Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд поэзийы изæр. Мадзал бацæттæ кодтой 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ хъомылгæнæг Коцты Валентинæйы сæргълæдæй. Поэзийы изæрмæ фæхуыдтой поэттæ Хуыджеты Азæ, Хъодалаты Герсан æмæ Плиты Феликсы.

Уыцы бон скъола-интернаты актон залмæ æрбацыдысты æрхонгæ уазджытæ, ахуырадон уагдоны ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ.

Поэзийы изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта Коцты Валентинæ. Банысан кодта, зæгъгæ, абон мах фæнды æртæ курдиатджын поэтимæ фемæблд сорганизаци кæнын æмæ сын се сфæлдыстадимæ базонгæ уæвын. Сывæллæтты зæрдæмæ тынг фæцыд се сфæлдыстад æмæ  сæхæдæг равзæрстой, æртæ фыссæджы æмдзæв-гæтæй сæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр чи фæцыд, уыдоны.

Фыццаг уал ахуырдзаутæ æрдзырдтой Хуыджеты Азæйы сфæлдыстадыл. Йæ биографи йын бакаст 8-æм къласы ахуыр-гæнæинаг Тыджыты Мария. Уый загъта, зæгъгæ, Хуыджеты Азæ райгуырд Знауыры районы Хъорнисы хъæуы. Уый, зæгъ, йæ ныййарджытæн уыд цыппæрæм сывæллон æмæ-иу ын йæ фыд арæх дзырдта, зæгъгæ, дам, мæ чызг дохтыр хъуамæ рацæуа. Азæ дохтыр кæй ссис, уый йæ фыд нал базыдта, уымæн æмæ Стыр Фыды-бæстæйон хæстæй æрæздæхт уæззау цæфтæй æмæ Азæйыл цыппар азы куы сæххæст, уæд йæ фыд амард. Азæ йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста, 6-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд. Хуыджеты чызджы æмдзæвгæты æвдыст цæуы Фыдыбæс-тæмæ уарзондзинад, бирæ йын ис хæстыл фыст æмдзæвгæтæ дæр. Уый фыссы куыд ирон æвзагыл, афтæ уырыссагау дæр. Скъоладзаутæ бакастысты Азæйы фыст æмдзæвгæтæ.

Хуыджеты Азæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй уый æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта уырыссаг æвзагыл æмæ дзы бакаст йæ сыхаг, ныртæккæ дзæнæттаг Тасойты Ботазæн. Уый йын загъта, зæгъгæ, хорз у æмдзæвгæтæ кæй фыссыс, фæлæ алчи-дæр хъуамæ нырма йæ мадæлон æвзагыл райдайа фыссын. Йæ уайдзæф мæм тынг бахъардта æмæ, зæгъ, уæд ныффыстон мадæлон æвзагыл мæ фыццаг æмдзæвгæ. Азæ мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта, йе мдзæвгæтæ йын кæй бакастысты, уый тыххæй æмæ йæхæдæг дæр бакаст цалдæр æмдзæвгæйы. Загъта сын, зæгъгæ, æввахс рæстæджы мыхуыры рацæудзæн йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд æмæ, зæгъ, æй балæвар кæндзæн скъола-интернаты библиотекæйæн.

Скъола-интернаты ахуыры хайы сæргълæууæг Харебаты Маринæ фарст радта Азæмæ, зæгъгæ, дам, сымахмæ Цъорбисы ис рагон бирæ ирон дзаумæттæ æмæ, зæгъ, ды кæддæр баныфсæвæрдтай уыдонæй музей саразын. Хуыджеты чызг ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, дам, 2018 азы сæрды сараздзæн музей, ныридæгæн, зæгъ, ноджы баххæст кодтон уыцы ирон дзаумæтты.

Уый фæстæ та ахуырдзаутæ æрдзырдтой Хъодалаты Герсаны сфæлдыстадыл. Йæ биографиимæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Тъехты Аннæ. Ирон курдиатджын поэт райгуырд Ленингоры районы Уæллаг Захъоры хъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПИ-йы. Куыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты, газет «Советон Ирыстон»-ы, ныр 20 азæй фылдæр та у журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор. Мыхуыры йын рацыд бирæ поэтикон чингуытæ. Уыдонæн сæ ахсджиагдæртæ сты «Бæлццон», «Ирон зæрдæ», «Куырыхон», «Уастырджи», «Табуафси» æмæ æндæртæ. Герсаны поэзийы тыххæй Гафез афтæ дзырдта, зæгъгæ, дам, уый у абоны ирон поэтты хуыздæр æмæ курдиатджындæр минæвæрттæй сæ иу. Поэт, зæгъ, йæ сæйраг хæсыл нымайы Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын.  Джыккайты Шамил та загъта, зæгъгæ, дам, Герсаны сфæлдыстад у мидисджын, аив, нывæфтыд æмæ зæрдæмæхъаргæ. Йæ поэзийæн аккаг бынат ис ирон литерату-рæйы хæзнадоны. Ахуыргæнинæгтæ ба-кастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ: «Иу-дарон диалог», «Æртæ фарсты», «Бахъуы-ди сæр», «Амонд», «Иу куыдзы æмбисонд» æмæ бирæ æндæрты. Ахуырдзаутæ бакастысты поэт уырыссаг æвзагыл цы æмдзæв-гæтæ ныффыста, уыдонæй дæр.

