Нæ горæты фæзындысты ахæм бынæттæ, цыран адæм изæрыгæтты тезгъо кæнынц, сæ фæллад уадзынц æд сывæллæттæ. Ногдзауты паркæй дарддæр ма тезгъо кæнынæн цæрджытæ равзарынц   Октябры уынг, Театралон фæзуат, Хуыбылты Ва-лерийы номыл фæлладуадзæн парк æмæ æндæр бынæттæ. Цæвиттон, Стыр паркы æрвылаз дæр бынæттон цæрджытæ фæтезгъо кæнынц. Уыдон хæрзиуæгæн дзы арæзт æрцыд сæрмагонд фæндаг, æвæрд дзы æрцыдысты бронкалæнтæ, бандæттæ, электроны цырæгътæ, рæсугъддзинад цæстытæ сæхимæ здахынц. Афтæ – иннæ фæлладуадзæн бынæттæ дæр. Гъе, фæлæ сын сæ аивдзинадыл нæ ауæрдынц хицæн адæймæгтæ æмæ сæ фыдуынд кæнынц. Пырх кæнынц фонарты, бронкалæнты, бандæтты. Бирæ цы конфеттæ æмæ адджынтæ фæ-хæрынц, уыдон брон брондонмæ нæ фæхæццæ кæнынц, фæлæ сæ кæмфæндыдæр аппарынц.

Цæмæй афтæ кæнæм? Æндæр горæтты дæр кæнынц ахæм митæ, фæлæ уыдоны рабæрæг кæнынц видеокамерæты фæрцы æмæ сæ бафхæ-рынц, бæрндзинадмæ сæ æркæнынц. Махмæ дæр бирæ уынгты конд ис видеокамерæтæ, фæлæ нын нырма уыцы фадат нæй, цæмæй алы сквер æмæ улæфæн бынаты дæр конд уой. Алчидæр æй æмба-ры, уыцы хъуыддаг баст у стыр æхцайы фæрæзти-мæ.

Æрæджы Стыр паркы тезгъогæнгæйæ, мæ цæст схæцыд, газоны цы уардитæ сагъд ис, уыдонæй цалдæр къутæр чидæр куыд фелвæста æмæ сын сæ сыджыт та тезгъогæнæн тротуартыл куыд ныппырх кодта. Уыдон сагъд æрцыдысты æрæджы æхсæнадон-экологион организаци «Зеленая Алания»-йы руаджы. Уæдæ кæй къухтæ æххæссынц ахæм бынæтты уыцы рæсугъддзинад халынмæ?

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.