Хъæууон лæгæн сæйраг сты фæндаг æмæ дон. Уый афтæ кæй у, уый хынцы нæ республикæйы разамынад æмæ æмбæлон хъусдард здахы хъæууон цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ.

Рагæй фæстæмæ дæр Цъи-нагары хъæуы цæрджытæ стыр зындзинæдтæ æвзæрстой, рæстмæ фæндаг сæм кæй нæ уыд, уый аххосæй. Фынддæс километры дæрддзæгæн фæндагыл сæрдыгон бон дæр зынтæй цыдысты машинæтæ, зымæгон бонты æмæ къæвда рæстæджыты та бынтон хъизæмайраг уыдысты.

Ацы фарст уыдон бирæ хæттыты æвæрдтой Хицауады раз, фæлæ йæ аразынæн фæрæзтæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ æргъæвтой азæй-азмæ. Ныр ын йæ арæзтадмæ æрывнæлдтой ацы аз марты мæйы.

2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты Гром-Цъинагары фæндаджы арæзтадæн хицæн æрцыд 225 милуан сомы. Проектон-сметæйон документаци куыддæр арæзт æрцыд, афтæ фæндаджы арæзтадмæ æрæвнæлдта паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой».

РХИ-йы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй фæндаджы арæзтадон куыстытæ райдыдтой Громы ‘рдыгæй фарс. Фæндаджы арæзтадыл кусы 50 адæймаджы бæрц. Ис сæм техникæйы æхсæз иуæджы, сæ куысты нæй проблемæтæ, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæджытæй. Фæндаг бирæ рæтты хъæдты кæй цæуы, уымæ гæсгæ кусджытæ лыг кæнынц бæлæсты, лæсæн бынæттæ фидар цæуынц лæбырдуромæн къултæй. Цъыфы лæсæнтæй тæссаг бынæтты та æвæрд цæуынц, стыр диаметр кæмæн ис, ахæм хæтæлтæ. Кусджытæ фæндагæн йæ уæлцъар сыджыт исынц, лыстæг хуыр ыл калынц æмæ йæ стæй уый фæстæ ныннæмынц.

Фæндагæн йæ дæргъ уыдзæн 15 километры. Цы хид дзы арæзт цæуы, уымæн та йæ дæргъ уыдзæн 36 метры бæрц. Фæндаджы фæрсты та уыдзæнис донлæдæрсæн къанау. Иудзырдæй, фæндаг арæзт цæуы нырыккон домæнтæм гæсгæ.

Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй фæндаджы арæзтадыл, сæйраджыдæр, кусынц бынæттон цæрджытæ. Æрхонгæ кусджытæн та уым бынаты арæзт æрцыд цардуагон уавæртæ. Фæндаджы арæзтад фæуыдзæн ацы азы кæронмæ æмæ уæд Цъинагары зонæйы цæрæг адæмæн сæ уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæнис. Кæд нырмæ, Цъинагарæй Цхинвалмæ фæндагыл цæугæйæ, уырдæм дыууæ сахат æмæ æрдæг бахъæуы, уæд ацы фæндаг эксплуатацимæ радтыны фæстæ та æртæ хатты фæкъаддæр уыдзæн. Уыимæ цъинагайрæгтæн бирæ фенцондæр уыдзæн горæтмæ се ‘ркæнгæ продукци æрласынæн, бынæттон базары сæ ауæй кæнын æмæ стæй фæстæмæ сæ хæдзæрттæм рæстæгыл аздæхынæн.

Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг азты Цъинагары регионы бирæ вазыгджын социалон проекттæ арæзт æрцыд, кæцытæн сæ нысан у хъæуы цæрæг адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын. 2014 азы ма нуазыны донæй ифтонг æрцыдысты Абреу, Орчъосан æмæ Цъинагары хъæутæ. 2016 азы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс» баивта, чи базæронд сты, уыцы электроцæджындзты. Ивгъуыд аз Цъинагары байгом сывæллæтты рæвдауæндон. Орчъосаны хъæуы цалцæг æрцыд скъола. Хъæууон цæрæджы ма æндæр цы хъæуы цæрынæн. Ныр та сæххæст уыдзæн сæ иууыл стырдæр бæллиц – сырæздзæн сæм фæдаг.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.