Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы 75 азы сæххæсты уæлахизы цытæн, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ юбилейон майдантæй хорзæхджын цæуынц нæ республикæйы хæст æмæ фæсчъылдымы ветерантæ. Уыцы кадджын мисси æххæст кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад.

Æрæджы дæр Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уагъд æрцыд фæсчъылдымы ветеранты хорзæхджын кæныны церемони. Ардæм уæззаугай, чи – йæ цотимæ, чи та йæ цоты цотимæ иугай цыдысты ветерантæ, цытджын мадзæлттæ уагъд кæм фæцæуынц, уырдæм.

Федерацийы цытджын церемони байгом кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов. Уый бузныджы ныхæстæ загъта алы фæсчъылдымы ветеранæн дæр, уымæн æмæ уыдон стыр хайбавæрд бахастой знаг ныддæрæн кæныны хъуыддагмæ. Мах, зæгъгæ, ныртæккæ цæрæм, тохы быдыр æмæ фæсчъылдым уæ хайадисты руаджы.

«Хъыгагæн, бирæтæ нал сты абон не ‘хсæн. Уæ разы мах стыр хæсджын стæм. Уæ хайбавæрды тыххæй уын стыр бузныг. Уæ фæллой æмæ стыр фыдæбоны тыххæй стут зæрдылдарæн майданты аккаг», – дзырдта ветерантæн минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæсчъылдымы ветерантæй алчи дæр кодта удуæлдай фыдæбон. Уæрæсейы минæвар цытджын уавæрты «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы» цытæн юбилейон хорзæхтæ радта, фæсчъылдымы Уæлахизмæ егъау хайбавæрд чи хаста, уыдонæн.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, мах хæсджын стæм Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты раз нæ хæс у уыдон сгуыхтдзинæдтæн кад кæнын æмæ сæ ма рох кæнын. Уæлахизы бæрæгбонмæ уагъд цæудзæн бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ, уыцы нымæцы Уæлахизы стыр бæрæгбон, æмæ, зæгъгæ, нырма æмбæлдзыстæм æмæ арфæ кæндзыстæм кæрæдзийæн.

Хорзæхджын чи ‘рцыд, уыдон нæ бамбæхстой сæ тæлмæнтæ æмæ мысинæгтæ

Рустауаг Дзабиты Уасил колхозы куыста агитаторæй, газет сын фарста  фæскуыст.

«Харебаты Димитр нын уыд колхозы сæрдар, æфсир фæндæгтыл згъæлд æмæ уый уыгътам мах, æххуыс нын кодтой скъо-латы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Бæгънæг æмæ бæгъæмвадæй куыстам æмæ æххуыс кодтам, афтæмæй нæ хайбавæрд хастам Стыр Уæлахизмæ», – дзырдта Уасил.

Бахъаты хъæуккаг Бестауты Ильяс æхсæвæй, бонæй уыд куыстыл хæст. «Уæд мыл 12 азы йедтæмæ нæ цыд, ме ‘мцахъхъæнтимæ, гутоны фæстæ галты разæй колхозы куыстытæ кодтам. Æххуыс кодтам хæдзары куыстытæ бæстон кæнынæн дæр.

Ме ‘фсымæр баззад хæсты быдыры. Æххормаг рæстæджытæ æрвыстам. Хъæдурдзæхтон-иу куы баййæфтон хæдзары, уæд мын бæрæгбоны хуызæн уыд æмæ-иу дзы мæхи хорз федтон», – дзырдта Ильяс.

Алы ныхасгæнæг дæр бузныджы ныхæстæ дзырдта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, уыцы нымæцы ми-нæварадæн, ахæм стыр кад æмæ сын аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.