, уый фæдыл уынаффæ кодтой Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадты.

Æмбырд уагъта комитеты сæрдар Тъехты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ ацы фарст тыхсын кæны республикæйы æппæт цæрджыты æмæ йыл ауынаффæ кæнын хъæуы. Бамбарын хъæуы, проблемæ цæимæ баст у æмæ республикæйы Хицауад уыцы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй цы къахдзæфтæ аразынц.

«Ацы фарст рахæссын хъæуы РХИ-йы Парламенты президиумы рабадтмæ дæр æмæ сессимæ дæр», – загъта Тъехты Алан.

Уый фæндон бахаста, цæмæй фарсты тыххæй фехъусын кæной Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйæн дæр æмæ УФ Федерацийы Советæн дæр, цæмæй иуæй-иу товартыл ма æвæрой таможнæйон  фиддонтæ.

Депутаттæн информаци радта Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй, цæмæй Уæрæсе йæ мидæггагон базар бахъахъхъæна, уый тыххæй ацы азы сентябры Уæрæсейы Федерацийы Хицауад райста уынаффæ Уæрæсейы территорийæ æндæр бæстæтæм аласгæ товарты таможнæйон фиддонты бæрц фæфылдæр кæныны тыххæй. Уый фæстиуæгæн фыццæгæм октябрæй, валютон курсмæ гæсгæ, Уæрæсейы территорийæ цы товартæ ласынц, уыдоны таможнæйон фиддонтæ фæфылдæр уыдзысты 7 проценты онг.

«Таможнæйон фиддонтæ фæфылдæр уыдзысты кæцыдæр хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товартæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ таможнæйон фиддонтæ нæ фæфылдæр уыдзысты фыццаградон æнæмæнгхъæуæг товартæй кæцыдæртæн», – банысан кодта Тадтаты Дзамболат. 

Таможнæйон фиддонтæ нæ хауынц дзидза æмæ æхсыры субпродукттæм, æхсыр æмæ æхсыры продукттæм, (æхсырысæртæ, цыхтытæ, йогурттæ, къæдор), нæлхæ, хурмæзиладжы зети, макаронтæ, ссадæй конд продукттæ, æнахъом сывæллæттæн хъæуæг продукттæ, æхсæнгæрзтæ, уæлæдарæс, фармацевтон продукци, бензин, дизелон æртаг æмæ æрдзон газмæ. Ацы товарты къордæн, Евразиаг таможнæйон цæдисы æддагэкономикон архайды товарон номенклатурæмæ гæсгæ, нæ фæфылдæр уыдзысты таможнæйон фиддонтæ æмæ республикæйы мидæг дæр ацы товарты æргътæ ма хъуамæ фæзынаргъдæр уой.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, банысангонд уынаффæ кæуыл парахат кæны, уыдоны тыххæй Хуссар Ирыстоны Хицауад дыууæ къуырийы дæргъы бадзырдтæ уадзы уæрæсейаг фарсимæ. Банысан чындæуыд, зæгъгæ, фарстыл куыстæуы Экономикон рæзты министрады æрвылбонон форматы дæр.

«Ацы уынаффæйæ Хуссар Ирыстоны сисын кæй хъæуы, уый æмбарынц уæрæсейаг фарс дæр æмæ уыдон дæр махимæ иумæ кусынц сæвзæргæ  уавæрæй рахизыны фарсты тыххæй», – банысан кодта экономикон рæзты министр.

«Хуссар Ирыстоны Хицауад бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауадмæ дыууæ фæндонимæ: фыццаг фæндон – Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссын, цæмæй Хуссар Ирыстоны ныффыссой, ахæм таможнæйон фиддонтæ кæмæ нæ хауынц, ахæм бæстæйæ; дыккаг фæндон – бакусын хъæуы ахæм механизмыл, цæмæй таможнæйон-тарифон æмæ æнæ тарифон бæстонкæнынады мадзæлттæ дарддæр ма парахат кæной Хуссар Ирыстоныл. Мах фæндон бахастам æмæ цæттæ кæнæм  товартæй базар кæныны тыххæй Уæрæсейы Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны проект-сразыдзинад, ахæм цаутæй хи сæдас кæныны тыххæй», – загъта Тадтаты Дзамболат æмæ ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ахæм уынаффæтæ райст æрцæудзысты тагъд рæстæджы.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.