9-æм сентябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бацыд республикон соматикон рынчындонмæ, цыран фембæлд медицинон персоналимæ æмæ базонгæ дохтырты куысты уавæртимæ.

РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Агуындæ, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл УФ-йы уынаффæгæнæг, профессор Игорь Галь æмæ республикон соматикон рынчындоны сæйраг дохтыр Кокойты Маирбегимæ Президент азылд рынчындоны хайадтыл.

Рентгендиагностикæ æмæ флюорографийы кабинеты Тыбылты Леонид аныхас кодта æвзонг специалисттимæ, кæцытæ ныр 2 азы кусынц ног ифтонггæрзтыл. Дохтыр Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, ацы ифтонггæрзтæ сты Цæгат Кавказы хуыздæртæй сæ иутæ.

«Мах абон кусæм компьютертыл, аразæм бæрæггæнæнты картотекæтæ. Уый нын тынг рог кæны нæ куыст. Ацы аппараты руаджы бирæбæрцæй фæхуыздæр нæ куыст», – загъта æвзонг специалист.

Ныридæгæн саразын цы бантыст, æмæ абоны онг дæр цахæм проблемæтыл æмбæ-лынц рынчындоны медперсонал, уый тыххæй дзырд цыд Президент æмæ дохтырты фем-бæлды рæстæджы.

Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы, дохтыртæ банысан кодтой, зæгъгæ, рынчындон ныры хуызæн медикаменттæй ифтонг никуы уыд. Президент йæхæдæг та банысан кодта, зæгъгæ, рынчындоны фæзынд бирæ æвзонг специалисттæ æмæ, зæгъ, мын уый у тынг æхсызгон.

«Мах азæй азмæ тырнæм нæ медицинон уагдæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Ахуырмæ æрвитæм нæ сывæллæтты, цæмæй уыдон раивой медицинæйы ветеранты. Мах республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ бахастам цалдæр медицинон уагдоны арæзтад  – реабилитацион центримæ сывæллæтты рынчындон, гинекологион хайадимæ республикон гуырæн хæдзар æмæ гемодиализы хайадимæ операцион хирургион комплекс», – загъта Президент.

Уый хъусдард аздæхта, зæгъгæ, бæстæйы къухдариуæгад уæрæсейаг коллегæты æх-хуысæй архайы, нæ бæстæйы медицинæ фæхуыздæр кæныныл. Президент зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ахæм медицинон кластеры арæзтады тыххæй уынаффæ райстой, республикæмæ УФ-йы премьер-министр Дмитри Медведев Татьяна Голиковаимæ куы æрцыд, уый фæстæ.

«Уæд мах иумæ бацыдыстæм нæ рынчындонмæ, федтам иуæй-иу хайадтæ. Нæ фæндæттæ нын фехъуыста уæрæсейаг фарс», – загъта Президент.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, нырма хъæуы бирæ саразын, бирæ проблемæтæ ис нæ разы. «Фæлæ ма уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, сымах куыд ирвæзын кодтат адæмы, хæстон архайдтыты рæстæджы, 20 азы дæргъы. Зæгъæн ис афтæ, æмæ нæ медицинон кусджытæ кæй сты республикæйы исад. Абон, уавæртæ арзæт куы цæуынц, уæд махæн нæ бон у, æмæ хъуамæ хос кæнæм не ‘мбæстæгтæн. Тырнын хъæуы, цæмæй не ‘мбæстæгтæн æмбæлон медицинон æххуыс цæуа нæ Райгуырæн бæстæйы», – загъта Президент.

Кардиологон хайады сæргълæууæг Хъороты Светланæ рахаста «Эхокардиографийы» аппарат самал кæныны фарст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, рынчындоны специалист ис, фæлæ дзы нæй аппарат.

Плиты Агуындæ куыд загъта, афтæмæй ацы аппарат самал кæнын хаст æрцыд ног комплексы ифтонггæрзты сметæмæ. Дзырд ма цыд цæстыты хайады ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй дæр. Дохтырты ма цы проблемæ тыхсын кæнынц, уый у куыстмызд фæфылдæр кæныны фарст.

Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууынæн радзырдта, зæгъгæ, Уæрæсемæ йæ фыццаг официалон балцы æмæ УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ ацы фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыд. Æмæ уый фæстæ азты алы фадгуыты мыздтæ нырма 50 проценты фæфылдæр сты, фæстæдæр та фæфылдæр сты 10-15 проценты.

«Ныр дæр кусæм уыцы фарстыл. Фæнд кæнæм ноджыдæр ма иу хатт мыздты фæфыл-дæр кæнын. Ацы фарсты нæ фарсмæ балæууыдысты нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Фæлæ мызд фæфылдæр кæныны схемæ хъуамæ æндæргъуызон уа. Мах фæнды, министры, къухдариуæггæнæджы кæнæ хистæры æмæ сæ дæлбарты мызды ‘хсæн цы хицæндзинад ис, уый фæкъаддæр кæнын. Уый тыххæй ацы аз нæ фæфылдæр уыдзысты къухдариуæг-гæнджыты мыздтæ», – банысан кодта Президент.

Президент ма радзырдта иу ногдзинады – республикæйы иумæйаг лаборатори саразыны тыххæй дæр. Ацы фарсты фæдыл кусы Æнæниздзинады министрад РХИ-йы Президенты администрацийы службæтимæ иумæ.

Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радионы ныхæстæм гæсгæ, ахæм практикæ фадат ратдзæн республикæйы хицæн районты æмбæстæгтæн ахсджиаг анализтæ саразынæн.

«Анализтæй бирæты, фыццаджыдæр, æнæмæнгхъæугæты, мах араздзыстæм бынаты», – йæ ныхасмæ бафтыдта Сиукъайы фырт.

Фембæлды стыр хъусдард здæхт æрцыд æвзонг хирургтæм. Джиоты Сослан цалдæр азы кусы рынчындоны. Куыд иннæ æвзонг дохтыртæй, афтæ уымæй дæр стыр ныфс æвæрынц.

Кæд фембæлд æрмæст медперсоналимæ уыд, уæддæр раразмæгонд æрцыдысты республикæйы иннæ рынчындæтты тыххæй фарстытæ дæр. Президент йæ хъус æрдардта Къуайсайы рынчындоны проблемæтæ æмæ фарстатæм. Ацы рынчындоны хъуамæ ба-кондæуыдаид стоматологы кабинет æмæ скъуыддзаг æрцыдаид гинеколоджы фарст. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй фæрæзтæ ссардæуа стоматолоджы кабинетæн ифтонгадтæ сфæрæз кæнынæн, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæндонмæ гæсгæ уал райдианы гинеколог цалдæр къуыри иу хатт цæудзæн Къуайсамæ æмæ сгардзæн рынчынты.

Уыргты низтæй рынчынты æмæ гемодиализы кабинет кæй хъæуы, уыдон проблемæтæ дæр тыхсын кæнынц Президенты дæр æмæ дохтырты дæр.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ,  гемодиализы кабинетимæ хирургион корпусы арæзтад план куы цыд, уæд ацы фарст уыд иууыл ахсджиагдæр. Плиты Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, ис куырдиæттæ, не ‘мзæххонтæй Райгуырæн бæстæм æрыздæхын æмæ уыргтæй рынчынтæн хос кæнынвæнд чи кæны, уыдонæй.

«Хъыгагæн, ацы аз дæр æмæ фарон дæр мах архайдтам не студентты уыцы здæхты специализацийыл ахуыр кæнынмæ арвитын, уымæн æмæ нæ тынг хъæуы уыцы специалисттæ», – банысан кодта Плиты Агуындæ.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фарстатыл дæр. Афтæ ма Президент ныхас кодта цалдæр æвзонг специалистимæ, кæцытæ ацы аз фесты ахуыр уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ практикæйы цæуынц Цхинвалы.

«Æз кæддæриддæр цæттæ дæн сымахимæ ныхасмæ æмæ уын уæ фæндæттæм байхъусынмæ. Ныфс мæ ис, уыцы ныхас пайда уыдзæн æрмæст мæнæн нæ, фæлæ сымахæн дæр. Абон нæ ныхас уыд цыбыр, уымæн æмæ уыдтæн инспекцион азылды, фæлæ æнхъæлмæ кæсын уæ фæхуындмæ лæмбы-нæгдæр аныхас кæныны тыххæй», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.