Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны спортивон царды æрцыдис æхсызгон цау. Нæ горæттаг æрыгон богал, 18-аздзыд Бестауты Андрей ссис æрыгæтты æхсæн Европæйы чемпион. Уый йæ Райгуырæн бæстæмæ æрхаста сызгъæрин майдан æмæ уымæй йæ бавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны спортивон æнтыстытæм. Æрыгон спортсмены уæлахизыл, фыццаджыдæр, тынг фæцин кодтой йæ тренер Коцты Тамерлан æмæ йе ‘вварс хиуæттæ. Уыдоны циныл цин кæнынц æгас Ирыстоны спортуарзджытæ дæр.

Бестауты Андрейыл Рукъы ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты йе мбæлттæ æмæ кæм архайы, уыцы спортивон скъолайы минæвæрттæ.

Æрыгон хъæбысæйхæцæг æмæ йæ тренерыл цы тæлмæнтæ ныууагъта Италийы уагъдцæуæг Европæйы чемпионат, стæй ерыстæ куыд ацыдысты æмæ сæм сæхи куыд цæттæ кодтой, уый тыххæй сæ дыууæйы дæр æрбахуыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ бынæттон журналисттæн информаци радтыны сæраппонд. Пресс-конференци уагъта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы кусæг Гæджиты Аллæ. Фыццаджыдæр, уый арфæйы ныхæстæ загъта уæлахиздзау спортсмен æмæ йæ тренерæн, Ирыстоны ном кæй айхъуысын кодтой, æмæ ирон богалы тых æндæр бæстæты спортсментæ сæхиуыл кæй бавзæрстой æмæ йæ ныхмæ фæлæу-уæг кæй нæ уыд. Уый ма цыбыртæй журналистты зæрдыл æрлæууын кодта Бестауты Андрейы уæлахизы тыххæй, турниры иумиаг хыгъдмæ гæсгæ кæй рамбылдта 32:0 хыгъдæй.

Уæлахидзауы тренер Коцты Тамерлан йæ раныхасы банысан кодта райгондæй кæй баззад йæ хъомылгæнинаг æмæ сæрыстыр кæй у турниры фæстиуджытæй. «Европæйы италиаг горæт Фаэнцайы цы ерыстæ уагъд цыдысты, уым 110 кг. уæзы категорийы Бестауты Андрей тох кодта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды æмæ ссис уæлахиздзау. Уымæн йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты зындгонд спортсментæ, фæлæ не спортсмен æппæт тохтæ дæр рамбылдта фылдæр очкотæ райсгæйæ. Рамбылдта турниры иумиаг хыгъдмæ гæсгæ 32:0 хыгъдæй. Æдæппæтæй йын уыд цыппар тохы æмæ сæ рамбылдта æмгъуыдæй раздæр. Тынг хорз тохтæ фенын кодта Бестауты лæппу æмæ дзы стæм сæрыстыр. Финалмæ рахизыныл нæ богал тох кодта Украинæйы номæй гуырдзиаг спортсменимæ æмæ йæ рамбылдта. Финалы та тох кодта венгриаг спортсменимæ æмæ та ам дæр Андрей фенын кодта хорз фæстиуджытæ», – загъта Коцты Тамерлан. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæн рагæй нæ уыд ахæм фæстиуджытæ Европæйы ерысты æмæ дарддæр дæр сæхиуыл кусдзысты ацы хуыз спорты размæцыды хъуыддаджы.

Журналистты цымыдис кодта, ерыстæм ацæуынæн сын чи баххуыс кодта æмæ исты ныхдуртыл æмбæлдысты уыцы рæстæджы æви нæ. Ацы фарстæн тренер сдзуапп кодта, зæгъгæ, Бестауты Андрей, фыццаджыдæр, ис Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сконды æмæ йын ерысты хайад райсынæн æппындæр кæй ницы проблемæтæ уыдис. «Не спорткомитет махæн алыхатт дæр æрбалæууы нæ фарсмæ æмæ нын проблемæтæ никуы сæвзæры», – банысани кодта тренер.

Йæ уæлахизы тыххæй пресс-конференцийы цыбыртæй загъта Бестауы фырт. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ тохы размæ чысыл тыхстис, фæлæ йæ ныхмæлæууæг спортсмен йæ разы куы ‘рбалæууыд, уæд æрмæстдæр хъуыды кодта йæ уæлахизыл. «Уадиссаг дæр нæ тыхстæн. Рахызтæн хъæбысæй хæцынмæ æмæ рамбылдтон. Мæ тохты мын иууыл зындæр уыдис украинæйаг спортсменимæ. Уый разынд тыхджын хъæбысхæцæг, фæлæ иннæты рамбылдтон æнцонтæй. Ме стыр бæллиц у, цæмæй спорты размæ цæуон æмæ рамбулон олимпиаг хъæзтыты дæр. Уый тыххæй мæхиуыл кусдзынæн ноджы фылдæр, цæмæй мын уа ноджы хуыздæр фæстиуджытæ», – загъта  спортсмен.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй йæ спорты ацы хуызмæ фыццаг чи бакодта, уый уыдис йæ сыхаг лæппу. Хъæбысæй хæцынмæ бацыдис, цыппæрæм къласы куы ахуыр кодта, уæд æмæ райдыдта тренировкæтæ кæнын Коцты Тамерланмæ. Æрыгон спортсмен ныртæккæ ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны хæххон-металлургион институты арæзтадон факультеты, афтæ ма у Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты студент дæр. У тынг хорз кæстæр, æфсæрмыгæнаг, хиуыл хæцгæ лæппу, уымæ гæсгæ йæ дзуаппытæ дæр уыдысты уæздан, цыбыртæй.

Андрейы куы бафарстой, зæгъгæ, фыццаг рады бузныджы ныхæстæ кæмæн зæгъид йæ уæлахизы тыххæй, уæд уымæн æнæахъуыдыгæнгæйæ, йæ дзуапп уыдис – йæ тренер Коцты Тамерланæй.

Йæ рады Коцты фырт дæр бузныджы ныхæстæ загъта йæ хъомылгæнинаг спортсменæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Андреймæ стыр фæндвидардзинад ис спорты æмæ уæлахиздзау дæр уый фæрцы ссис.

«Андрей у курдиатджын лæппу æмæ йемæ кусын дæр у æнцон. Бантысдзæн ын, цæмæ тырны, уый», – загъта тренер.

Коцты Тамерлан ма куыд банысан кодта, афтæмæй йæ тренерон архайды Бестауты Андрей у иунæг ахæм хъомылгæнинаг, кæцы уæ-лахиздзау ссис Европæйы уагъдцæуæг турниры æмæ уымæ гæсгæ сæрыстыр у йе ‘нтыстытæ æмæ уæлахизæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.