Цытджын æмбæстæгтæ!

Зынаргъ ветерантæ!

Æмбæлттæ инæлартæ, афицертæ æмæ салдаттæ!

Арфæ уын кæнын Уæлахизы боны цытæн,  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн!

1945 азы 9 майæ рацæугæ азтæ нымайгæйæ, мах фидарæй зонæм уый, æмæ рæстæг не ‘рныллæг кæндзæн Стыр Уæлахизы нысаниуæг. Ацы Уæлахиз хуымæтæг хæсты нæ бафтыд къухты. Адæймагад уæд фыццаг хатт фембæлд æнагъæд-даджы знагимæ, фашизмы тоталитарон идеологиимæ, кæцы сæ зонд схæццæ кодта милуангай адæй-мæгтæн.

Гитлеронтæн бантыст иууыл тыхджындæр æфсад æрæмбырд кæнын, кæцы реалон ныхмæлæууæгыл нæ фембæлгæйæ, парадон къахдзæфæй рацыд Европæйыл. Бæрзонд хæстон потенциалимæ европæйаг бæстæтæ кæрæдзийы фæдыл сæхи лæвæрдтой фашистон Германийы æфсадмæ. Европæйы адæм нындзыгау сты морæгъуыз емынæйы тасæй.

Дунейыл паддзахиуæгадмæ фæндагыл Гитлеры раз цæлхдур уыд иунæг Советон Цæдис.

«Раст стыр бæстæ, раст удуæлдай тохмæ!» Ацы хæстон зарæджы алы дзырд дæр бахъардтой советон адæймæгтæй алкæмæ дæр. Æрмæст æфсад нæ тох кодтой тыхæйисджыты ныхмæ.  Сæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохмæ растадысты советон адæм æппæтдæр. Гитлеронтæ сæхиуыл банкъардтой Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ растæг адæмы фыдæхы тых.

Ацы тæссаг хæсты уæлахиз къухы бафтыд фронтовиктæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджыты фидар удыхъæд, æхсар æмæ æгæрон удуæлдайдзинады руаджы, хæстон балхонты, конструкторты курдиаты руаджы, паддзахадон аппараты куыст чи срæвдз кодта, уыдоны æмæ фронты операцитыл командакæнынады фæрцы.

Советон æфсад агрессоры тардта суанг знаджы дуæртты онг, фашистон сырды хуынггомы онг. Берлины Рейхстаджы къултыл цы фыстытæ ныууагътой хæстонтæ-уæлахиздзаутæ,   уыдоны ‘хсæн уыд не ‘мзæххонты къухфыстытæ дæр.

Хуссар Ирыстон сæрыстыр у, иумиаг Уæлахизмæ нæ адæм цы хайбавæрд бахастой, уымæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты дыууын минæй фылдæр адæймаджы. Уыдон тох кодтой Хъырымы сæрыл тохты дæр, Мæскуыйы цур дæр, сæ цардыл æнауæрдгæйæ хъахъхъæдтой  Ленинград, Ставрополь æмæ Кавказы хæхтæм бацæуæнтæ.

Нæ хæстонтæ активон хайад истой Сталинграды тохы æмæ Курскы къæлæтауы тохты, тох кодтой партизанон къордты сконды, знаджы дæрæн кодтой денджызы дæр æмæ уæлдæфы дæр, ссæрибар кодтой Киев, Будапешт, Венæ, систой Кенигсберг æмæ Берлин. Уыдонæй астæй хорзæхджын æрцыдысты бæрзонд хорзæхæй – лæвæрд сын æрцыд  Советон Цæдисы Хъайтары  ном.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахиз стыр аргъæй бафтыд къухы. Хъæбатырæй фæмардысты милуангай советон хæстонтæ. Знагимæ тохы Уæлахизы тыххæй сæхиуыл нæ ауæрстой Ирыстоны хæс-тонтæ, кæцытæ-иу атакæйы ракодтой хæстонты æмæ фæстаг туджы æртахы онг хъахъхъæдтой  хъахъ-хъæнынадон позицитæ.

Ацы хæсты Хуссар Ирыстоныл стыр зиан æрцыд, фронтæй нал æрыздæхтысты 18 мин адæймагæй фылдæр, уыдон уыдысты кусæгдых нæлгоймæгты 80 проценты! Уый  уыд, цалдæргай милуан цæрæг кæм ис, Европæйы уыцы бæстæтæ хæсты цас фесæфтой, уымæй фылдæр!

Нæ ветерантæ-фронтовиктæ, кæцытæ хъæбатырæй тох кодтой Фыдыбæстæйон хæсты æмæ сæ бæстæйæн æрхастой сæрибар цард, цы ‘нхъæл уыдысты, кæддæр та сæ  райгуырæн зæххыл хæсты арт кæй ссудздзæн. Уыдон нæ бауырныдтаид, цасдæр рæстæджы фæстæ сæ райгуырæн зæххмæ кæй æр-цæудзысты, хæстон зындзинæдтæ æмæ уæлахизы циндзинад кæимæ дих кодтой, сæ уыцы  гуырдзиаг æмхæстонты зæнæджы зæнæг гæрзифтонгæй. Уыцы цау ветерантæй бирæ-тæн уыд арвыцæфау, уый бирæтæн, знаджы нæмыгау, æрхаста мæлæт.

