Ирон æвзаджы ныртæккæйы уавæр хуыздæр у æви нæ, уый алкæмæн дæр хъуыдийаг у. Уавæр æцæгæй куыд у, уый та цардæй хуыздæр ничи зоны.

Куыд рæзынц, нæ сабитæ, зонынц сæ мадæлон æвзаг, сæ карæн цас æмбæлы, уыйбæрц, æви нæ? (уыдонæй аразгæ у, не ‘взаджы фидæн цавæр уыдзæн, уый). Ацы фарст мæн дæр тынг тыхсын кæны, æмæ мæ хъус фæдарын, сабиты æхсæн цы ныхас вæййы, уымæ. Зæгъæм, мах нæ сабидуджы кæрæдзийæн дзырдтам: «Ахуыргæнæг нын уый кæсынмæ радта», кæнæ та: «Ахуыргæнæг нын уый дзурынмæ радта». Ныртæккæ та ахуырдзаутæ фæдзурынц: «Ай нын читать у», кæнæ: «Ай нын рассказывать у». Къуырийы бонтæ, нымæцтæ, сырдты нæмттæ, географион бынæттæ, æппæтдæр дзурынц уырыссагау. Ома, мах уырыссаг æвзаджы ныхмæ нæ дзурæм, фæлæ, ныртæккæ нæхи мадæлон æвзаг у рынчыны хуызæн. Мæллæгдæр чи у, уымæ та фылдæр фæкæсын æмбæлы…

Кæй зæгъын æй хъæуы, мах бараст кæнæм сабиты, фæлæ уыдон нæма æмбарынц, ирон æвзаджы проблемæ цы у, уый, æмæ се ‘нæхинæй дзурынц, æнцондæр сын куыд у, афтæ. Уый у цардæн йæхи æвдисæн.

Сабиты кой уал фæуадзæм, æмæ æрыхъусæм хистæрты ныхасы культурæмæ. Куыд уынæм, афтæмæй, ныхасæн дæр культурæ ис. Уый фæдыл профессор Битарты Зоя ныффыста иттæг цымыдисон раиртæст. Дзургæ-дзурын цас зын у, цæмæй цы уырыссаг кæнæ гуырдзиаг дзырдтæ дзурæм, уыдоныл чысыл ахъуыды кæн, æмæ сæ зæгъ иронау. (Уый хауы сæйраджы-дæр телеуынынады уацхæссæгæн интервью чи фæдæтты, уыдонмæ). Уыцы хъуыддаджы иттæг арæхстджын у дохтыр-уролог Пæррæстаты Сæрмæт. Уый дзургæ-дзурын иу æцæгæлон дзырдæй дæр не спайда кæны, æмæ уымæ хъусгæйæ адæймаджы æппæтдæр айрох вæййы, зæрдæмæ рухсы цъыртт æрбакæлы. Бирæтæ та, иронау иттæг хорз нæ дзурын, зæгъгæ, фæвæййынц æрдæгæууылд уырыссаг æвзагыл дзурынмæ.

Ирон æвзаджы рæзты проблемæтыл бирæ фæрæзтæ æмæ хъарутæ хардз цæуы, фæлæ уавæр цас рараст, уый та уын цард йæхæдæг фенын кæндзæн… Адарæм нæ хъус, нæ алыварс адæм цы æмæ куыд дзурынц, уымæ, æмæ фендзыстæм, ирон æвзаджы уавæртæ къуындæгдæр кæй кæнынц, уый. Ома иуæрдыгæй куыст цæуы ацы фарстыл, фæлæ иннæрдыгæй та уыцы куысты фæстиуджытæн сæ бæркад сæфы. Цы сты уымæн йæ аххосæгтæ?

Фыццаджыдæр уал хъуыддаджы гæххæттытæ иронау арæзт кæй нæ цæуынц, уый тынг къуылымпы кæны ирон æвзаджы рæзты хъуыддаг. Уымæн  та, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи аххосæгтæ ис! Фæлæ Хетæгкаты Къоста куыд зæгъы: «Æнæ аххосæй фыййауы фосæй нæ хæссы бирæгъ…», уымæй бамбарæн ис, æнæаххосæй ницы вæййы, фæлæ уыцы аххосæгтæн та хос ссарын хъæуы.

