Уæрæсейы сылгоймæгты бон фыццаг хатт банысан кодтой Петербурджы 1913 азы 2 марты. Ацы бон уыдис «Зонадон райсом сылгоймæгты фарсты тыххæй», кæцыйы хорзыл банымадта хицауад. Боны фæткы уыдысты ахæм проблемæтæ, куыд мадæлдзинад, инфляци æмæ сылгоймæгтæн хъæлæсы бар. Мадзалы хайад иста мин æмæ æрдæг адæймагæй фылдæр.

1917 азы архайæг хицауад петербургæгтæн нæ радта бар, цæмæй нысан кодтаиккой Сыгоймæгты æппæтдунеон бæрæгбон.

Ног советон паддзахады Сылгоймæгты бон æвиппайды райста бæрæгбоны статус, фæлæ баззадис кусгæ бонæй. Советон куыстуæтты сылгоймæгтæ цадæггай райстой æмхуызон бартæ нæлгоймæгтимæ куысты, закъонон улæфт æмæ уæлдæр ахуырад райсын.

Бæрæгбоны советон сылгоймæгтæн нæ лæвар кодтой дидинджытæ æмæ лæвæрттæ, фæлæ иу сæ уыцы бон раздæр ауагътой куыстæй, схорзæхджын иу сæ кодтой грамотæтæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ премитæй.

Официалон æгъдауæй Æппæтадæмон сылгоймæгты бон советон хицауады улæфты бонæй расидт æрцыд 1965 азы майы. 1966 азæй райдайгæйæ 8-æм март у паддзахадон бæрæгбон, улæфт бонимæ. Советон рæстæджы фæзындис хорз традици сылгоймæгтæн дидинджы-тæ, конфеттæ æмæ алыгъуызон лæвæрттæ лæвар кæнын.

Уæрæсейы сылгоймæгты бон официалон æгъдауæй Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон бææгбонты номхыгъдмæ бахауд 2002 азы.

Ацы бæрæгбон кæд кæддæр   фæллойгæнæг адæм нысан кодтой, уæд абон йæ историон нысаниуæг фæивта æмæ нысан цæуы алы сылгоймаджы бæрæгбоныл дæр. Ног уавæрты уый цадæггай ссис сылгоймæгтæн, табу кæныны бон. Алы нæлгоймаг дæр тырны йæ уарзон сылгоймагæн исты зæрдылдарæн лæвар бакæнынмæ, раарфæ кæнынмæ.

Уæрæсейы сылгоймæгты боны традицитæ

Уæдæ цы традицитæ ис 8-æм марты бæрæгбонæн?

* Ацы бон арфæтæ кæнынц алы сылгоймагæн дæр ас æмæ статус нæ хицæн кæнгæйæ. Ацы бон лæвæрттæ райсынц бынтон чысыл чызджытæ дæр, стæй æвзæнгтæ, уыдонæй хистæртæ æмæ ас сылгоймæгтæ дæр.

* Ацы бон традицион лæварыл нымад цæуынц дидинджытæ. Фæнды стыр букет, фæнды ми-мозæйы къалиу, фæлæ дидинджытæ 8-æм марты сты æнæмæнгхъæуæг лæвар.

* Ацы бон сылгоймæгтæ сæрибар æрцæуынц хæдзарон куыстытæй. Раздæр-иу нæлгоймæгтæ хæдзары сылгоймæгты бæсты цæттæ кодтой хæринаг, ныр цæттæйæ æрбахæссынц алцыдæр, цæмæй сылгоймаг уыцы бон улæфа.

* Ноджы ма уæрæсейаг 8-æм марты иу традици – улæфты бон. 1965 азы ацы бæрæгбон улæфты бонæй куы расидт, уæдæй нырмæ уый æнæхъæн бæсты у закъонон улæфты бон.

* Традицион ма у алы коллективты æмæ кусæн бынæтты æнæмæнгæй кæй раарфæ кæ-нынц сылгоймæгтæн. 8-æм марты алы уагдон æмæ кондады дæр сылгоймæгтæ райсынц хъусдард, арфæтæ æмæ комплименттæ.

8-æм марты традицитæ æндæр бæстæты

8-æм март нысан кæнынц Украинæ, Белоруси, Узбекистан æмæ Казахстан, Киргизи æмæ Таджикистан, фæлæ уыдонæн сæ традицитæ ницæмæй хицæн кæнынц Уæрæсейы традицитæй.

Цахæм традицитæ ис 8-æм марты иннæ бæстæты та?

* Вьетнам йæхи рагацау райдайы бæрæгбонмæ цæттæ кæнын. Уыцы бон стыр хъусдард здæхт вæййы сылгоймæгтæм, фæкæнынц сын лæвæрттæ. Хицауад схорзæхджын кæны аккагдæрты.

* 8-æм март бæрæг кæнынц Китайы дæр. Ацы бон Китайы улæфты бон у æрмæстдæр сылгоймæгтæн, нæлгоймæгтæ кусгæ фæкæнынц.

* Францы Сылгоймæгты дунеон бон уæрæхæй нæ нысан кæнынц. Сентименталон францæгтæ сæ сылгоймæгтæн арфæ кæнынц мады боны цытæн – майы мæйы.

* Италийы кæд официалонæй улæфты бон нæу, уæддæр сылгоймæгтæ æртымбыл вæййынц æмæ фæбадынц кафеты, барты æмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынц. Изæры та ацæуынц дискотекæтæм кæнæ клубмæ.

* Грецийы, зæгъæм, нæлгоймæгтæ сæхи нæ тыхсын кæнынц, цæмæй дидинджытæ балхæной, кæннод лæвæрттæ бакæной сылгоймæгтæн. Ацы бæстæйы 8-æм март нымад у, куыд сылгоймæгты  сæ бартыл тох кæныны бон, афтæ.

* Литвæйы æрмæстдæр уырыссаг æвзагыл дзурæг цæрджытæ нысан кæнынц сылгоймæгты бæрæгбон. Бæрæгбонæн уым официалон статус нæй.

* Монголы сылгоймæгтæ нымад сты бинонты амонд æмæ къонайы артдзæст хъахъхъæнджытыл. Уый тыххæй сæм сылгоймаг кады бынаты ис. 8-æм март нысан кæнынц, фæлæ официалон æгъдауæй улæфты бон нæу.

8-æм март хъæздыг у традицитæй, фæлæ уыдонæй иууыл сæйрагдæр у: уæлдай хъусдард сылгоймæгтæм нæлгоймæгты рдыгæй. Хъахъхъæнут уæ сылгоймæгты, лæвар сын кæнут дидинджытæ æмæ лæвæрттæ, буц сæ кæнут канд 8-æм марты нæ, фæлæ æрвылбон дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.