Нæ  горæты сæйраг уынгтæ фæстаг азты сæ хуыз скалдтой, фæлæ фæсвæд уынгты уавæр нырма бирæ рæтты у æдзæллаг. Цæвиттонæн æрхæсдзынæн Ахвледианийы уынг. Ам иу хæдзары раз ис, æфсæйнаджы згъæлæнтæ, арæзтадон æрмæджыты æвзарæнтæ. Горæты кæройнаг уынгты фенæн ис, хæдзæртты хицæуттæ хивастæй кæй бацахстой, ахæм зæххы гæппæлтæ.

Æнæпайдайæ йæ дуармæ зæронд будкæтæ æмæ хæлд машинæтæ чи дары, бирæ ис ахæмтæ дæр, зæгъæм, БАМ-ы районы. Сыхæгты фарстам, ахæм хæдзæртты цæрæг бинонты горæты администрацийы кусджытæ никуы бафæдзæхстой, зæгъгæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, кæддæр иу хатт фæзынынц, фæлæ стæй нал разынынц æмæ фæткхалджытæ дæр ныхъхъус вæййынц, сæхи нал батыхсын кæнынц сæ сисыныл. Нал суæгъд кæнынц, хивастæй цы зæххы фадгуытæ бацахстой, уыдон дæр.

Плиты Ароны уынгыл цæрæг йæ хæдзарæй сарæзта машинæтæ цалцæггæнæн гом цех. Бацахста канд машинæты фæндаг нæ, фæлæ ма къахвæндаг дæр æмæ цæуджыты фæхъæуы дардыл æрзилын.

Ахæм нывтæ фенæн ис канд горæты фæсвæд уынгты нæ, фæлæ ма горæтмæ ‘ввахс æрбахизæнты дæр.

Горæты территорийыл нырма бирæ ис гуырдзиаг хæдзæртты пырхæнтæ. Уыдон схæмпæл сты, брондæттæ сæ сырæзт æмæ æвидыц кæнынц горæт. Æрмæст 8-æм июны уынджы цалдæр ис ахæм хæдзæрттæ.

Æмбæлон хъусдард нæй, горæты сабитæн цы хъазæн фæзуæттæ арæзт æрцыд, уыдонмæ дæр, ничи сæм зилы æмæ броны бын фæвæййынц. Сæрдыгон бонты сæ сабиты ныййарджытæй чидæртæ ныссыгъдæг кæнынц, фæлæ зымæджы сабитæ уырдæм хъазынмæ куынæуал фæцæуынц, уæд æм хъусдард нал вæййы æмæ сæ брæттæ æрæмбырд вæййы.

Магазинтæ хъæугæ сты адæмæн, фæлæ сын йæ алыварс сыгъдæг дарын кæй хъæуы, уый хъуамæ сæ хицæуттæй рох ма уа. Горæты бирæ фенæн ис хуыры, змисы кæлдтытæ. Чидæр йæ фатер цалцæг кодта, змис æрбаласта, фæлæ йын фагæй фылдæр разынд æмæ цалдæргай азты афтæмæй фæлæууы бахизæнтæм хæстæг…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.