Рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинад чи уарзы, чи сæ парахат кæны, уыдонæн  стыр кад æмæ аргъ кæнынц, ацы хорз миниуджытæй хайджын чи нæ у, кæннод та бынтондæр кæй не ‘ндавынц, ахæмтæ дæр. Ацы фарстмæ нæ горæты бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты алфæмблайы цæрджытæ цахæм цæстæй кæсынц, сæ хæдзæртты рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинадмæ сæ хъус куыд дарынц, уый бæрæг кæнгæйæ сарæзтон ахæм хатдзæгтæ.

Райдианæй мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ цы фарастуæладзыгон цæрæн хæдзæртты   уыдтæн, уыдон бацæуæнты мæгуырау уавæр мæхи цæстытæй куы нæ федтаин, уæд мæ искæй дзырдтæй сæ катайаг уавæр уырнгæ дæр нæ бакодтаид. Фыццаг бацыдтæн Комаровы уынгыл 61-æм фарастуæладзыгон цæрæн хæдзармæ. Дыгай хатæнон фатертæм ис хицæн бахизæнтæ. Цæрджыты фылдæр хай сын сæ бахизæнтæ сæхгæдтой æмæ сæ ныр æхсæвæй бонæй у талынг. Иннæ та уый æмæ сæ бирæтæ афтæ сæхгæдтой æмæ адæймаг хъуыды дæр нæ акæндзæнис, уыдоны мидæгæй цæрджытæ ис, ууыл. Сты зылын-мылын, гæлирамад, йæ къухы кæмæн цы æфтыдис, ахæм фæйнæджы гæппæлтæ æмæ æндæр алыгъуызон  æрмæджытæй арæзт. Асинтыл кæлдтытæй лæууынц, цæрджыты  рагæй чи нал хъæуы, сæ алыварс бирæ брон æмæ чъизи кæмæн æрæмбырд, ахæм алыгъуызон æрмæджытæ æмæ зæронд электроифтонггæрзтæ.

Хæдзары бацæуæнты алы уæладзыгыл дæр ис æртæ рудзынджы. Фæлæ æнæхъуаджы арæзт кæй æрцыдысты, уый дызæрдыгкаг нал у. Уымæн æмæ цæрджытæ, рудзгуытæм хæстæг цы уæгъдибар бынæттæ ис, уыдон сæхгæдтой. Уыдонæн дæр сæ мæгуырау уындæй талынг кæны  адæймаджы зæрдæ. Сыгъдæгдзинадмæ та лæууынц тынг дард.

Хæдзары цæрджытæй уый бирæтæм цъус фæкаст æмæ æхгæнын райдыдтой электронымайæн скъаппытæм бахизæнтæ дæр. Сæ фенгæйæ фыццаг бадис кодтон, зæгъын, сæ рухсы фиддонтæ фидын дæр сæ нал хъæуы, цас бахардз кæнынц, уый куыд базонынц?.. Электронымайæн скъаппытæм бахизæнтæ кæй сæхгæдтой, уым æрмæст цæрджытæ не сты азымджын, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны электрохызæджы кусджытæ дæр. Уыдон сæ афоныл куы бафæдзæхстаиккой, куы сын бамбарын кодтаиккой, раст кæй нæ кæ-нынц, уый, уæд дзы абон афтæ мæгуырау дæр нæ уаид.

Хæдзарæн йæ алыварс у ног асфальт, фæлæ кæрты иунæг ран дæр хорзæрдæм нæ разынд цæрджыты къухты фæд. Уый хыгъд дзы æдæрсгæ нал ис ацæуæн арæз-тадон æрмæджытæй.

Уавæр ноджы мæгуырау æмæ катайагдæр у Джиоты Аланы проспекыл 195-æм фарастуæладзыгон цæрæн хæдзары. Хæдзары бацæуæнты афтæ талынг у æмæ асинтыл, хъавгæ куы нæ цыдаин, уæд æнæ ахаугæ нæ фæуыдаин. Дзæвгар дзы ис хæдзарон мигæнæнты цъæлтæ, æндæр æрмæджытæ. Уавæр уæлдай мæгуыраудæр у дыккæгæм бацæуæны уæллаг уæладзгуыты. Асинтыл уыйбæрц цыдæртæ калд  æмæ амад ис æмæ ууылты исты рахæссын нæ, фæлæ адæймаджы агурын бахъæуы, къах кæм æрæвæрай, ахæм бынатæй. Йæ цæрджытæ мыл уынджы амбæлдысты цалдæрæй. Бахизæнты мæгуырау уавæры тыххæй семæ куы ныхас кодтон, уæд ма тæрсгæ дæр фæкодтон, зæгъын, ныртæккæ фæхыл уыдзысты. Иутæ дзы дзырдтой, зæгъгæ, кæм сæхгæдтой, уыдонæй пайда дæр нæ кæнынц, сæхгæдтой сæ кæрæдзимæ гæсгæ, æмæ ныр къорд азты зындзинæдтæ æвзарынц, куыд сæхæдæг, афтæ æндæртæ дæр. Иннæты хъуыды та уыд, зæгъгæ, æппындæр никæй хъыгдарынц, пайда сæ кæнынц æви нæ, уый та, никæмæ хауы.

Кæд Маяковскийы уынджы 2-æм фарастуæладзыгон цæрæн хæдзары цæрджытæ, уæлдæрзагъдгонд хæдзары цæрджытæй сæ хъус хуыздæр дарынц сæ хæдзармæ, уæддæр ам дæр фæзындысты фыццаг фæткхалджытæ. Уыдонæн абон сæ ных куы ничи бакъуыра,  уæд цыбыр рæстæгмæ ам дæр фенæн уыдзæн уæлдæр банысангонд нывтæн.

Ноджы дæр ма йæ зæгъон, цы æнæзæрдæмæдзæугæ нывтæ федтон, уыдон мын исчи куы радзырдтаид, уæд  мæ нæ бауырныдтаиккой. Фæнды мæ хæдзæртты цæрджыты бафæрсын æрвылбон ахæм нывтæ чи уыны, уыцы сывæллæтæ цахæм хъомылдзинад хъуамæ райсой? Науæд уæхицæн тæригъæд дæр нæ кæнут, æрвылбон ахæм нывтæм кæсгæйæ?

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.