22 июнь Мысынад æмæ хъынцъымы бон – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдиан. Нæ æгæрон стыр Фыдыбæстæйы бирæмилуанон цæрджытæн сæ фидæны плæнттæ фæбадтысты сæ хъуыры, сæ цард цæхгæр фæивта мæлæтхæссæг хæсты райдианæй. Уæд уыцы бон гитлераг æфсæддон коалицитæ фехæлдтой Советон Цæдисы арæнтæ æмæ бабырстой сабырцæрæг советон горæттæ æмæ цæрæн бынæттæм.

80 азы размæ нæ иумиаг Фыдыбæстæ æмзонд æмæ æмвæндæй растад знаджы ныхмæ тохмæ, кæцы аххæссыд 1418 æхсæв æмæ боны, хъизæмæрттæ, рыст æмæ мæлæтимæ. Фæлæ абоны онг дæр махæн нæ мысынад бар нæ дæтты, цæмæй ферох кæнæм, 1941 азы тугуарæн хæсты советон адæмыл цы æрцыд, уый. Уыцы хæсты алы бон дæр советон салдат немыцаг фашистон тыхæйисджыты ныхмæ æвдыста æгæрон хъæбатырдзинад æмæ фæндвидардзинад.

Ацы боны цытæн нæ республикæйы дæр уагъд цыд мысæн мадзæлттæ. Нæ горæты Хъайтарты аллейы Æнусон арты раз изæ-ры аст сахатыл уагъд æрцыд акци «Ссудз цырагъ», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырты чи фæмард, уыдоны æнусон нæмттæ мысынæн аллеймæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттæ, тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг органты, æхсæнады минæвæрттæ æмæ скъоладзаутæ.

Мадзалы программæмæ гæсгæ раст уыцы рæстæг Хуссар Ирыстонмæ Мæскуыйæ Кремлы къулы цур Александры номыл фæзуаты Æбæрæг салдаты номыл ингæнæй нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты службæгæнджытæ æрхастой «Мысæн цырагъ». Уыцы цырагъæй мадзалы иууыл чысылдæр хайадисæг ссыгъта рæнхъæйлæууæг скъоладзауты цырæгътæ. Бæстæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы хайадисджытæ Æнусон арты раз номарынæн æвæрдтой дидинджытæ æмæ «Мысæн цырагъ»-ы артæй сыгътой цырæгътæ.

«80 азы размæ Советон Цæдисмæ фашистон Германы æнæнхъæлæджы æрбабырстæй райдыдтой нæ иумиаг историйы трагикон æмæ уыцы-иу рæстæг хъайтарон фæрстæ», – дзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Абон, зæгъгæ, мах мысæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, Советон Цæдисы  арæнтæ чи хъахъхъæдта, уыцы фыццæгты туг куы ныккалд, уыцы бон.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ Фыдыбæстæйы сæр-вæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдон советон адæмы тыххæй арæзтой æппæт дæр хъуыдыджынæй, æм-бæрстой, райсом сабырад кæй æрцæудзæн. Фæлæ, хъыгагæн, хæст дæргъвæтин уыд æмæ бирæтæн нал бантыст Уæлахизы бонмæ фæцæрын.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, æрæмысой, хæсты алы фронтты чи фæмард, концлагерты кæй амардтой, Ленинграды блокадæйы, Керчы, Мæскуыйы, Мæздæджы æмæ Советон Цæдисы æндæр территоритыл йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ.

ССУДЗÆМ ЦЫРÆГЪТÆ, СÆРЫСТЫР КÆМÆЙ СТÆМ, УЫЦЫ ИСТОРИЙЫ НОМЫЛ…

Мах, зæгъгæ, уæды азты трагеди æмæ стыр маст æнкъаргæйæ, ныртæккæ сæрыстыр стæм нæ фыдтæ, уыдон фыдтæ, æмæ фыды фыдтæй, ныры фæлтæртæн сæ цард кæй хъахъхъæдтой, уый тыххæй. Уый ноджыдæр банысан кодта, советон салдаты хъайтардзинад æмæ сгуыхтдзинад, Стыр уæлахиз чи æввахс кодта, уыдон баззайдзысты фидæны фæлтæрты мысы-нады.

«Мах сæрыстыр цы историйæ стæм, уый дæтдзыстæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Фæлтæртæм дæтдзыстæм ноджыдæр нæ фыдæлты, хæстон уæлахиздзауты сæрыстырдзинад. Æмæ мæ ныфс ис, нæ сывæллæттæ дæр кæй уыдзысты сæрыстыр нæ фыдæлты историйæ, хæстæй чи нал æрыздæхт, уыдоны номæн кад кæндзысты», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

«Советон адæмы сгуыхтдзинад мысын  кадджын традици у. 80 азы размæ 22 июнь салдаттæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæн ссис иууыл дæргъвæтиндæр бон, кæцытæ знаджы тыхтыл æмбæлдысты нæ арæнтыл», – ахæм ныхæстæй райдыдта йæ ныхас Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæ-вар Марат Кулахметов.

Уыцы фæлтæр, зæгъгæ, у ныфсхаст адæмы фæлтæр, уыдоны раз мах стæм сæркъул. Уыдон нæ фæцардысты уæлахизы бонмæ – цард чи нæма бамбæрста, уыцы саби дæр, йæ хъæбулы æрыздæхынмæ чи нал фæцард, уыцы мад дæр, йæ бинонтыл чи нал сæмбæлд, уыцы бинонты хистæр дæр… Уыдон се ‘ппæт дæр сты, абон мах сæрæгас кæй фæрцы стæм, уыдон. Æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй хъуыды кæнæм æмæ уыцы æгъатыр боны тыххæй мысынад хъахъхъæнæм æнусты дæргъы.

ССУДЗÆМ ЦЫРÆГЪТÆ, СÆРЫСТЫР КÆМÆЙ СТÆМ, УЫЦЫ ИСТОРИЙЫ НОМЫЛ…

Марат Кулахметов æрсидт рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй зоной æмæ хъуыды кæной сæ фыдæлты истори æмæ йæ фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттой.

Хæст мах нал хъæуы никæд æмæ никуы, уадз сабырад уæд дунейы æмæ алкуыдæр, уадз райдзаст уæд нæ сывæллæтты цард.

Нæ горæты скъоладзау фæсивæд дзырдтой сабырад æмæ мæлæтхæссæг темæйыл фыст æмдзæвгæтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.