«Коммуникациты рæзты æхсæнадæмон институт Мир — Мост — Осетия»-йы фонд æмæ Республикæ Хусар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æрæджы сæ къухтæ æрфыстой Сывæллæттæ æмæ фæсивæды патриотон хъомылад организаци кæныны фæдыл сразыдзинадыл. Æмгуыстады фæлгæтты æххуыс цæуы Хъахъхъæнынады министрады цур Кадетты скъолайæн. Уыцы æххуыс ныридæгæн æнкъарынц скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ йæ ахуыргæнджыты коллектив. Компьютерон кълас æххæстæй ифтонг æрцыд техникæйæ, дарддæр ифтонг цæудзæн партæтæй, спортивон æмæ актон зал та хъæуæг инвентарæй.

Компьютерон техникæйæ ифтонгад æмæ æмткæй ахуыры уавæртимæ базонгæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Мадзалы ма хайад райстой Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов æмæ Социалон программæты фарс балæууыны фæдыл национ фонды правленийы сæрдар Андрей Сергеев.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Кадетты скъолайæн цы стыр æххуыс бакондæуыд, уымæн стыр нысаниуæг ис, уымæн æмæ ахъазгæнæг уыдзæн нæ бæстæйы сывæллæтты ахуырад æмæ рæзтæн. Æмæ уымæн та мах хъуамæ аразæм æппæт фадæттæ.

Национ фонды правленийы сæрдар Андрей Сергеевы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ сывæллæтты ахуырад ахсджиаг у, уæлдайдæр патриотон æмæ кадетон хъомылад.

«Махæн æхсызгон у, ахæм проект арæзт кæй æрцыд æмæ æмгуыстад кæй рæзы. Ацы скъола нæ хъусдарды бын уыдзæн æмæ план кæнæм, цæмæй спортивон æмæ актон залтæ ног ахуыры азмæ ифтонг æрцæуой хъæуæг инвентарæй. Ахуыргæнинæгтæ зонындзинæдтæ хъуамæ исой иттæг хорз техникон уавæрты», — банысан кодта уый.

Кадетты скъолайы директор Баликъоты Фатимæ бузныджы ныхæстæ загъта Фонды минæвæрттæ æмæ бæстæйы сæргълæууæгæн сæ хъусдарды тыххæй, уымæн æмæ сывæллæттæ райгонд сты ног техникæйæ. Уымæй размæ ахуыргæнинæгтæ информатикæйы предмет ахуыр кодтой чингуытæ, тетрæдтæ æмæ фыссæн систы руаджы. Ныр уый фæсте аззад æмæ нырыккон компьютерты руаджы ахуыр кæнынц хъæуæг предмет.

Баликъоты чызг ма æхсызгонæй банысан кодта, Фонды руаджы иууыл хуыздæр ахуыргæнинæгтæ кæй исдзысты сæрмагонд стипендитæ.

Гаглойты Алан æмæ мадзалы хайадисджытæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой кълæстæ, лæмбынæг базонгæ сты ахуыры уавæртимæ.

УФ-йы Социалон программæты фарс балæууыны Национ фонды руаджы, Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд æнæкоммерцион организаци «Мир-Мост-Осетия»-йы фонд. Йæ сæргълæууæг у Бекъойты Сослан. Национ фонды хъусдарæн советы уæнг Андрей Сергеевы ныхæстæм гæсгæ, ацы азы райдианы Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Мæскуыйы кусæгон балцы рæстæджы, бабæрæг кодта коммуникациты рæзты националон иртасæн институт. Мадзалы рæстæджы уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнгомдзинад ахсджиаг у. Уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон цæттæ у, цæмæй баиу уа коммуникациты рæзты æнæкоммерцион институты проекттæ реализаци кæныны хъуыддагмæ.

Республикæйы къухдариуæгады активон æмбæстагон позици, Хъахъхъæнынады министрады æмæ Фонды кусджыты руаджы фадат фæцис, цæмæй æнтыстджынæй реализаци цæуой æнгæс социалон нысаниуæджы проекттæ Хуссар Ирыстоны. Уыцы практикон фæстиуджытæ здæхт сты, сæйраджыдæр, нæ бæстæйы фæсивæды хъомылады æмæ социалон фадыджы рæзтæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.