А-сæрды, Нæузæххонты уынджы цыппæрæм, фæндзæм æмæ æхсæзæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты цæрджытæ куы фехъуыстой, ацы аз сын сæ кæртытæ хæрзарæзт кæндзысты, уæд сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Уыимæ ма сæм сæвзæрд катайдзинады æнкъарæнтæ дæр. Катай та уымæн кодтой, æмæ сыхы цæрджытæй цалдæр кæрты æмæ хæдзæртты алыварс сарæзтой рæстæгмæ агъуыстытæ, бацахстой зæххы гæппæлтæ æмæ сæ, зæгъгæ, мыййаг афоныл куы нæ аласой, афоныл сæ куы нæ суæгъд кæной уæд, зæгъгæ, иуæй аразджытæн сæ куыстытæ ныкъуылымпы уыдзысты, иннæмæй та уынджы рæсугъд æмæ сыгъдæгдзинад нæ уыдзæнис зæрдæмæдзæугæ.

Рæстæгмæ арæзтæдты хицæуттæй иутæ Гаглойты Нанули, Джиголаты Павел, Багаты Батыр, Къусраты Евелинæ æмæ Зассеты Витали бамбæрстой сæ сыхæгты рæстаг домæн æмæ уадид æрæвнæлдтой уавæр рараст кæнынмæ. Сыхæлдтой æмæ аластой, рæстæгмæ кæй сарæзтой, уыцы арæзтæдты æрмæджытæ, суæгъд кодтой, цы зæххы гæппæлтæ бацахстой, уыдон дæр. О, фæлæ Сиукъаты Иосеб æмæ Цхуырбаты Зуромæ нæ бахъардта, нæдæр сæ сыхæгты рæстаг домæн æмæ нæдæр хъуыды акодтой, сæ мæгуырау ахаст сыхы рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинадыл мæгуырауæрдæм кæй бандавдзæнис, уый. Сæ иу æмæ се ‘ннæ дæр сæ рæстæгмæ арæзтæдтæм бафтыдтой куыд фæстæрдыгæй, афтæ ма разæй дæр æмæ ныууынгæг кодтой фæндаг, хæдзæртты кæрт. Иу мæгуырау миниуæг та сæм уый разынд æмæ куыд сæ иу, афтæ иннæ дæр йæхи æнхъæлы растыл.

Цымæ ацы рарасткæнинаг фарсты тыххæй Цхинвалы горæты разамынд æмæ йæ барадхъахъхъæнæг органтæ та цы зæгъдзысты, цахæм мадзæлттæ райсдзысты?

                                                                      ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.