Уæлахизы бон – мысынад, истори, цæссыгтæ æмæ рыст… Æрвылаз дæр уæрæхæй банысан кæнæм ацы ахсджиаг бæрæгбон. Адæймагады истори бирæ хæстытæ зоны, фæлæ уыдонæй иууыл тæссагдæр, иууыл тугкалæндæр уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцыйы рæстæджы фæмард сты милуангай адæймæгтæ. Уыцы бонæй кæд 77 азы рацыд, уæддæр мах хъуамæ хъуыды кæнæм нæ хъæбатыр фыртты æмæ чызджыты, кæцытæ сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Бæрæгбоны цытæн цымыдисон мадзал уæрæх программæимæ бацæттæ кодтой нæ горæты скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ – организатор Харебаты Маринæ, раздзог Икъаты Миленæ, Хъотайты Сæрмæт, Гасситы Кристиæ, Остъаты Олеся, Джиоты Любæ, Чилæхсаты Аленæ.

16-æм майы ацы бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы культурæйы хæдзары. Уырдæм æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли йæ цардæмбал Куымæридтаты Линдæимæ, Ахуырады министр Гасситы Натали, РХИ-йы УФ-йы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов, Президенты цур сывæл-лоны барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ, хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджыты æххуысы фонды сæрдар Плиты Мæдинæ, Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав æмæ æндæр уазджытæ.

Мадзал амыдтой Буковская Анжеликæ æмæ Хъотайты Сæрмæт. Сценæйы кæттагыл фыст уыд «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе, уым ирон туг дæр ныккалд». Залы хъуыстысты Бетховены трагикон музыкæйы зæлтæ. Даргъ цыппар азы ахæссыд ацы хæст. Фæлæ адæм бафæрæзтой, æмæ æппынфæстаг, æрцыд Уæ-лахиз. 1941 азы 22-æм июнь æмæ 1945 азы 9-æм май æнустæм бацы-дысты нæ бæстæйы историмæ.  Даргъ, уæззау æмæ тугкалæн уы-дысты советон адæмæн уыцы 1418 боны, фæлæ бафæрæзтой æппæт зындзинæдтæн æмæ стыр аргъæй фæуæлахиз сты цыфыддæр знагыл. Фронтмæ нæ чысыл Ирыстон афæндæраст кодта 94 мин адæймаджы, уыдонæй 58 мин хæстоны нал æрæздæхтысты фæстæмæ. Нæ нацийы уæлдай сæрыстырдзинад у уый дæр, æмæ чысыл Ирыс-тон Райгуырæн бæстæйæн кæй радта 35 хъайтары, 50 хæстонæн та лæвæрд æрцыдысты инæлар æмæ адмиралы цинтæ. Абон ма фæбæрæг сты ноджы 38 ирон адæймаджы нæмттæ, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты бавдыст æрцыдысты бæрзонд хорзæхмæ, фæлæ алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ нæ райстой «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдантæ. Абон махæн нæ бон у уыцы хъайтарты мысынадæн кад кæнын, цалынмæ сæ хъуыды кæ-нæм, уæдмæ цæрынц уыдон дæр. Нæ горæты дæр хъайтарты номыл арæзт æрцыд Æнусон Кады Мемориал. Æхсæвæй бонæй уым судзы æнусон арт.

Скъола-интернаты хъомылгæнинæгты архайдмæ кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ барухс, æгайт-ма нæ чысыл Ирыстоны ахæм курдиатджын сывæллæттæ ис. Уыдон равдыстой алыгъуызон инсценировкæтæ, уыцы нымæцы зарæг «Журавли»-йы зæлты бын дæр. Сæххæст кодтой æфсæддон-патриотикон зарджытæ. Мадзал амон-джытæ дзырдтой: «Хæсты рæстæджы йæ куыстуарзондзинадæй адæмæн диссагæн баззад уæллаг Ручъы колхозы сæрдар Плиты Марта. Марта уым фæкуыста 1954 азы онг. Куыстуарзаг сылгоймаг кæд-дæры мæгуыр колхозæй сарæзта хъомысджын колхоз. Хæсты азты уый фронтæн цалдæр хатты арвыста стыр æххуыстæ. 1944 азы колхоз Плиты Иссæйæн фронтмæ арвыста бæх, цухъхъа æмæ тинтычъийæ басыллыхъ». Зарджытæ, æмдзæвгæтæ, кæфтытæ кæрæдзи ивтой».

