Хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ дыууæ майданы рамбылдтой æвзæнгты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты стъолы теннисæй. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ 12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы теннисисткæты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Козаты Миленæ. 17-азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн та дыккаг ссис Кокойты Амандæ. Сæрмагонд призтæ куыд ерысты «Иууыл æвзонгдæр хайадисæг» æмæ «Уæлахизмæ тырнындзинад»-æй хорзæхджын æрцыд хуссарирыстойнаг командæйы минæвар 6-аздзыд Хъуылымбегты Виктория.

Спортсменты бацæттæ кодтой Джиоты Мириан, Остъаты Лидия æмæ Уалыты Иринæ.

«Нæ командæйы минæвæрттæ сæхи хорз равдыстой. 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы теннисисткæты ‘хсæн дæр хъуамæ сыгъзæрин майдан рамбылдтаиккам. Фæлæ финалон хъазты спортивон амонд бахудт Кокойты Амандæйы ныхмæлæууæгмæ. Сæ хорз архайды тыххæй нæ командæйы уæнгты фылдæр хайы ерысты организатортæ схорзæхджын кодтой сæрмагонд лæвæрттæй», – банысан кодта Джиоты Мириан.

САМБО

РЦИ-Аланийы уагъд æрцыд СССР сгуыхт тренер Кæсойты Сограты номыл  горæт Дзæуджыхъæуы гом чемпионат самбойæ. Хайад дзы райстой Астрахань, Волгоград, Ростов, Кæсæг-Балхъар, Мæхъæл æмæ Цæцæны республикæты, Хъалмыхъхъы, РЦИ-Аланийы æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Ерысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæдтой Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæй Джиоты Дмитрийæн бантыст сыгъзæрин майдан рамбулын. Тренер Хъоцыты Тамерланы хъомылгæнинаг архайдта 81 кг уæзы категорийы.

«Ерыстæ ацыдысты тынг бæрзонд æмвæзадыл. Цæгат Ирыстоны рагæй нал уыд ахæм тыхджын турнир. Хайад дзы райстой æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ бирæ уæзты кæй архайдтой 25-30 самбисты», – банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.  

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.