Стыр уырыссаг баснитæфыссæг Иван Крыловы райгуырдыл æххæст кæны 250 азы. Уый цытæн  нæ горæты скъола-интернаты 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Уанеты Альбинæйы къухдариуæгадæй ауагътой мадзал. Кæд æй иу къласы ахуыргæнинæгтæ бацæттæ кодтой, уæддæр æм фæхуыдтой 2-æм астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнджыты, Сывæллæтты республикон библиотекæйы кусджыты, скъола-интернаты ахуыргæнджыты, ныййарджыты, ахуырдзауты. Мадзаламонджытæ – Бикойты Светæ, Плиты Марат æмæ Цхуырбаты Олеся æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодтой фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ, æрдзырдтой йæ фыст басниты нысаниуæгыл.

Фыссæджы фыст зынгæ баснитæй скъоладзаутæ равдыстой чысыл инсценировкæтæ, куыд, зæгъæм, «Свинья под дубом», «Ворона и лиса», «Квартет», «Кукушка и петух», «Мартышка и очки». Сывæллæттæ азарыдысты хæлардзинадыл фыст зарджытæ, бакастысты баснитæ. Крыловы баснитæ тæлмац æрцыдысты 60 æвзагмæ, уыцы нымæцы, ирон æвзагмæ дæр. Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста Иван Крыловы баснитæй ратæлмац кодта цалдæр, уыдонæй иу у «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Чеджемты Æхсар та ратæлмац кодта басни «Цъырцъыраг».

4-æм кълæсты ахуырдзаутæн цымыдисон сты æрмæст баснитæ нæ, фæлæ йæ цард æмæ сфæлдыстад дæр. Ахсджиаг сын у равдисын, цахæм адæймаг уыд, цæуыл хъуыды кодта, цы фыста, ууыл, цæмæн тыхсти, цæуыл фыста, йæ цард-вæндаг куыд ацыд æмæ йæ уацмыстæ абон афтæ актуалон цæмæн сты, æппæт уыдæттæ.

Мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтыл ацы чысыл сабитæ цахæм тæлмæнтæ ныууагътой, уый бæрæг уыд сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй æмæ сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ сæ арæхстдзинады тыххæй.

КОКАЙТЫ Заринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.