Рекомы дзуары бæрæгбонмæ Хуссар Ирыстонæй æрвылаз дæр вæййы бирæ адæм. Мах дæр ме ’рвад Гæззаты Тимуримæ ацы аз ацыдыстæм, нæ Ирыстонæн иумæйаг чи у, уыцы стыр бæрæгбонмæ. Нæ Ирыстоны алы комы æрдз дæр рæсугъд у, фæлæ мæм мæ ацы балцы рæстæджы афтæ фæкаст, цыма дзы Цъæйы комы рæсугъддзинадæн æмбал нæй.

Фæндагыл бирæ рæстæг нæ бахъуыдыстæм. Бахæццæ стæм афоныл, баййæфтам дзы бирæ адæм. Федтам, Цхинвалæй ма дзы чи уыд, уыдоны дæр. Нæ зæрдæ барухс дзуары алфæмблайы æфснайддзинадæй, адæмы хæларзæрдæ ахастытæй.

Диссаг мæм уый фæкаст, æмæ кæд сосæ фæндагæй дзуары цурмæ æввахс нæу, адæм æмхæрд цыдысты гакъон-макъон къахвæндагыл, уæддæр иууылдæр уыдысты гом къа-хæй, уымæн æмæ афтæ æмбæлы цæуын ацы дзуармæ. Адæм, стæмты йедтæмæ, иууылдæр уыдысты урс дарæсы.

Дзуармæ цæугæйæ, фыццаг бахæццæ стæм сабитæ æмæ æвзонг мæдты кувæндонмæ. Уый дæр у Рекомы дзуары хуызæн, фæлæ — бирæ къаддæр. Уый фæстæ та ба-хæццæ стæм, сылгоймæгтæ кæм фæкувынц, уыцы бынатмæ.

Дзуары цурмæ бацæугæйæ, нæ кувинæгтæ нæма æрæвæрдтам, афтæ нæ разы февзæрд цалдæр цхинвайладжы. Бамбарын нын кодтой, сæ фынгыл бынат кæй ис, уый, æмæ мах дæр фæцæуæг стæм сæ фæдыл. Базонгæ стæм, фынгыл кæй баййæфтам, уыдонимæ дæр.

Адæм фылдæрæй-фылдæр кæнынц, афтæ сбирæ сты, æмæ дзуары алыварс рæстмæ азмæлæн дæр нал уыд. Алырдыгæй хъуысы сæ хъæлдзæг ныхас, кæрæдзийæн арфæтæ кæнынц. Цъæйы комы азæлыд зарæг. Адæм хъусынтыл фесты Хуыцауы, Уастырджийы, Рекомы æмæ æндæр зæдты тыххæй зарджытæм. Алчи дæр сæм бацымыдис кодта æмæ фарстой кæрæдзи, чи сты, куыд рæсугъд за-рынц, кæцæй сты? Куыд фæбæрæг, афтæ-мæй уыдон уыдысты Цæгат Ирыстоны пад-дзахадон филармонийы зарæггæнджытæ.

Зарæджы зæлтæ нæма банымæг сты, афтæ дзуары цур, фæз бынæттæй иуы амбырд сты ирон æвзонг лæппутæ. Уыдон фыццаг сæххæст кодтой ирон «Тымбыл кафт». Уый фæстæ та — «Нæртон кафт». Уыцы кæфтытæ афтæ рæсугъд æмæ аив сæххæст кодтой, æмæ сæ арæхстдзинадæй барухс сты, цины æнкъарæнтимæ сын чи æмдзæгъд кодта, уыдоны зæрдæтæ.

Уæдмæ иу бæрзонд бынатæй райхъуыст, зæгъгæ, кувæг æрбацæуы æмæ сымах дæр баввахс ут уæ фынгтæм, сисут уæ кувинæгтæ. Кувæг Хъайтыхъты Бола слæууыд, фынгæй систа бæгæныйæ йедзаг куысси. Адæм ныссабыр сты æмæ иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц кувæджы ракуывдмæ. Уый, Хуыцау, Уастырджи, Реком æмæ æндæр зæдтæн бафæдзæхста, Рекомы дзуармæ чи ‘рбацыд, уыдоны, ирон адæмы æмæ адæмы хæрзиуæгæн чи архайы, дунейыл сабырад чи тауы, æппæт уыцы адæмты. Уый фæстæ куывд адарддæр кодта Дыгургомы минæвар Хъыргъаты Валодя. Æлхынцъ та йæ бакодта Хуссар Ирыстоны минæвар Бететы Юри.

Куывтытæ ахæццæ сты кæронмæ æмæ йæ фынгтæ чи куыд раздæр æфснайдта, афтæ, адæм сабыргай, ныхæстæгæнгæ, сосæ фæндаджы ‘рдæм цæуынц кæрæдзийы фæдыл.

Рекомы кувæндонмæ кæд бирæ адæм æрцыд, уæддæр сæ фæстæ ахæм сыгъдæгдзинад ныууагътой, цыма уыцы уаз бынаты рагæй фæстæмæ ничиуал уыд.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.