ФÆФЫЛДÆР УЫДЗЫСТЫ СÆ МЫЗДТÆ

Дыццæджы уыд Хицауады æмбырд. Боны фæткы фарстатæй иу уыд Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн куыстмыздтæ сфидар кæныны тыххæй Уынаффæйы проект.

Ацы проекты фæдыл раныхас кодта мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан æмæ бамбарын кодта Уынаффæйы райсты æнæмæнгхъæуындзинад.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2023 азы 21 февралы къухтæ æрфыстæуыд 2023-2025 азтæн РХИ-йы Мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгад этапгай бæрзонд кæныны фæдыл хæрдзты æмфинанскæнынады, кусджыты мыздтæ æмæ социалон гарантиты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ’хсæн Сразыдзинады пролонгацийы суагъæйыл.

Къухыбафтгæ бадзырдты реализацийы æмæ республикæйы мидхъуыддæгты органты архайд фæхуыздæр кæныны, штатон график æмæ мыздтæ суагъæмæ гæсгæ саразыны нысанæн арæзт æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ службæгæнджыты куыстмыздтæ снысан кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæйы проект.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн проект нымад æрцыд хорзыл.

СФИДАР КОДТОЙ ТАРИФТÆ

Республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Автомобилон транспорты управлени — Хуссар Ирыстон»-ы автотранспортыл горæтон, горæтгæрон æмæ æхсæнгорæтон маршруттыл æдзухæй бæлццæттæ æмæ багаж ласыны тыххæй тарифтæ сфидар кæныны тыххæй фарсты фæдыл доклад сарæзта экономикæйы рæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ банысан кодта тарифтæ сфидар кæныны ахсджиагдзинад.

«Горæтон, горæтгæрон æмæ æхсæнгорæтон маршруттыл æдзухæй бæлццæттæ æмæ багаж ласыны фадыджы тарифтæ фæстаг хатт 2019 азы кæй сфидар кодтой, уый тыххæй актуалон æргътæ бахынцгæйæ, ногæй нымад æрцыдысты. Ацы тарифты сфидар кæнын фæахъаз уыдзæн Автомобилон транспорты управленийæн æмæ æнæкъуылымпыйæ йæ куыст кæндзæн, æвæстиатæй ласдзæн бæлццæтты дæр æмæ уæзты дæр æмбæлон маршруттыл», — банысан кодта министр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы Уынаффæмæ гæсгæ, автотранспортыл цæрджыты æмæ багаж ласыны æргътæ нæ фæивдзысты, куыд уыдысты, афтæмæй баззайдзысты.

Тарифтæ фидар æрцыдысты хъæлæсæппæрстæй.

ДЫУУÆ КУЫСТУАТЫ РАЙСДЗЫСТЫ СУБСИДИТÆ

Министрты кабинет хорзыл банымадта «Автомобилон транспорты управлени — Хуссар Ирыстон»-æн субсиди радтыны фарст дæр, куыстуат дæгъвæтин рæстæг фæрæзтæй хъуаг кæй æййафы, уый тыххæй.

Фарсты фæдыл раныхас кодта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Тедеты Руслан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Автомобилон транспорты управлени — Хуссар Ирыстон»-æн субсидитæ лæвæрд цæуынц цæрджытæн паддзахадон æххуысы мадзæлтты реализацийы фæлгæтты, æнцонвадат транспортон лæггæдтæй сæ ифтонг кæныны нысанæн, автотранспортыл горæтон, горæтгæрон æмæ æхсæнгорæтон маршруттыл æдзухæй бæлццæттæ æмæ багаж ласыны тыххæй тарифтæ æмæ æргъты паддзахадон уагмæ æркæнгæйæ.

Субсидитæ сын дæттынц, сæ хæрдзтæ æмæ цы æфтиаг нæ райстой, уый баххæст кæныны нысанæн.

Министрты кабинет сфидар кодта «Электроны хызæгтæм технологион баиуы тыххæй 2021 азы 25 ноябры Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци сæ къухтæ цы Бадзырдыл æрфыстой, уымæ гæсгæ, Ручъы тъунелы цæгат порталæй (Уæрæсейы Федераци) хуссар порталмæ (Хуссар Ирыстон) тъунелыл бæрзондвольтон кабелы рауагъдимæ баст хæрдзтæ баххæст кæныны нысанæн, 2023 азы Энергетикон комплекс „Энергоресурс — Хуссар Ирыстон“-ы управленийæн паддзахадон бюджетæй субсидитæ рахицæн кæныны фæтк сфидар кæныны тыххæй» Уынаффæйы проект дæр.

ХИЦАУАДЫ ФÆСАУÆРЦЫ ФОНДÆЙ СЫН РАХИЦÆН КОДТОЙ ФÆРÆЗТÆ

Хуссар Ирыстоны министрты кабинет аскъуыддзаг кодтой Экономикон рæзты министрадæн Хицауады фæауæрцы фондæй æртæ милуан сомы рахицæн кæнын, горæт Минводы инвестицион равдысты хайад райсыны нысанæн.

Уыцы равдысты хайад райсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæ, дискусситæ дзы уадздзысты ног товарон-логистикон цæг саразыны æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон инфраструктурæйы рæзтмæ фыдыбæстæйон æмæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбахоныны тыххæй.

Фарсты тыххæй дзырдта республикæйы финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.

«Æхцайы фæрæзтæ хъæуынц 3 — 4 майы горæт Минводы Кавказаг инвестицион равдысты хайад райсыны æмæ „МинводыЭКСПО“-йы фæзуатыл нæ республикæйы инвестицион фадæтты презентацийы тыххæй», — радзырдта Цæрикъаты Хъазбег.

Хицауады Сæрдары хæдивæг — экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы базары цæмæй нæ амалиуæггæнджытæ сæ продукци равдисой, уый тыххæй сын уый у ноджы иу фæзуат.

Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй Экономикæйы министрад кусы туристон кластеры фæдыл дыууæ презентацион æрмæг рауадзыныл. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма иунæг хуссарирыстойнаг амалиуæггæнæг дæр нæ бацымыдис кодта ацы хъуыддагмæ, æмæ ацы равдысты хайад райсыны тыххæй йæ фæндон нæ загъта.

«Мах информацион фæрæзты руаджы фехъусын кодтам, кæй фæнд кæнæм республикæйы фадæттæ равдисын. Фехъусын кодтам, цæмæй амалиуæггæнджытæн сæ бон бауа ацы равдысты сæ рауадзгæ продукци равдисын. О, фæлæ абоны онг дæр нырма иунæг куырдиат дæр нæ райстам. Ацы равдыст нæ амалиуæггæнджытæн у лæвар, уымæн æмæ хæрдзты Хицауад фиды. Цæмæй сæ продукци уæрæсейаг базармæ бахауа, уый тыххæй сын ацы равдыст у хорз рекламæ æмæ фадат.

Ис нæм дыууæ куыстуаты продукци — сæнгуыст „Иронсан“, æмæ ацы бонты бæгæныфыцæн завод сæрмагондæй ацы мадзалмæ цы продукци уадзы, уый. Равдыстмæ ма бахаудзысты цалдæр сæрмагонд хæдзарадты рауадзгæ продукцитæ дæр.

Туризмы фæдыл презентацион æрмæгыл куы дзурæм, уæд уый кæронмæ куыстгонд у. Уый ахæм ахсджиаг платформæ у, цыранмæ нæ æрвылаз дæр хондзысты.

Хицауад æппæт дæр аразы, цæмæй бынæттон продукци æрвыст цæуа фæсарæнтæм, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацимæ дæр», — банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.