Уалдзæджы æрбалæуд баст у нæ иууыл уарзондæр бæрæгбон – Сылгоймаджы дунеон бон 8-æм мартимæ. Царды цыдæриддæр хорздзинæдтæ ис, уыдонæй алкæцыйæ дæр сылгоймаг у хайджын, зæгъæн ис, уымæй равзæргæ кæй сты.

8-æм марты бæрæгбон кæд равзæрд, уымæ кæддæриддæр фæцымыдис кæнынц ног фæлтæр, фæсивæд æмæ сæм сæвзæры фарст кæцæй рацыд æмæ йын цы нысаниуæг ис царды. Историктæ куыд бæлвырд кæнынц, уымæ гæсгæ æппæты фыццаг Нью-Йоркы дзабырхуыйæн, тынуафæн æмæ дарæсхуыйæн фабрикты кусджытæ – сылгоймæгтæ дард 1857 азы 8-æм марты сæ уæззау куысты фæстиуæгæн расидтысты тох æмæ сдзырдтой сæ бартыл. Уыдон куыстой тынг уæззау уавæрты 16 сахаты æнæ-рынцойæ æмæ сæ куыстмызд та уыдис, нæлгоймæгтæм цас æмбæлд, уымæн йе мбис. Сылгоймæгтæ фыццаджыдæр домдтой, цæмæй сын сæ уæззау куыст æмæ фыдæбоны сахаттæ фæкъаддæр кодтаиккой æмæ сæ æркодтаиккой 10 сахатмæ, æмæ сæ куыстмызд та фыст цыдаид, нæлгоймæгтæн куыд фыстой, раст афтæ. Уый уыдис æрвнæрæгау æмæ æппынфæстагмæ сæ бирæ растадты фæстæ цы домдтой, уыдонæн се ‘рдæг æххæст æрцыд.

1910 азы, августы мæйы горæт Копенгагены уагъд æрцыд Æппæтадæмон конференци. Уыцы конференцийы Кларæ Цеткины фæндонмæ гæсгæ рахастой ахæм уынаффæ, цæмæй сæрмагондæй равзарой афæдзы мидæг иу бон, æмæ нымад цæуа, сылгоймæгтæ сæ уæззау царды фæстиуæгæн сæ бартыл кæй стох кодтой, уыцы боныл. Конференцийы фæстæ бирæ бæстæты рйдыдтой сылгоймæгтæ дзурын сæ бартыл, сæ уæззау царды ныхмæ.

1911 азæй Германи, Дани, Австри æмæ Швейцарийы 8-æм март нымад цæуы сылгоймæгты боныл.

Уæрæсейы зæххыл ацы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой 1913 азæй. Советон хицауад 8-æм март банымадта Сылгоймæгты æппæтдунеон боныл æмæ йæ скодта паддзахадон бæрæгбон. 1965 азæй фæстæмæ 8-æм март банысан кодтой улæфты бонæй æмæ абоны онг дæр у афтæ.

Бæрæгбоны хæдразмæ куыстуæтты арæзтой бæрæгбонон мадзæлттæ. Сылгоймæгтæн-иу кодтой алыгъуызон цæстуарзон лæвæрттæ, хуыздæр кусджыты та разæнгард кодтой æхцайы премитæй. Ныры дуджы Сылгоймæгты æппæтдунеон бон нал нымайынц политикон бæрæгбоныл.

Дунейы ацы бæрæгбонмæ фенхъæлмæ кæсы алчидæр. Зæрдиагæй йæм æнхъæлмæ фæкæсынц куыд хистæр кары адæм, афтæ кæстæртæ дæр, куыд сылгоймæгтæ, афтæ нæлгоймæгтæ дæр, цæмæй сæ уарзон адæймæгтæн раргом кæной сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. 8-æм марты бæрæгбон у рæсугъд æмæ нысаниуæгджын, фæлмæн æмæ бæркадджын. Алы нæлгоймаг дæр тырны йæ уарзон сылгоймагæн исты зæрдылдарæн лæвар бакæнынмæ, раарфæ кæнынмæ. Стæм нæлгоймаг разындзæн, ацы рæсугъд уалдзыгон бæрæгбоны фæрсты гобийæ чи ахиза.

Сылгоймæгты бон ма нысан кодтой рагон Римаг империйы дæр. Цагъайраг чи нæ уыд, ома, сæрибар гуырд чи уыд, уыцы чындзыцыд сылгоймæгтæ-иу сæ уæлæ скодтой сæ райстбавæрд дзаумæттæ æмæ-иу цыдысты аргъуанмæ. Уыцы бон-иу сыл сæ сæрыхицæуттæ æмбæлдысты зынаргъ лæвæрттимæ. Æгæрыстæмæй ма æххуырст сылгоймæгтæн дæр сæ хицæуттæ чысыл лæвæрттæ кодтой æмæ-иу сæ уыцы бон сæрибар кодтой сæ куыстытæй. Æвæццæгæн 8-æм марты бæрæгбон æмæ римаг сылгоймæгты бæрæгбоны историйы ‘хсæн ницы иудзинад ис, фæлæ уæддæр кæмдæр æмхуызон сты.

Дзуттæгтæм дæр ма ис ахæм бæрæгбон – Пурим. Йæ сæйраг архайæг у рæсугъд чызг Эсфирь, ома, стъалы. Схъомыл æй кодта дзуттаг Мардохей. Мардохей цард фæндзæм æнусы нæ эрæйы агъоммæ горæт Сузы. Эсфирь уыд хъæбатыр сылгоймаг æмæ фервæзын кодта йæ адæмы хиндзинадæй 480 азты нæ эрæйы агъоммæ, æцæг дзы фæмард 75 мин персаджы æмæ уæдæй фæстæмæ дзуттæгтæ нысан кæнынц Пурим.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.