Ирон литературæйы бындурæвæрæджы цытæн нæ республикæйы алы къуымты уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Иу ахæм цымыдисон мадзал «Къоста æмæ музыкæ», зæгъгæ,  ацы бонты уагъд æрцыд Дзауы поселочы.

Мадзал сорганизаци кодтой Дзауы районы централон библиотекæйы кусджытæ уагдоны директор Харебаты Донарæйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивджытæ Цхуырбаты Вадим æмæ Хъоцыты Мендик, районы культурæйы къабазы æмæ библиотекæты кусджытæ, поселочы цæрджытæ. Мадзал уагъд æрцыд поселочы киноконцертон залы, кæцы уыд рæсугъд фæлыст. Сценæйы къулыл конд уыд Къостайы стыр портрет, афтæ ма къултыл конд уыдысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæй цитатæтæ.

Цалынмæ мадзал нæ райдыдта, уæдмæ  уал æрæмбырдуæвджытæ дидинджытæ сæвæрд-той, киноконцертон залмæ æввахс Къостайæн цы цырт æвæрд ис, ууыл. Бæрæгбонон мадзал амыдта Дзауы скъола-интернаты директор, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Галуанты Зæлинæ. Уый лæмбынæг æрдзырдта Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. «Хетæгкаты Къоста, кæцыйы биографи стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæны йе сфæлдыстадæн табугæнджытæм, у нывгæнæг æмæ скульптор, поэт æмæ рухстауæг, Ирыстоны сæрыстырдзинад, ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг. 20-æм æнусы Къостайы сфæлдыстадон бынтæ райстой дунеон æмæ æппæтцæдисон банымад, йе ‘мдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ та тæлмац æрцыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Æрмæстдæр Хетæгкаты Къостайы амæлæты фæстæ бамбæрстой, а-дунейæ кæй ахицæн  æнахуыр диссаджы характер æмæ алывæрсыг курдиаты хицау адæймаг, кæцы йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ. Къостайы биографи æнгомæй баст у йæ радтæг ирон адæмы культурæимæ. Йæ сæйраг хорзæх  та у адæмы уарзондзинад. Цыртытæ йын æвæрд æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны. Къостайы ном хæссынц цæрæн пункттæ, уынгтæ, наутæ, музейтæ æмæ паддзахадон премитæ»,- дзырдта мадзаламонæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ Къостайы  æмдзæв-гæтыл фыст æрцыдысты зарджытæ. Куыд зæгъæм, «Хъуыбады», «Мæ Иры фæсивæд», «Мæ хуры хай», «Кæмæн цы», «Мæлæтæй нæ тæрсын», «Додой», «Æрра фыййау», «Балцы зарæг» æмæ бирæ æндæртæ.Мадзалы активон хайад райста Хуыцъейы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Тотыр. Уый дæр радзырдта цымыдисон хабæрттæ æмæ цаутæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй. Афтæ ма тынг аив бакаст æмдзæвгæ «Къоста Херсоны», зæгъгæ. «Ирон литературæйы классикы æмдзæвгæтыл ирон композитортæ бирæ зарджытæ сфæлдыстой. Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ поэтикон æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-ы æмдзæвгæтæ поэты царды рæстæджы систы адæмон зарджытæ. Æххæст сæ кодтой ирон æхсæнады социалон фæлтæртæ, æвдыстой сæ монон иудзинады зæрдæйыуаг æмæ баст уыдысты национ æндидзынады процесстимæ. Къостайы æмдзæвгæтæ, кæцытæ систы популярон зарджытæ, сты поэтикон лирикæйы дæнцæгтæ. Поэты æмдзæвгæты музыкалондзинад царды расайдта фольклорон æмæ квазифольклорон зарджытæ æмæ романсты фæзынд. Æмдзæвгæтыл фыст адæмон зарджыты композиторон бакуыстытæ баст сты 1920-1930 азты национ вокалон музыкæйы райдайæнимæ. Иннæ этап, 1940-1970 азтæ та баст сты ног поэтикон темæты процесстимæ, сæрмагондæй, æмбæстагон, уарзондзинады, пейзажон лирикæ, вокалон музыкæйы жанрон арæнтæ рауæрæхдæр кæнынимæ, романсты, балладæтæ, вокалон циклты фæзындимæ. 20-æм æнусы кæрон æмæ 21-æм æнусы райдианы та ирон композитортæ пайда кодтой æмæ кæнынц эстрадон, фæсромантикон æмæ джазон стилистикæйæ», – банысан кодта Тыбылты Тотыр.

РХИ-йы адæмон артист, Къостайы премийы лауреат Дзадтиаты Анисим йæ хъомыл-гæнинæгтæ æмæ Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады хоримæ бацæттæ кодтой авд зарæджы. Уыдонæй дыууæ зарæджы сæххæст кодта РХИ-йы Президенты цур лæппуты хор æмæ фондз зарæджы та – Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады хор. Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Козаты Анастасия тынг хорз бакаст скъуыддзаг Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йæ. Мадзалы ма сæ арæхстдзинад равдыстой Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады сывæллæтты хореографион ансамбль «Фидæн». Уыдон сæххæст кодтой «Симд», «Хонгæ кафт», сæ аивадон къухдариуæггæнæг  у РХИ-йы культурæйы сгуыхт архайæг, Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артист Санахъоты Сослан. Хуыцъейы хъæуы культурæйы хæдзары вокалон къорд «Нартæ» сæххæст кодтой «Къостайы фарн» æмæ «Дзауы ком» РХИ-йы сгуыхт артист Хуыгаты Геннадийы къухдариуæгадæй.

Мадзалы раныхас кодта æмæ йæ организатортæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Цхуырбаты Вадим. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Дзауы районы арæх уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, фæлæ ацы мадзал Къостайы цытæн арæзт кæй æрцыд, уымæ гæсгæ йын уæлдай аргъ кæнын, мæ зæрдæмæ, зæгъ, уæлдай тынгдæр фæцыд. Мадзалы организатортæ сæрмагондæй Къостайы азы сæраппонд саразын кодтой риуылдарæн нысæнттæ (значоктæ) æмæ сæ балæвар кодтой мадзалы организатортæ, хайадисджытæ æмæ сценæмæкæсджытæн.

Кæронбæттæны раныхас кодта Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Цхуырбаты Галинæ. Уый дæр бузныг загъта мадзалы организатортæн, ахæм цымыдисон изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ та загъта мадзаламонæг Галуанты Залинæйæн. Æрæмбырдуæвджытæ ирон генийы цытæн изæрæй райгондæй кæй здæхтысты, уый ирдæй зынд сæ цæсгæмттыл.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.