Нæ сæртæй ныллæг кувæм нæ иумиаг Райгуырæн бæстæйы, Стыр Уæлахизы тыххæй йæ цард чи снывонд кодта, уыдон рухс нæмтты раз. Нæ сæртæй ныллæг кувæм, фронтовиктæ æмæ фæсчъылдым фæллойгæнджытæй абоны онг чи нæ фæцард, уыдоны рухс нæмтты раз. Сæ ном сын ссарæм иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, хæлæрттæ!

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашизмыл чи фæуæлахиз, уыдоны сгуыхтдзинæдты мысынад адæймагады историйы баззайдзæн куыд мæлæтыл, сау тыхтыл стыр уæлахиз, афтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæстонты хъайтардзинад фидæны фæлтæртæн ссис  æхсардзинады æмæ Райгуырæн бæстæйыл æгæрон æнувыддзина-ды цæвиттон. Фыдыбæстæ  хъахъхъæнджыты ног фæлтæртæ, кæцытæ схъомыл сты уыдоны цæвиттоныл,  сты сæ дадаты æмæ  уыдоны фыдты аккаг.

Гуырдзиаг неонацизм сæ агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ куы скодта, уæд нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохмæ сыстадысты нæ хæстонтæ, сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, уыцы тыхæйисджыты ныхмæ. Хæстон кадджын традицитыл  ахуыр чи сты, нæ уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ равдыстой æхсардзинад æмæ нæ адæмыл æну-выддзинады стыр цæвиттон.

Нæ райгуырæн зæххыл сабырдзинад æмæ æнцойдзи-над нæ адæм нымайынц иууыл стырдæр хæрзиуæгыл. Мах нæ зæрдыл дарæм, цахæм аргъæй бафтыдысты уыдон нæ къухты, уый æмæ алцыдæр сараздзыстæм нæ Фыдыбæстæйы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Нæ зæххыл фидар сабырдзинадæн ныфсджын гаранти у Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æдасдзинады иугонд тыгъдад.

Символикон у уый дæр, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны парадон расчеттæ, нæ республикæйы уæрæсейаг æфсæдты контингент, Донецкы Адæмон Республикæйы хæстонтæ абон кæй лæууынц иу рæнхъы. Потенциалон агрессор хъуамæ æмбара уый, æмæ Хуссар Ирыстоны арæнтæ æмæ территориалон æнæхъæндзинадмæ чи бахъава, уый кæй райсдзæн аккаг ныхкъуырд.

Зынаргъ ветерантæ фронтовиктæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ!

Ацы стыр бон сæйраджыдæр у уæ бæрæгбон, уымæн æмæ Стыр Уæлахиз  æрхастат сымах. Республикæйы æппæт адæмы номæй уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæргъвæтин æмæ амондджын цард! Сабырдзинад æмæ амонд сымахæн æмæ уæ сывæллæттæн, уæ сывæллæтты сывæллæттæн, æппæт уе ‘ввахс хиуæттæн!

Зынаргъ хæлæрттæ, Фыды-бæстæ хъахъхъæнджытæ, æмтохгæнджытæ!

Нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, сымах иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстат уæ развæдгæнæг фæлтæрты аккаг фæдонтæ кæй стут æмæ ныртæккæ райгуырæн бæстæйы раз аккагæй кæй æххæст кæнут уæ хæстон хæстæ, уый! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

2008 азы августы уæрæсейаг салдаттæ æмæ афицертæ уæрæсейаг æфсады кады чиныджы  ныффыстой ног фæрстæ. Уыдон фенын кодтой агрессорыл уæлахиз кæнын куыд хъæуы æмæ традицитыл æнувыддзинад сæ хиуæтты бахъахъхъæнын!. Уæлахизы боны цытæн арфæ кæнын  Республикæ Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон служ-бæгæнджытæн!

Бæрæгбоны цытæн арфæ кæнын не ‘фсымæртæн Донецкы Адæмон Республикæйæ. Сы-махмæ æрхаудта уæ сæрибардзинады, национ аккагдзинады æмæ уæ адæмы сабырадон фæллойы сæрыл тох кæныны стыр хæс. Уадз, Донбассы зæх-хыл тагъддæр æрлæууæт са-бырдзинад æмæ æнцойад». Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Уæлахизы боны цытæн! Уадз, алыхатт дæр нæ Фыдыбæстæйы сæрмæ уæд сабыр арв! Уадз, азæй азмæ уæ хæдзæртты фылдæр кæнæд фæрныгад æмæ циндзинад, уадз, ныфс уæ уæд уæ сомбоны хуыздæр цардæй!

Сабырдзинад æмæ дидинæфтыд нæ диссаджы Райгуырæн бæстæйы алы хæдзарæн, алы цæрæгæн!

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд!

Ура, æмбæлттæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.