Хъодалаты Герсан мадзалы организатортæн загъта бузныджы ныхæстæ. Æгайтма, зæгъ, ахæм фембæлд сарæзтат. Раздæр, зæгъ-иу арæхдæр уагъд цыдысты фысджытимæ фембæлдтытæ. Æмдзæвгæтæ фыссын, зæгъ, райдыдтон 4-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд. 10-æм къласы,   куы ахуыр кодтон, уæд, дам, ме ‘мдзæвгæты бахастон Гафезмæ. Уый мæ бафарста, бон, дам,  цал æмдзæвгæ фыссыс æмæ йын  куы сдзуапп кодтон, зæгъын, æппынкъаддæр æхсæз, уæд мын бамбарын кодта иу куплетæй фылдæр фыссын кæй нæ хъæуы. Фæлæ  мæ хъуыдытæ сæ уæл-ныхты истой æмæ мын æнцойад нæ лæвæрдтой. Фыццаг хатт мын ме мдзæвгæ ныммыхуыр кодтой районон газет «Лениноны» 1956 азы. Уый фæстæ 1958 азы та – «Фидиуæг»-ы.

Хъодалаты Герсан йæ катайдзинад равдыста абон ирон поэзи кæстæрарæх кæй нал у, уый тыххæй æмæ фæсидт æвзонг фæлтæрмæ, зæгъгæ, дам, уæ кæд исчи æмдзæвгæтæ фыссыныл фæлвары, уæд ма æфсæрмы кæнæт æмæ мæм сæ æрбахæссæт. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уæлдай хуыздæр ахаст дары скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæм, уымæн æмæ   мæхæдæг дæр раджы баззадтæн сидзæрæй æмæ,   ахуыр кодтон Захъоры скъола-интернаты. Бакаст йæ мадыл фыст æмдзæвгæ «Рухс фын», афтæ ма «Уæлæ Присы» дæр.

Бакастысты Плиты Феликсы биографи дæр. Уый райгуырд Цхинвалы районы Рустауы хъæ-уы. 5-æм къласы ахуыр кæнгæйæ, фæцис уæззау рынчын æмæ цалдæр азы йæхицæн хос кодта æндæр æмæ æндæр горæтты рынчындæтты. Йе ‘нæниздзинад куы фæхуыздæр, уæд йæ ахуыр кæронмæ каст фæци. 1970 азы кусын райдыдта уæды областон газет «Советон Ирыстон»-ы. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Æрдзы зарæг» мыхуыры рацыд 1965 азы. Уый фæстæ та  «Рустауаг зарджытæ», «Халон уасыди», «Царды хъулæттæ» æмæ æн-дæртæ. Уый ма æмдзæвгæтæ фыссынæй дарддæр ирон æвзаг-мæ тæлмац кодта уырыссаг поэты æмдзæвгæтæ дæр. Йæ чиныг «Мæ фæззыгон най»-мæ автор бахаста йæ зæрдæмæ æввахс-дæр цы æмдзæвгæтæ сты, уыдоны. Сывæллæттæ бакастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ.

Плиты Феликс дæр бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн æмæ загъта ахæм фембæлдтытæ арæхдæр уадзын кæй хъæуы, уый.

Мадзалы кæрон æрхонгæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ загъта скъола-интернаты директор Тедеты Роланд. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæм хъæздыг сты  курдиатджын фысджытæй. Ирон адæмæй алчидæр хæсджын у цæмæй зона нæ интеллигенцийы минæвæртты. Алчидæр нæ хъуамæ зонгæ уа ирон фысджыты сфæлдыстадимæ.

РХИ-йы Ахуырады министрады минæвар Гаглойты Розæ дæр раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд иу хабар. Иу хатт, зæгъ, Хуссар Ирыстонмæ æрцыд зынгæ уырыссаг поэт Евгений Евтушенко æмæ йын фембæлд уыд адæмимæ. Уый, зæгъ, банысан кодта Ирыстоны бирæ курдиатджын фысджытæ кæй ис, уый. Загъта, зæгъгæ, дам, Мæскуыйы литертурон институты мемæ ахуыр кодта поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ, зæгъ, нæ курсы уымæй хуыздæр ничи ахуыр кодта.

Кæронбæттæны мадзалы организатортæ æртæ поэтæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Джиоты Екатерине

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.