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы 1941 азы  сентябры уыд сывæллæтты дзыллон эвакуаци Ле-нинградæй. Сæйраджыдæр эвакуаци кодтой сабидæтты сывæллæтты. Уыцы райсом сывæллæтты сбадын кодтой науыл. Фæлæ æвиппайды райдыдта уæлдæфон атакæ. Адæм æмбæхстысты æмбæхсæнты. Атакæйы фæстæ иууылдæр рахызтысты наулæууæнмæ æмæ федтой æрмæстдæр сау дон, æмæ уыцы доны  уыдысты урс панамкæтæ…

Сывæллæттæ хорз сæххæст кодтой кафт зарæг «Синий платочек»-ы зæлты бын, кæцы у мысынады символ. Цалдæр зарæджы сæххæст кодта скъола-интернаты хъомылгæнинаг Дзукъаты Сослан. Зал базмæлыд. Зарæг «Катюша» æххæст кæнгæйæ, йемæ зарыдысты залмæ æрбамбырдуæвджытæ иууылдæр. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр йæ рæсугъд зардæй сценæмæкæсджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодта уагдоны раздзог Икъаты Миленæ. Зæрдæмæхъаргæ рауад акци   «Æнæмæлгæ полк». Сывæллæттæ хæсты ветеранты нывтæ æмæ тырысатимæ залы рацыдысты колоннæйæ æмæ схызтысты сценæмæ. Акци «Æнæмæлгæ полк» у мысынад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, алкæцы хæстоны тыххæй дæр, кæцытæ сæ цардыл æнæауæрдгæйæ тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинадыл. Мах ардæм æрбацыдыстæм, цæмæй рахæссæм  нæ дадаты фыдты, нæ да-даты, нæ фыдты портреттæ. Уыдон хъуамæ рацæуой уæлахизы рæн-хъæй! Кад Стыр Уæлахизы хъайтартæн!

Уый фæстæ РХИ-йы сгуыхт артист Тасойты Игорь сæххæст кодта зарджытæ Андрей Куряевы композици «Не воюйте с русскими» æмæ «День Победы». Залы уæвджытæ йын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ афтæмæй йемæ зарыдысты.

Сценæмæ фæхуыдтой Бибылты Анатолийы. «Тынг хорз концертон программæ бацæттæ кодта скъола-интернат æмæ сын зæгъын стыр бузныг. 77 азы размæ Советон Цæдисы алы нацийы минæвæрттæ сыстадысты фашизмы ныхмæ æмæ фæуæлахиз сты. Æцæг стыр зынаргъ слæууыд, уыцы уæлахиз. Абон, 77 азы фæстæ та фашизм ногæй йæ сæр сдардта Украинæйы зæххыл. Ныртæккæ Донбассы сæрыстырæй службæ кæнынц ирон лæппутæ. Абон уым фашизмыл куынæ фæуæлахиз уæм, уæд фыдыбылз æрбахойдзæн Хуссар Ирыстоны алкæцы хæдзармæ дæр. Нæ зæрдæты сæвзæрынц сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ нæ лæппутæ хъæбатырæй кæй тох кæнынц, уымæй, фæлæ нæ зæрдæтæ нырхæндæг вæййынц уыдонæй исчи тохы быдыры куы фæмард вæййы, уый тыххæй. Уырны мæ, кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, уый». Раныхас кодта Сергей Скворцов,. Уый ма скъола-интернатæн бакодта лæвар дæр. Мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загътой Цхуырбаты Татьянæ, Плиты Мадинæ æмæ æндæртæ.

Мадзалы оранизатор Харебаты Маринæ бузныджы ныхæстæ загъта Бестауты Казимирæн сывæллæттæн формæ кæй балхæдта, уый тыххæй. Афтæ ма бузныг загъта Бибылты Анатолийæн фондз азы дæргъы уагдонæн йе ‘ххуысы тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ мадзалы хайад кæй райстой нæ республикæйы уæвæг Донбассæй лигъдæттæ.. Лигъдон сывæллæттæ скъола-интернаты хъомылгæнинæгтимæ иумæ сæххæст кодтой зарæг «Дети всей земли».

«Фыдлæг æмæ фыдрæстæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Æрбалæууыд 9-æм май… Уæлахизы бон! Фæцис тугкалæн хæст. Ныммард йæ лæгæты фашистон сырд, ныхъус сты сармадзантæ æмæ  сфæйлыдта Уæлахизы тырыса».

Æрæмбырдуæвджытæ бæрæгбонон мадзалæй баззадысты райгондæй æмæ арфæйы ныхæстæ дзырдтой уагдоны коллективæн.

                   ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.