Дыккаг та уый, æмæ (фыстам ма йыл) нал ис ирон æхсæнад. Уымæн дæр та ис йæхи аххосæгтæ, дзырд дæр ыл нæй.

Афтæ аххосæгтæ куы агурæм, уæд нæ сæрыл уал æрдуйы нæй, аххосæгтæ дзы цал разындзæн. Фæлæ фидæны не ‘взаг куынал уа, æмæ уый фæдыл аххосæгты стыр номхыгъд фыст куы уа, уæд нын уый цы баххуыс уыдзæн цымæ?

 

***

Ацы цалдæр боны мит ахæм бæркадджын уард æркодта, æмæ сабитæн сæ зæрдæтæ хуры фарсмæ абадтысты. Сырхуадулæй æмæ хуылыдз фадæй дæр хъазынæй нал æфсæстысты. Æгæрыстæмæй хистæртæ дæр хæдзары бадын нал бафæрæзтой, æмæ сæхи æппæрстой уынгмæ, æрдзы рæсугъд нывтæ фенынмæ æмæ басгарынмæ…

Митуарды аххосæй царды фадæттæй цæмæйдæрты фæцух стæм, фæлæ уæддæр зымæг нæ цардмæ æрхаста æнахуыр зæрдæрухсы тæмæн.

Йе, фæлæ нæ горæты цæрдастæу цы æнусон нæзытæ ис, уыдоныл тынг стыр уæз æрцыд. Мит ныууарыд сæ хихтыл, æмæ дзы иуцалдæрæн æрсастысты сæ къабузтæ. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты хæсты цаутæ… Уæды рæстæджы дæр фыццаг нæзыты къабузтæ райдыдтой зæхмæ згъæлын. Мæгуырæг, адæмы æддейæ уыдон дæр цытæ бавзæрстой! Хæст куы фæци, уæд уынгтæ цъæх сгæллады хуызæн уыдысты нæзыты хихтæй. Уæдæ ацы нæзытæ миты уæзæй цъæл куы кæной, уæд зæрдæйæн зын куыднæ уыдзæн!

Фæнды мæ, цæмæй аудæм, немæ хæсты уæззау дуджы цы бæлæстæ фæцæф сты, уыдоныл дæр.

 

***

Рæхджы Хуссар Ирыстоны уыдзæн президентон æвзæрстытæ. Ома ацы аз нæ уыдзæн, уæд ма йæм бирæ хъæуы!.. Фæлæ афтæ нæу.

Куыд уынæм, афтæмæй адæм ныридæгæн дæр сты тынг дыгъуырццæг æмæ дихдзинады уавæры. Ныртæккæйы президент йæ алы ныхасæй дæр сиды адæммæ иудзинад æмæ сабырдзинадмæ. Хуыцау хорз у, æмæ кæд адæммæ фехъуысид уыцы зондамынд.

Кæддæр куырыхонтæй чидæр афтæ загъта, адæм цы аккаг вæййынц, ахæм сæргълæууæг сын вæййы. Махмæ, Хуссар Ирыстоны царды уавæртæ хæдхуызон æмæ хæдбындур сты. Æвзæрстыты рæстæджы тæбæгъы дон кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уый развæлгъау зæгъын никæй бон у, фæлæ президент æвзаргæйæ мах хъуамæ хъуыды кæнæм, «Адæм цы аккаг вæййынц, ахæм сæргълæууæг сын вæййы». Мах хъуамæ иуварс аппарæм нæ рагон маст æмæ хъаугъатæ, мыггагон хиуарзондзинад, хисæрмагонд пайдайы фæдыл цæуын, æмæ ахъуыды кæнæм нæ адæмы хæстæг æмæ дæрддаг фидæныл. Уæдæ сраст кæнæм нæ зæрдæйы тæрæзтæ, цæмæй уыцы бонты раст сбарæм, раст аскъуыддзаг кæнæм, æмæ раст равзарæм, цæмæй ма адзæгъæл уæм нæ хивæнд æмæ хиуарзоны фæдыл. Æмæ кæд афтæ у, ома , «адæм цы аккаг вæййынц, ахæм сæргълæууæг сын вæййы», уæд уый фæстæ цы аккаг стæм, уымæй æфсæрмы ма фæуæм, фæлæ дзы уæм буц æмæ райгонд.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.