Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы газифтонгады кусджытæ ивгъуыд къуырийы кæрон æрæвнæлдтой горæт Цхинвалы Зæронд хиды иувæрсты цы газы хæтæл цæуы, уый цалцæг кæнынмæ. Ацы архайд нæ горæты цæрджытæй бирæтæ бамбæрстой афтæ, ома хъавынц зæронд хид ныппырх кæнынмæ æмæ йын йæ бынаты ног саразынмæ. Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты цæрджыты иу хайы зæрдæмæ нæ цæуы уыцы хъуыды. Уыдон ацы объект нымайынц горæты символтæй сæ иуыл. Фæлæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады экспертты хатдзæгтæм гæсгæ абоны бон хид дзуапп нæ дæтты æдасдзинады  домæнтæн. Зæгъынц, зæгъгæ, нæ дæттынц, дæс азы фæстæ хид кæй нæ ныппырх уыдзæнис, ахæм гаранти. Хид у стратегион объект æмæ, дам, кæдфæндыдæр хъуамæ уа æдас. Кæйдæрты хъуыдымæ гæсгæ, хид бавæрын хъæуы фистæгæй цæуджытæн, ног хид та дам саразын хъæуы раздæры Мехзоводы районы. Уыцы хъуыдыйы тыххæй та Зæгъойты Эдуард зæгъы, зæгъгæ Мехзаводы районы инфраструктурæ цæттæ нæу, цæмæй ууылты хид сырæза. Ацы быцæутæ нырма скъуыддзаг не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ фарст хаст æрцыд фидæнмæ.

«Ацы куыстытæ хидмæ ницы бар дарынц. «Фаллаг фарс»-ы районмæ уадзæм стыр гуырахсты газы хахх, цæмæй уый фæстæ газæй сифтонг кæнæм завод «Ирбазальт»-ы. Хид ис, ацы аз арæзт чи хъуамæ æрцæуа Инвестпрограммæйы фæлгæтты, уыдон номхыгъды. Фæлæ уыцы фарст мах министрады лыггæнгæ нæу. Стæй дæр, цæмæй хидыл куыстытæ кæнынмæ бавналой, уый тыххæй хъæуы донвæд фæивын. Уымæн та саразæн ис æрмæстдæр августы мæйы, раст доны гуырахст къаддæр куы вæййы, уæд», – зæгъы Зæгъойты Эдуард.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы хистæр Табуты Нугзар бамбарын кодта, газы хæтæл æцæг дæр хиды иувæрсты кæй  ацæудзæнис. Уыцы куыстытæ, дам, конд фæуыдзысты дыууæ къуыримæ. Нырма ам цы газы хæтæл цыд, уый ивд æрцæудзæнис ставддæр хæтæлæй.

 Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.