Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – 8-æм марты бæрæгбон банысан кодтой нæ горæты Анахарсисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ библиотекæйы. Ардæм æрæмбырд сты библиотекæйы кусджытæ, чиныгкæсджытæ.

Бæрæгбонон мадзал байгом Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз сылгоймаг – цардаразæг»-æй, кæцыйы аив бакаст библиотекæйы кусæг Сланты Заирæ. Дарддæр ирон сылгоймаджы уды фарн æмæ уæздандзинады тыххæй раныхас кодтой мадзаламонджытæ – библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Тъехты Ингæ æмæ библиографийы хайады кусæг Джыгкайты Аллæ. Уыдон кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой сылгоймагимæ баст бæрæгбоны нысаниуæджы тыххæй.

Уалдзæджы æрбалæудимæ æрцæуы иууыл рæсугъддæр æмæ цымыдисондæр бæрæгбон –  8 марты бон дæр. Æрдз сылгоймаджы схайджын кодта диссаджы бирæнымæц миниуджытæй. Сылгоймагыл царды бирæнымæц хæстæ сæвæрдæуыд. Бирæ алыгъуызон фæндæгтыл æй бахъæуы ацæуын æмæ уыдон та се ‘ппæт нæ вæййынц лæгъз, фæлæ сылгоймаг æппæтæн дæр сфæразы æмæ аиуварс кæны цыфæнды цæлхдуртæ дæр. Æхсæнады цæмæй сылгоймаг йæ бынат ссардтаид, уый тыххæй йæ хъуыдис бирæ зындзинæдты сæрты ахизын. Ирон сылгоймагæн дзæвгар азты йæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты ахуырад райсынмæ, фæлæ абон хъуысынц бирæ сылгоймæгтæн сæ кады нæмттæ. Схызтысты ахуыры æмæ зонады бæрзæндтæм. Сылгоймаг дохтыр, ахуыргæнæг, хъæууон фæллойгæнæг, æхсæнады архайæг, разамонæг, уыдон абон активонæй архайынц республикæйы æппæт ахсджиаг къабæзты куыстыты дæр.

Бирæ ис ахæм сылгоймæгтæ дæр, нæлгоймæгты æмрæнхъ уæззау æмæ тæссаг дæсныйад чи равзæрста æмæ йæ цард уыцы дæсныйадæн чи снывонд кодта. Уыдон сты махæн цыты аккаг. Нæ республикæйы дзæвгар сты ахæм сылгоймæгтæ, кæцытæ къорд азты дæргъы райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æрлæууыдысты знаджы ныхмæ тохы. Бирæ сылгоймæгтæ баззадысты идæдзæй, бирæтæн фæмард сты сæ хъæбултæ, фæлæ знаджы раз сæ сæртæ не ‘ркъул кодтой.

Мах сæрыстыр стæм – нæ республикæйы æдтейæ чи цæры æмæ дунейыл сæ ном хъуыстгонд кæмæн у, уыдонæй.

Цæгæраты Максим сылгоймагæн аргъгæнгæйæ ныффыста ахæм рæнхъытæ: «А-зæххыл сылгоймаджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн уæм никæйы цæстытæ бахуддзысты. Уый бæрц æнкъарæнтæн никæй цæстæнгас бафæраздзæн. Сылгоймаджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ дæ ничи батавдзæн. Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ дæр уымæй дæсныдæр ничи у. Адæймаджы цардуарзон, базырджын скæны, мæйдар æхсæв хурау скæсы нæ размæ. Цырагъдарæй фæраст вæййы нæ разæй. Нæ азты уæз нын фелвасы æмбойны æмæ нæ сæрмæ ирд сæуæхсид сысты», – радзырдтой мадзаламонджытæ æмæ зæрдæбын арфæтæ кодтой сылгоймæгтæн.

Бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ ма Ирыстоны æппæт сылгой-мæгтæн дæр загъта Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы сæргълæууæг Кокойты Валерия дæр.

Æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ музыкалон номыртæй бахъæлдзæг кодтой Дзауы районы Хуыцъейы аивады хæдзары вокалон къорд «Нартæ», сæ къухдариуæггæнæг Хуыгаты Геннади, афтæмæй. Уыдон сæххæст кодтой цалдæр ирон лирикон зарæджы.

Ирыстоны кадджын сылгоймæгты тыххæй раныхас кодта библиотекæйы кусæг Харебаты Галинæ. Уый банысан кодта, ирон сылгоймæгтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыстой, афтæ ма фæсчъылдымы дæр стыр фыдæбон кæй кодтой. Уыдоны ‘хсæн та уыдысты: Гæлуаты Тамарæ, Саламты Соня, Сæлбиты Верæ, Калманты Оля, Еналдыты Настя, Баситы Чабæхан æмæ не ‘мзæххонтæ Æлборты Тамарæ, Цхуырбаты Людмилæ, Славинская Вера. Харебаты Галинæ æмæ æнд. Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн ма бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загътой нæ горæты централон библиотекæйы кусæг Гуыззыттаты Этери æмæ фыссæг Наниты Асиат. Наниты Асиат, фыццаджыдæр, банысан кодта ирон сылгоймаджы царды уавæртæ æмæ йæм цавæр ахаст уыдис æмæ ис фыдæлтæй абоны онг.

Мадзал дарддæр кодтой ирон фысджыты æмдзæвгæтæй æмæ музыкæйы хъæлдзæг зæлтæй. Зæрдæбын арфæтимæ ма æрæмбырдуæвæг сылгоймæгтæн балæвар кодтой дидинджытæ æмæ чысыл лæвæрттæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.