«Науæй балмæ», афтæ зæгъæн ис лейтенант Максим Титовæй. Куыддæр йæ фыццаг афицерон улæфтбонтæ фесты, афтæ йæ бахъуыд хæсты цæхæрмæ Хуссар Ирыстоны Къостайыхъæуы гуырдзиаг минæзгъалты бынмæ бахауын.

2008 азы августы фыццаг бонты уый æрцыд Прохладнийы гарнизоны 135-æм мотоæхсæг полкмæ. Уырдæм æрвыст æрцыд Екатеринбурджы уæлдæр артиллерион командон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ. Куыддæр фехъусын кодта йе ‘рцыды æмæ взводы командиры бынат райсынмæ йæ цæттæдзинады тыххæй, афтæ минæзгъалæг батарейы хистæр афицер æрвыст æрцыд полигонмæ, цыран уыцы рæстæджы йæ дæлхай уым хайад иста ахуырты.

Иумиагæй, хронологи у афтæ: 1-æм августы æрбацыд полкмæ, 6-æм августы ацыд Цæгат Ирыстоны «быдыртæм», æмæ 8-æм августы та ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Комкоммæ дæр æфсæддон маневртæй Цхинвалмæ тагъдыл ацыдысты сæ дæлхæйттæ. Уыдон хъуамæ баххуыс кодтаиккой, гуырдзиаг æфсæдтæ кæуыл æрхъула кодтой, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнæг контингенты салдаттæ æмæ афицертæн.

Максим Титов службæ кæны минæзгъалæг батарейы æмæ Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны операцийы практикон æгъдауæй фыццаг сахаттæй фæстæмæ уыд раззагон активон хæстон архайдтыты. Минææхсджыты дæлхай хайад иста уæрæсейаг хæстон колоннæтæн æххуыс кæныны, кæцытæ цыдысты пиллонкалгæ горæтмæ. Ацы батарей скуынæг кодта ныхмæлæууæджы управленийы цалдæр объекты. Фæлæ минææхсджытæ сæхæдæг дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты: тыхджын æхстыты рæстæджы фæмард сты дыууæйæ æмæ цæфтæ та фесты цыппар æфсæддон службæгæнæджы. Максим йæхæдæг та уыцы æхстыты рæстæджы хайад иста сæрмагонд сконды æдас бынатмæ акæныны, архайдта хæцæнгæрзтæ æмæ техникæ эвакуаци кæныныл. Иу рæстæджы йын тыхджын срæмыгъд йæхи дæр акъуырма кодта…

Екатеринбурджы ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæхæдæг равзæрста афицерон службæ Цæгат Кавказы æфсæддон зылды, кæд æмæ йын гæнæн уыд куыд ахуыргæнæдон сырх дипломыл кастфæуæг, афтæ службæйы бынат равзарын, уæддæр. Цæгат Кавказы службæ кæй равзæрста, уый тыххæй никуы фæсмон кæны, æгæрыстæмæй,  2008  азы  августы йе ‘мслужбæгæнджытимæ цы фæлварæнтыл рацыд, уый фæстæ дæр.

Максим куыд нырма æфсæддон ахуыргæнæндоны ног раугъдон, афтæ хорз хъуыды кодта уагдоны йæ цæуыл ахуыр кодтой фидæны службæйы тыххæй, уый. «Æхсын райдыдтам цæугæ-цæуын. Хъуыд тагъдыл æххуыс, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр минæзгъалтæ сæвæрын æмæ знаджы нысæнттæм æхсын», – йæ зæрдыл æрлæууыд Максимæн. Уый тыххæй минææхсджыты тагъдыл хъуыд æмбæхсæн бынæттæ ссарын, бынæттон уавæртæй спайда кæнгæйæ, цæмæй тæхгæ минæтæй сæхи бахъахъхъæдтаиккой. Фистæг æфсадæн æппынæдзух æххуыс кæй хъуыд, уый сын фадат нæ радта афойнадыл позицитæ баивынæн, кæд æмæ æфсæддон зонады ахæм периодикон баивд æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй ныхмæлæууæг ма сбæрæг кæна позициты, уæддæр. Максим æгæрон бузныг у йæ ахуыргæнæндонæй, иттæг хорз æфсæддон цæттæдзинады тыххæй. Уый æддейæ ма æфсæддон ахуыргæнæндоны рауагъдоны бацæттæ кодтой куыд æрмæст командир, афтæ нæ, фæлæ ма уымæн йæ бон у гаубицатæ, реактивон системæтæй æхст организаци кæнын дæр. Æппæт уыдæттæ Максимæн тынг баххуыс сты Хуссар Ирыстоны хæсты рæстæджы.

