Фосдарды къабаз райтынг æмæ йын йæ продуктивондзинад рæзын кæнынæн стыр ахъаз у ветеринарон кусджыты архайд. Уыдонæн се ‘рвылбонон хæс у фосы æнæниздзинадмæ æмбæлон хъусдард здахын, алыхуызон низтæй сæ хъахъхъæнын. Сæ куыст ахæм уагыл аразынц Знауыры районы ветеринарон кусджытæн дæр (сæйраг ветдохтыр Хъотайты Æхсар).

Хъотайы фырт куыд загъта, афтæмæй районы цæрджыты æмæ фермерон хæдзарадты æдæппæт стурвос нымадæуы 2500 сæры, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 100. Цæрджытæ дарынц хуытæ дæр æмæ сæ нымæц хæццæ кæны 1000 сæрмæ. Хуыты нымæц кæй фылдæр кæны, уым сæ æнæзæрдæхудт куыст ис ветеринарийы кусджытæн дæр. Амæйразмæ африкæйаг емынæйы ныхмæ дæр райстой ахадæн мадзæлттæ. Цæвиттон, цалдæр мæйы размæ Мугуты хъæуы фæзынд низ, мæлгæ дæр дзы акодта цыппар хæдзарæн 30 хуыйы. Уæд низы ныхмæ райстой профилактикон мадзæлттæ, карантин æрæвæрдтой хъæумæ æввахс дыууæ бынаты. Низ рабæрæг кæныны тыххæй туг арвыстой Уæрæсемæ æмæ райстой æмбæлон дзуапп. Уымæй дарддæр фосы хицæутты бафæдзæхстой, цæмæй æххæст кæной ветеринарон домæнтæ низ дарддæр мауал фæзыныны тыххæй. Æппæт уыдæттæ радтой сæ æвæрццаг фæстиуæг æмæ низ куынæг æрцыд.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фосмæ æмхиц сты афæдзы алы рæстæджы дæр низтæ. Цæмæй уыдонæй хызт уой, уый тыххæй та сын фыццаджыдæр æмбæлон æххуыс бакæнынц ветеринарийы кусджытæ. Æрмæст сентябры мæйы фосæй 580 сæрæн сарæзтой судзинтæ, фæлæ сын нырма кæронмæ нæ фесты. Ныртæккæ уыцы æнæаргъæвгæ куыстытæ дæр бакæндзысты цыбыр æмгъуыдмæ.

Районы æдæппæт нымадæуы æртæ ветеринарон фадыджы, уыдон та сты Хъорнис, Балта æмæ Зиуаты хъæуты. Фæлæ сæйраг ветдохтыр тынг ка-тай кæны, кадртæ сæм фаг кæй нæй, уый  тыххæй. Æнæуый та дзы чи фæллой кæны, уыдоныл зæрдæ нæ бахуддзæн. Зæгъæм, Козаты З-йыл. кæд 80 азы цæуы, уæддæр у æнæзивæг, йæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсы бæрндзинады цæстæй æмæ дзы уый тыххæй фосы хицæуттæ кæддæриддæр сты райгонд. Фæлæ  хосгæнæн уагдоны бæстыхай ис аварион уавæры, хъæуы йæ цалцæг кæнын, фæлæ йæм хъусдарæг нæй. Уымæй дарддæр сын нæй, хостæ кæм æфснайой, ахæм сæрмагонд бынат дæр, цух сты транспортæй, æмæ иу кæнæ иннæ хъæуы фосмæ, æххуысы тыххæй, цæуын бахъæуы фистæгæй.

Цалдæр ныхасы зæгъын æмбæлы, куысты размæцыдыл иузæрдион чи у, фосы æнæниздзинадыл чи ауды, куыстмæ йæ кусджыты чи разæнгард кæны йæхи цæвиттонæй, уыцы адæймаджы тыххæй. Хъотайты Æхсар ацы дæсныйад кæй бауарзта, уым, чизоны, диссагæй дæр ницы ис, уымæн æмæ хъæууон лæппу йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ кæддæриддæр фосдарæг уыд. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд хъæууонхæдзарадон техникуммæ æмæ йæ каст фæци тынг хорз бæрæггæнæнтыл. Райдианы куыста санитарæй, стæй та ветфельдшерæй, æмæ фæстæдæр та Бехъмары хъæуы ветеринарийы фадыджы хистæрæй. Фæлæ æвзонг специалист æмбæрста, дарддæр æй уæлдæр ахуырад райсын кæй хъæуы. Уымæ гæсгæ каст фæци Дзæуджыхъæуы хъæууонхæдзарадон институт æмæ цæттæ кадрæй æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Хъотайты Æхсарæн йæ бирæазон æмæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй лæвæрд æрцыд Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы кадджын ном, ис ын дзæвгар Кады грамотæтæ æмæ æппæлæн гæххæттытæ. Фæлæ намысджын фæллойгæнæгæн иууыл æхсызгондæр вæййы, хъæууон фосдарæг ын йæ куыстæй разыйæ куы баззайы, арфæйы ныхæстæ йæ номыл куы вæййы, уæд уый.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.