Куыд зонæм, афтæмæй цалдæр мæйы размæ нæ республикæйы фæзынаргъ ис æртаджы аргъ. Уымæн йæ аххосаг уыд Уæрæсейы Федерацийы базары  дæр АИ-92 æмæ АИ-95 æргътæ 10-13 процентæй кæй фæфылдæр сты. Уæд æртаджы аргъ нæ бандæвта Хуссар Ирыстоны бæлцæттыл, фæлæ ныр, автомобилон транспорты   хистæр Дудайты Альберт куыд зæгъы, афтæмæй 1-æм августæй фæфылдæр уыдзæнис Цхинвал-Дзæуджыхъæумæ рейсон автобустæ æмæ маршрутон такситыл цæуыны аргъ. «Фыццæгæм августæй æхсæнадон транспортыл цæуыны аргъ фæфылдæр уыдзæн 50 сомы. Мах æрвылбон дæр Цæгат Ирыстонмæ аразæм æртæ рейс. Нырмæ билеты аргъ уыд 350 сомы. Ногдзинад комкоммæ дæр баст у æртаджы аргъы фæфылдæримæ: Хуссар Ирыстоны районтæм æмæ хъæутæм автобусыл цæуыны аргъ нæ фæфылдæр уыдзæнис. Уыцы дотацитæ дæтты хицауад. Кæд æртаджы аргъ мæйы размæ фæфылдæр, уæддæр».

Дудайты Альберт ма куыд зæгъы, афтæмæй коронавирусæй рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны бонæй-бонмæ, уымæ гæсгæ, автобустæ æмæ маршруткæтæ алы райсом дæр цæуынц дезинфекци. Шофыртæ æххæст кæнынц маскæйон режим дæр. Шофыртæй домдæуы, цæмæй ПЦР тестытæ аразой æрвылкъуыри дæр. Кæд æмæ шофыртæй исчи рынчын разына, уæддæр уый нæ бандавдзæнис æхсæнадон транспортыл, рейсон автобустæ кусдзысты сфидаргон графикмæ гæсгæ.

Уымæй дарддæр ма Дудайты Альберт куыд фехъусын кодта, афтæмæй сентябры мæйæ районтæ æмæ хъæутæй цæуæг студенттæн бар уыдзæн транспортыл æнæ аргъæй цæуынæн. Уый тыххæй сæ шофырмæ бавдисын хъæудзæнис, студент кæй у, уыцы бæлвырдгæнæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.