Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн паддзахадон арæн байгом 15-æм сентябры. Фыццаг бон бæлццæтты нымæц афтæ бирæ  нæ уыд, фæлæ уæдæй фæстæмæ канд Дæллаг Зæрæмæджы уадзæн пункты нæ, фæлæ ма дыууæ фарс автостанцты дæр билеттæм сæвзæрд радтæ. Райсом авд сахатмæ байдзаг вæййынц автобустæ. Куыддæр  такситæ суынынц, афтæ уыдонмæ дæр сæхи баппарынц. Хатт бæлццæтты ‘хсæн рацæуы хъаугъа ныхас дæр. Дæллаг Зæрæмæджы уадзæн пункты дæр бæлццæттæй æмæ машинæтæй ис километрон рад. Иуæй-иу налат шофыртæ уавæрæй пайдагæнгæйæ, фæндаггаджы аргъ скодтой иу мин сом. Тыхст адæм бирæ ис – чи йе ‘нæ-низдзинады тыххæй цæуы, чи та йæ пенситæ æмæ сывæллæтты пособитæ исынмæ. Аивæрзой,. уый йедтæмæ разы сты ахæм аргъыл дæр. Уыимæ иумæ, рейсон автобустæй дæр кæцыдæр шофыртæ сæхи сæдзæсгом кодтой æмæ 350 сомы бæсты, сусæгæй, «иу бынат кæмæндæр нывæрдтон æмæ мын кæд 1000 сомы радтай, уæд дæу сбадын кæндзынæн», – зæгъгæ, сæ куыст кæнынц.

Мах бацымыдис кодтам ацы уавæр зонынц æви нæ Автомобилон-транспортон управленийы. Уый фæдыл йæ сæргълæууæг Уалыты Сергей загъта. «Арæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны  ‘хсæн гом æрцыд 15-æм сентябры, Паддзахадон арæныл фæндагон змæлд у хуымæтæг режимы. Бæлццæтты нымæц тынг фæбирæ. Райсом авд сахатæй нæм бирæ адæм æрбагуылф кæны, мах цы рейсон автобустæ рахицæн кодтам, уыдон графикмæ гæсгæ нæ кусынц. Бæлццæттæй уадид байдзаг вæййы автобус æмæ уый дæр анкъуысы 5-10 минутмæ. Фыццаг бон арвыстам Цæгат Ирыстонмæ 5 автобусы, фæлæ адæм бирæ кæй уыд, уый тыххæй сæ дыккаг бон иу фæфылдæр кодтам. Нæ рейсон автобустæ рады нæ лæууынц. Нæ автобустыл бæлццоны аргъ нæ фæфылдæр ис. Раздæр куыд уыд ныр дæр баззад афтæмæй, ома, 350 сомы. Алы автобус дæр фæстæмæ куы æрæздæхы, уæд шофыр саразы дезинфекци, бæлццæтты хæрзиуæгæн».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй фехъуыста, таксисттæй чидæртæ аргъыл кæй схæцыдысты,  уый дæр.  Фæлæ рейсон автобусты шофыртæй дæр, исчитæ кæд афтæ кæны æмæ ахæм цаутæ сбæрæг уой, уæд шофыр фесафдзæнис йæ куыст.

Хисæрмагонд машинæтыл бæлццæтты чи ласы, уыцы шофыртæй аныхас кодтам цалдæримæ. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаггаджы аргъ раздæрау, сæрмагондæй уыдонмæ у 600 сомы, фæлæ чидæртæ архайынц аргъыл схæцынмæ. Чи тагъд кæны, уыдон разы вæййынц фылдæр радтынмæ. Уый раздæр дæр афтæ уыд.

«Райсом мæ фырты арвыстон Дзæуджыхъæумæ. Вокзалы бирæ адæм æрæмбырд. Авд сахатыл æппæт рейсон автобустæ уыдысты йедзаг. Чидæртæ дзы лæугæ дæр кодтой. Автобусæй боны фыццаг сахатыл чи хъуамæ ацыдаид, уый дæр уайтагъд байдзаг. «Такситæ дæр нал уыд», – загъта мын мæ хорз зонгæ.

Такситы шофыртæй сæ иу Сабанты Ушанг зæгъы, зæгъгæ, кæд инфекцийæ тæрсы, уæддæр ын æнæ кусгæ нæй, уымæн æмæ авд мæйы пенси нæ райста. «Магазинты мыл цы хæстæ ис, уыдон уæддæр бафидон. Стæй цы кредит фидын, уымæн дæр та йæ афтон æрхæццæ. Искæмæй ма уæлдай къапекк райсдзынæн, уымæй не схъæздыг уыдзæн. Уымæ гæсгæ мын исчи тыххæй 1000 сом куы дæтта, уæддæр æй нæ райсдзынæн».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.