«Мæхи бацæттæ кодтон уымæ, æмæ мæ дæлхайимæ кæй бахаудзæн æхстыты бынмæ. Æниу æй нæ бамбæхсдзынæн. Знæгты ныццавд нын уыд æнæнхъæлæджы. Фыццаг иууылдæр фæтыхстыстæм, фæлæ уый фæстæ фæныфсджындæр стæм æмæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдтам ныхмæлæууæгæн.  Мах бахаудыстæм реалон минææхстыты бынмæ. Фæлæ ницахæм паникæ нæ уыд не ‘хсæн, батарейы æфсæддон службæгæнджытæй бирæтæ контрактон службæйы уыдысты дыгай азты дæргъы. Мæн дисы баппæрстой мæ дæлбар сæрмагонд сконды архайдтытæ. Уыдон профессионалонæй æхстой знаджы нысæнттæм, куыд полигоны ахуырты хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, афтæ», – радзырдта Максим Титов.

Ацы батарейы цалдæр æфсæддон службæгæнæджы операцийы рæстæджы сæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй. Хистæр хъавæг (наводчик) Ярослав Шлейберы схорзæхджын кодтой Суворовы майданæй. Шофыртæ: кæстæр сержант Павел Кренев æмæ рæнхъон Евгений Петик (фæцæф, фæлæ нæ ныууагъта йæ дæлхайы) бавдыст æрцыдысты «За отвагу»-йы майданмæ. Сержанттæ Антон Горький æмæ Сергей Белоусов сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Хъайтардзинады орденæй. Дыууæ æфсæддон службæгæнæджы дæр иннæттимæ уыдысты зынджы позицийы, æххæст кодтой сæ хæстæ профессионалонæй, фæлæ знаджы артиллерийы тыхджын æхстыты бын бахаугæйæ мæлæтдзаг цæфтæ фесты…

Максим Титов райгонд у, номхуындæй, ацы дæлхайы кæй службæ кодта, уымæй, цыран коллективы уавæр у æмбаладон, хистæр æмæ кæстæрты ‘хсæн ахастытæ сты зондамонæн. Зæгъæм, полигонмæ куы фæнд кодта ацæуын, уæд йемæ ныхас кодта быдыры цы артиллерийы полк уыд, уый хистæр, дæлбулкъон Николай Багрий (уый Цхинвалы тохты рæстæджы фæцæф æмæ йын хос кодтой æфсæддон госпиталы. Афицер хорзæхджын у «Фыдыбæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй» орденæй). Дæлбулкъон лæмбынæг бамбарын кодта лейтенантæн, полигонмæ куыд бацæуын хъæуы, йемæ цы хъуамæ ахæсса, уый. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ дыууæ афицеры дæр каст фесты Екатеринбурджы ахуыргæнæндон. Æцæг, полкы артиллерийы хистæр  13 азы размæ.

Максим абон дæр цæттæ у фæстæмæ «уæлдай вазыгджын-дæр» районмæ ацæуынмæ хæстон хæстæ æххæст кæнынмæ. Æмæ уæд та Хуссар Ирыстонæй æрæздæхгæйæ, лейтенант уайтагъд фæдзырдта йæ хиуæттæм чысыл свердловаг горæт Новая Лялямæ, æрсабыр кодта йæ мад æмæ фыды, фехъусын сын, кодта сæрæгас кæй у, уый тыххæй.

Æрмæг бацæттæ кодта Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.